Новости

Арфæ уын кæнын ахуыргæнæджы Дунеон боны фæдыл! Махæй алкæмæн дæр йæ царды уыд, йæ зæрдæйы рæбын цæрæнбонтæм скъолайæ цы сæйраг адæймаг баззад, уыцы ахуыргæнæг. Уый нæ канд грамматикæйы æмæ математикон нымæцты бындуртыл нæ ахуыр кодта, фæлæ рæстзæрдæ, æргом, рæстзонд уæвыныл, цæмæй царды цæлхдурты сæрты ахизын фæразæм. Æнæниз, амондджын, хъæлдзæгдзинæдтæй хайджын ут, æнтыстдзинæдтæ уæ къухты æфтæнт!


УАНИТЫ Хъазыбег, Ставд-Дурты хъæуы сæргълæууæг.

Ахуыргæнæджы Дунеон боны фæдыл зæрдæбын арфæ кæнын нæ районы æппæт ахуыргæнджытæн! Ахуыргæнæджы фæрцы скъоладзауæй рауайы зонаг, хъомыл гражданин, йæ республикæйы æмæ бæстæйы æцæг патриот. Бузныг уын уæ курдиаты, уæ зонды, уæ уæлмонц куысты, уæ дæсныйадыл æнувыддзинады тыххæй! Уыцы дæсныйад та у кадджын, кæнынц ын стыр аргъ. Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, фæрнæйдзаг цард, дарддæры профессионалон уæлахизтæ! Уæ алы кусгæ бон дæр уæ хъарм кæнæд, бузныг уæ чи у, уыцы       ахуырдзауты зæрдиаг худтæй!


ПЛИТЫ Вадим, Ираны хъæуы сæргълæууæг.

Зæрдиаг арфæтæ кæнын Комсомольскы астæуккаг скъолайы ныры æмæ раздæры ахуыргæнджытæн сæ профессионалон бæрæгбонимæ!Ныллæг уын кувын уæ æнæкæрон фыдæбонæн, уымæн æмæ нæ алкæйы дæр царды размæ кодтат, уæ зонындзинæдтæ, сæйрагдæр та уæ зæрдæйы хъарм, нæ æвгъау кæнгæйæ. Нæ абоны æнтыстдзинæдтæн сымах сæвæрдтат фидар бындур, æмæ уын стыр бузныг!Æнæнизæй, амондджынæй, зæрдæрухсæй нын бирæ азты фæцæрут! Уæ хъомылгæнинæгтæй сæрыстыр ут, уыдон та уын уæ зын куыстæн аргъ кæнын куыд зоной! Дзæбæх бæрæгбæттæ уыл цæуæнт!


АВЛОХТЫ В., Комсомольскы хъæуы сæргълæууæг.

Примите самые теплые поздравления с вашим профессиональным праздником!В этот день мы со словами признательности обращаемся к людям, выбравшим благородную профессию педагога. У каждого из нас в жизни есть свой учитель — тот, кто мудростью, душевной щедростью, глубокими знаниями помог познать мир, научил строить будущее. Вы — главное богатство образовательной системы.