Фæллойы ветеран Парсиаты-Дзгойты Астемыры чызг Екатеринæ, хуымæтæг номæй Катя, 1957 азы каст фæци медицинон училище æмæ уæд хъуыды дæр нæ акодта, искуы йæ йæ дæсныйад ивын бахъæудзæн, ууыл. Фæлæ нæ хъысмæт не Сфæлдисæджы къухы ис.
Йæ фæллойадон фæндаг райдыдта Горловкæйы шахтæйы медицинон хойæ. Стæй йæ 1961 азы арвыстой кусынмæ, Калиновкæйы, уый дæр Украинæйы, ахст адæмы фæллойы фæрцы сраст кæныны цы колоннæ уыдис, уырдæм.