Новости

ХÆСТЫ СЫВÆЛЛÆТТЫ ФЫДБОНТÆ

001Адæм уындæй æмæ удыхъæдæй куыд хицæнтæ сты, сæ хъысмæт дæр афтæ алыхуызон у. Иутæм цард йæ мидбылты бахуды, иннæтæн та фыдæвзарæнтæ æййафын кæны. Хъысмæты æппæт хъизæмæрттæ бавзæрстой хæсты сывæллæттæ. Уыдонæй у елхотаг Бохаты Бугкайы фырт Юри дæр.

Æрæджы фæллойы ветеран сбæрæг кодта йæ 85 азы юбилей. Тынг бузныгæй баззад хиуæттæй, районы разамындæй, æхсæнадон организацитæй, хæлæрттæй, зонгæтæй сæ æрхъуыдыдзинадæй.

85 азы... Кинонывау Юрийæн йæ цæстытыл ауайы йæ цардвæндаг. Нæ дзы рох кæнынц, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг хистæртимæ иумæ сабитæ цы зындзинæдтæ æвзæрстой, уыдон.

Йæ фыд Бугкайæн йæ фыццаг бинойнаг куы фæзиан, уæд йе 'вджид баззад сæ лæппу Зауырбег. Æнцон нæ уыд æнæ сылгоймагæй уый хъомыл кæнын, æмæ йæ амонд баиу кодта заманхъуйлаг чызг Сатцаты Надяимæ. Хи хъæбулау бауарзта сидзæр лæппуйы Надя. Нæ йæ хъулон кодта, йæхицæн цот куы рацыди, уæд дæр.

Бугка хæсты размæ куыста бæхтыл. Бричкæйæ колхозонтæн быдырмæ ласта дон, трактортæн та — артаг. Иу бон йемæ акодта йæ фырт Юрийы дæр. Цыдаид ыл 4-5 азы. Хуымгондыл куыд фæцæйцыдысты, афтæ бричкæ фесхъиудта, æмæ сывæллон уырдыгæй рахаудис. Удаист фæцис йæ фыд! Уæдæй фæстæмæ йæ никуыуал бауагъта йемæ рацæуын. Тарстис, исты фыдбылыз ыл куы 'рцæуа, уымæй.

Фæлæ цæмæй зыдта, цы æнхъæлмæ кæсы советон адæммæ, немыцаг «сау халон» нæм йæ маргæйдзаг дзæмбытæй кæй æрбавналдзæн, нæ бæстæ зындон кæй фестдзæн, æмæ æнахъом сабитæ дæр фыдбонтæ кæй æвзардзысты, царды уæз се 'взонг уæхсчытыл кæй æрæнцайдзæн.

Фæцыдис лæгæвзарæн тохмæ йе 'мхъæуккæгтимæ иумæ Бохаты Бугка. Йæ цыппар æнахъом сабийы — Зауырбег, Юри, Зæирæ æмæ Барисы — ныууагъта сæ мады ’вджид.

— Знаг бырста размæ, — мысы Юри. — Сæ хæдтæхджытæ дæр зилдух кодтой Елхоты сæр-мæ. Нæ цæхæрадоны нын цы акъопп уыд, уым æмбæхстыстæм. Иу бон немыцаг «рамæйы» хъæрмæ мæ сæр сдардтон æмæ федтон, бомбæтæ барæн гиритау куыд згъæлдысты, уый.

Немыц Елхотмæ куы ’рбацæйхæццæ кодтой, уæд цæрджытæй чи кæдæм лыгъди, чи кæдæм. Мах дæр нæ сæр нæ кой акодтам Терчы галиу фарс Дæхцыхъойы коммæ. Немæ ма уыдис нæ фыды æфсымæры ус йæ фыртимæ. Фыццаг æхсæв ныл къутæрты бын уазал æртæх æрбадт, афтæмæй ныл сбон ис. Стæй уæд сыджыткъæсы хуызæн цыдæр бынат скодтой нæ мадæлтæ.

Цы хордтаиккам, уый дæр нæ уыд. Цасы фаг систы, немæ цы муртæ ахастам, уыдон дæр, æмæ-иу сылгоймæгтæ тæрсгæ-ризгæйæ, сæ уд сæ къухты хастой, афтæмæй Николаевскийы быдырмæ ацыдысты салд картоф æмбырд кæнынмæ. Цы адджынæн сæ хордтам!

— Хъæдæй ралыгъдыстæм Змейкæмæ, — кæны йæ ныхас дарддæр Юри. — Æрцардыстæм Цæрæгтæм. Хъæдын хæдзар сын уыд, æмæ-иу немыцаг хæдтæхджытæн сæ «æхситт» куы ссыд, уæд-иу хæдзар йæ бынаты базмæлыд. Куы ныккæла, уымæй тæрсгæйæ-иу сынтæджы бын бамбæхстæн. Уæд мæм мæ саби зондæй афтæ касти, цыма уыцы бынат «хъарсы фидар» уыдис. Нæ хæцæг æфсад немыцы Ирыстонæй куы фæсырдтой, уæд нæхимæ раздæхтыстæм. Нæ хъæу цы пырхытæй æрбаййæфтам, уый уыдис диссаг! Цæрджытæ сæ хæстонты тыххæй истой сау гæххæттытæ. Иу ахæм гæххæтт райста нæ мад дæр. Фыст дзы уыдис, Бохаты Бугка кæй амард Тулæйы æфсæддон госпиталы 1943 азы 6 февралы æмæ ныгæд æрцыд ацы горæты уæлмæрдты. Хорз ма йæ хъуыды кæнын, уыцы æвирхъау цау фехъусгæйæ нæм сыхæгтæ тæфæрфæс кæнынмæ куыд цыдысты, уый. Æз, фарастаздзыд лæппу, лæууыдтæн нæ дуармæ æмæ кæугæйæ ме ’мбæлттæн дзырдтон, мæ фыд хæсты кæй фæмард. Мæ зонд æй дзæбæх нæма карста, куыд зын нын уыдзæн æнæ фыдæй, уый. Бонтæ ныл адаргъ сты. Уыдыстæм кæм æфсæст, кæм æххормаг. Нæ мадмæ-иу искæцæй цъата куы 'рбахаудис, уæд-иу нын дзы лебæдаимæ гуылтæ скодта, æмæ сæ адджынæн хордтам. Хæст чи нæ федта, уый мæ нæ бамбардзæн. Макуыуал æй мачи бавзарæд. Хуыцау нæ бахизæд ахæм фыдцаутæй.

Кæд цыфæнды зын цард кодтой, уæддæр Надя йæ цоты нæ бауагъта царды фæцудын. Разæнгард сæ кодта ахуырмæ. Юри 1952 азы дæс къласы каст куы фæцис, уæд иу афæдз бакуыста хъалагъурæй скъолайы, стæй йæм фæсидтысты æфсады рæнхъытæм. Йæ æфсæддон хæс æххæст кодта Новороссийскы, денджызон флоты. Нæ фæчъизи кодта йæ фыды ном. Ууыл та дзурæг у, 1956 азы йæ мадмæ æфсæддон хайæ цы арфæйы фыстæг ссыди, уый:

«Уважаемая

Бохова Надежда Базаевна!

Командование в/части 49323 совместно с комсомольской организацией, в которой состоит Ваш сын, выражают Вам благодарность за воспитание сына в духе Советского патриотизма и любви к своей Родине.

За время службы в рядах ВМС Ваш сын показал образец честного, добросовестного отношения к своим служебным обязанностям, являясь отличником боевой и политической подготовки.

Командование и комсомольская организация части выражают уверенность в том, что Ваш сын и впредь будет служить образцом честного служения Родине, в чем и Ваша большая заслуга.

Желаем Вам, Надежда Базаевна, доброго здоровья и многих лет жизни на радость и счастье Вашим детям».

Канд ацы фыстæг нæ хъахъхъæны ацалауал азы цæсты гагуыйау Юри, фæлæ ма йæ фæскомцæдисон æмæ партион билеттæ дæр. Зынаргъ ын сты, уымæн æмæ семæ баст сты йе 'рыгон бонтæ.

Æфсады фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Минводы цыппæрæм техникон училищемæ. Ам дæр та йæхи æвдыста дæсны ахуырдзауæй. Каст æй фæцис иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ. Уый тыххæй йын 1959 азы директоры номæй лæвæрд æрцыд Кады гæххæтт. Фæстæдæр та фæсаууонмæ сахуыр кодта хъæууонхæдзарадон институты экономикон факультеты.

Йæ дæргъвæтин фæллойадон фæндагыл æм Кады гæххæттытæ, юбилейон майдантæ иу æмæ дыууæ нæй, уымæн æмæ куыста разæнгардæй, йæ удæй арт уадзгæйæ. Чысыл не сты, йæ æрмдзæф цы куыстуæтты ис, уыдон: Елхоты æфсæнвæндаджы станцæ, консервгæнæн завод, элеватор, машинæ-нымайæн станцæ (ЦСУ), хъæууонхæдзарадон управленийы сæйраг экономист, колхоз «Кавказ»-ы сæйраг бухгалтер, банчы хицау... Алы ран дæр фæллой кодта кад æмæ радæй. Уыд активон æхсæнадон архайæг.

Алцыдæр бæргæ хорз уыд, фæлæ йын æнцой нæ лæвæрдта, йæ фыды ингæн бабæрæг кæнын йæ къухы кæй нæ æфтыд, уый. Æрмæстдæр уæд сулæфыд йæ риуы дзаг, йæ бинойнаг Раяимæ куы фæцыдысты Тулæмæ. Семæ аластой, ирон æгъдаумæ гæсгæ хæлар кæнынмæ цы 'мбæлы, уыдæттæ. Тынг сыл бацин кодтой ветеранты Советы. Йæ сæрдарæн йæхицæн фадат нæ уыдис семæ ацæуынæн, фæлæ сæ бабар кодта таксийы шофырæн. Уый сæ фæласта уæлмæрдтæм. Юри йæ фыды ингæны раз цæссыг калгæ куы лæууыд, уæд æм цы зæрдæйы уаг уыдис, уый зын бамбарæн нæу. Рухсаг ын загътой, стæй сæ шофыр сæхимæ раласта. Уыдонмæ бахсæвиуат кодтой. Фысымты уазæгуарзондзинадæй разыйæ баззадысты Юри æмæ Рая.

Бæргæ ма ацæуид Уæлахизы бонмæ йæ фыды ингæнмæ, фæлæ йе 'нæниздзинад фæцудыдта. Нæ йæ уадзынц йæхимæ хъусын йæ бинойнаг, йæ цот, йе 'фсымæр Барисы (рухсаг уæд) лæппутæ Чермен æмæ Батрадз, уыдоны мад Рая. Раяйы Юри «мæ хъæбатыр чындз» хоны. Чермены цыппараздзыд чызг Эмилия та у се 'ппæты зæрдæлæууæн. Ницæмæй сæ хъаст кæны хæсты саби Бохаты Юри. Сты йын стыр ныфсы хос. Амондджынæй, æнæнизæй, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут, Бохаты бинонтæ!


 

Тылаттаты Светланæ.