ИРАН
Уыдис Фыдыбæстæйы Стыр хæст… Лæгæвзарæн хæст райдыдта… Арвæй ласта тохы фыццаг гæрах. Арвынæрдау сау хабар ахæлиу хæхты æмæ быдырты.
Нæ хъæуæй хæстмæ ацыдис 125 адæймаджы. Карз тохæй ма сæ райгуырæн хъæумæ сыздæхтысты 53 хæстоны. Хъыгагæн, уыдонæй нæ астæу иу дæр нал ис. Фæлæ куыд нæ сты æрхъуыдыйаг Хабæты Мулдар, Дзуццаты Бечыр, Джыбылаты Никъала, Мыкагъаты Георги, Æлбораты Батырбег, Джыбылаты Созырыхъо, Гайты Гаспар, Баймæтаты Сергей, Мæргъиты Сакри, Рæмонаты Маир, Хъантемыраты Мырзæ, Цыбырты Исмел, Гайты Федыр, Гайты Платон, Дудайты Граф, знаджы амæттаг чи фæцис, уыцы ахуыргæнæг Баймæтаты Аннæ æмæ иннæ хъæбатыртæ. Аннæ фашисттимæ кусыныл куы нæ сразы, уæд æй райстой уацары æмæ йæ амардтой.
Нæ хъæуæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдоны номыл скъолайы кæрты æвæрд ис цыртдзæвæн.
Стыр Уæлахизы бæрæгбоны фæдыл æгæрон арфæтæ кæнын хæсты æппæт ветерантæн!
Зынаргъ æмзæххонтæ! Ныр 74 хатт бæрæг кæнæм не 'ппæт дæр Уæлахизы бон Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, кæцыйы азты советон хæстонтæ, фæс-чъылдымы фæллойгæнджытæ, æппæт бирæнацион адæм равдыстой, æмбал кæмæн нæй, ахæм фидардзинад, ныффæрæзтой æмæ фæуæлахиз сты, фидæны фæлтæртæн сæрибарад æмæ хæдбардзинад, сыгъдæг арвы бын цæрыны, кусыны æмæ сабитæ хъомыл кæныны фадат бахъахъхъæнгæйæ. Нымæцæй чысыл Ираны хъæу дæр аккаг бавæрæн бахаста иумæйаг Уæлахизмæ. Уыцы сгуыхтдзинад никуы ферох уыдзæн!
Æппæт ветерантæн дæр мæ зæрдæ зæгъы сабырдзинад æмæ фæрныг цард!
ПЛИТЫ Вадим,
Ираны хъæуы сæргълæууæг.