Уыдис Фыдыбæстæйы Стыр хæст… Лæгæвзарæн хæст райдыдта… Арвæй ласта тохы фыццаг гæрах. Арвынæрдау сау хабар ахæлиу хæхты æмæ быдырты.
Нæ хъæуæй хæстмæ ацыдис 125 адæймаджы. Карз тохæй ма сæ райгуырæн хъæумæ сыздæхтысты 53 хæстоны. Хъыгагæн, уыдонæй нæ астæу иу дæр нал ис. Фæлæ куыд нæ сты æрхъуыдыйаг Хабæты Мулдар, Дзуццаты Бечыр, Джыбылаты Никъала, Мыкагъаты Георги, Æлбораты Батырбег, Джыбылаты Созырыхъо, Гайты Гаспар, Баймæтаты Сергей, Мæргъиты Сакри, Рæмонаты Маир, Хъантемыраты Мырзæ, Цыбырты Исмел, Гайты Федыр, Гайты Платон, Дудайты Граф, знаджы амæттаг чи фæцис, уыцы ахуыргæнæг Баймæтаты Аннæ æмæ иннæ хъæбатыртæ. Аннæ фашисттимæ кусыныл куы нæ сразы, уæд æй райстой уацары æмæ йæ амардтой.
Нæ хъæуæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдоны номыл скъолайы кæрты æвæрд ис цыртдзæвæн.
Адæм уындæй æмæ удыхъæдæй куыд хицæнтæ сты, сæ хъысмæт дæр афтæ алыхуызон у. Иутæм цард йæ мидбылты бахуды, иннæтæн та фыдæвзарæнтæ æййафын кæны. Хъысмæты æппæт хъизæмæрттæ бавзæрстой хæсты сывæллæттæ. Уыдонæй у елхотаг Бохаты Бугкайы фырт Юри дæр.