Адæм уындæй æмæ удыхъæдæй куыд хицæнтæ сты, сæ хъысмæт дæр афтæ алыхуызон у. Иутæм цард йæ мидбылты бахуды, иннæтæн та фыдæвзарæнтæ æййафын кæны. Хъысмæты æппæт хъизæмæрттæ бавзæрстой хæсты сывæллæттæ. Уыдонæй у елхотаг Бохаты Бугкайы фырт Юри дæр.
Æрæджы фæллойы ветеран сбæрæг кодта йæ 85 азы юбилей. Тынг бузныгæй баззад хиуæттæй, районы разамындæй, æхсæнадон организацитæй, хæлæрттæй, зонгæтæй сæ æрхъуыдыдзинадæй.
85 азы... Кинонывау Юрийæн йæ цæстытыл ауайы йæ цардвæндаг. Нæ дзы рох кæнынц, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг хистæртимæ иумæ сабитæ цы зындзинæдтæ æвзæрстой, уыдон.