Хъуамæ нæм уа иудзинад
Ирæн фыдæлтæй бирæ алыхуызон æгъдæуттæ баззад. Иутæ дзы ферох сты, цард сæ йæхæдæг аппæрста. Бирæтæ дзы цæстыгагуыйау хъахъхъæнинаг сты, ногæй сæм раздæхын хъæуы — нæ рæзгæ фæсивæдмæ цæмæй æфсарм, намыс æмæ лæгдзинад уа, уымæн стыр ахъаз сты.
«Хистæр кæстæрæн фæндагамонæг у, фæлтæр фæлтæрæн йæ фарн ныууадзы, æмæ йыл стырзæрдæ чи у, куыдфæндыйы цæстæй йæм чи кæсы, уымæн нæй зæд дæр æмæ дуаг дæр, нæй йын фидæн, уый фыдвæд фæуыдзæн», — фыста йæ уацтæй иуы Цæгат Ирыстоны адæмон поэт Хъодзаты Æхсар.
Æгъдау… Ацы дзырдæй фылдæр, æвæццæгæн, адæймаджы цæсты ницы ахады, уымæн æмæ ирон лæджы цард æмæ хъуыддæгтæ арæзт уыдысты æмæ хъуамæ уой бæлвырд æгъдæуттæм гæсгæ. Раст зæгъгæйæ та, адæймаджы цард лæууы фидар æгъдауыл.
Незамантæй нырмæ нæ ирон царды бындур уыдысты Ирон Æгъдау æмæ Адæмы Фарн. Æнæ уыдонæй ирондзинадæн уæвæн нæй, нæй сын фидæн. Æнæ уыдонæй ирон адæм цæуынц сæфтмæ. Цæвиттон, æнæуаг ныхас æмæ æнæгъдау митæ худинаг кæмæ нал кæсынц, ахæмтæ нæ кæнынц æгад. Уыдон зонгæ-нæзонгæйæ халынц нæ фыдæлтыккон царды алæмæты Æгъдау.
Мах нæ абоны æцæгдзинады æвдисæн стæм уымæн, цæстмæ митæ, бирæ мулк, æдзæстуарзондзинад кæй систы лæггæнæг, иуæй-иутæн та — æгъдаубарæн. Карз нозт æмæ нæ хъылма цъæлгæнгæ, кафгæ-заргæ сæрсæфæнмæ тæрынц. Чидæртæ уый нал æмбарынц æмæ хъæбæр нозт донау нуазынц. Хъыгагæн, уымæн ахъаз сты нæ адæмы иуæй-иу хистæртæ, карджын уæвгæйæ Æгъдау чи нæ зоны, афтæмæй кæстæрты рæдыд фæндагыл чи аразы.
Фыдæлтæй нын баззад хистæрæн аргъ кæнын, кæдфæнды дæр ын йæ ныхасмæ лæмбынæг хъусын, нæ лæггадæй йæ хайджын кæнын. Уыцы миниуджытæ махæн сæфт хъуамæ макуы уой.
Раздæр заман ирон адæммæ стыр худинагыл нымад уыдис циндзинадмæ кæнæ зианы кæндмæ хæддзуйæ (æнæ хонæгæй) цæуын. Уыцы хъуыддагæй адæймаг йæхи æвæры аслам бынаты. Иугæр хуынд æрцыдтæ, уæд та фынджы бадты ирон лæгæн йæхи куыдфæндыйæ дарæн нæй.
Рох нæ макуы уæд, нæ фидæн кæстæртæ кæй сты, уый. Уыдоны хъомылады хистæртæ хъуамæ ма рох кæной сæ хæстæ. Дæнцæгæн зæгъæм, дæ кæстæртæм æрбацыдысты се 'мгæрттæ. Хæдзары хистæры хæс у уыдонимæ иучысыл аныхас кæнын, бафæрсын сæ сæ хъуыддæгтæй, бинонты æнæниздзинад æмæ цардæй. Уый фæстæ сæ бауадз сæхи бар — æмбаргæ æмæ хæдæфсарм кæстæртæм æнæуæвгæ нæй сæхи ныхæстæ, уынаффæтæ. Хъыгагæн, абоны царды уыцы æгъдау бирæ хистæртæй рох кæны — баддзæн семæ, цалынмæ дзы лидзæг фæуой, уæдмæ.
Иугæр хистæр-кæстæры ахастдзинæдты кой скодтон, уæд ма мæ зæгъын фæнды иу æнæуаг мийы тыххæй. Цæвиттон, фæстаг рæстæг иуæй-иу ацæргæ лæгтæ сæ дæлейы рабадын кæнынц сæ цоты кæнæ цоты цоты карæнты. Куы аназы ахæм хистæр, уæд йæ дзыхæн уаг нал фæзоны, фæсивæдæн тыхæй фæнуазын кæны карз нозт, бауырдыг сæм вæййы, æз хистæр куы дæн, уæд мæм цæуылнæ хъусут, зæгъгæ. Ахæм «хистæр» нæ фембары, уыцы митæй йæхи æгад кæй кæны, кæстæрты та халгæ. Мæнмæ гæсгæ, алы æмвæзады Ныхастæм æвзæрст куырыхон хистæрты ахъуыды кæнын хъæуы, цæмæй нæ фынджы æгъдæутты ахæм къуыдиппытæ сæ халæн митæ ма кæной.
Цард цæуы æмæ йемæ ивддзинæдтæ хæссы. Уымæй пайда кæнынц иуæй-иу æвæлмонæй цæлуарзджытæ æмæ тонагæнджытæ. Хæссынц нæ алæмæты æгъдæуттæм ног æрхъуыдыгонд ивддзинæдтæ. Зæгъæм, дыууæ æрыгон адæймаджы æрфæндыд сæ цард баиу кæнын. Уайтагъд сарæх вæййынц «хæрзгæнджытæ», кæцытæ чызджы æмæ лæппуйы бинонты цур æрæвæрынц домæнтæ, дыууæрдæм æрвитынц номхыгъдтæ, кæмæн цавæр лæвæрттæ хъуамæ сæвæрой хуыны, уыдæттимæ. Æмæ кæд нæ царды фыдæлтыккон ирæд нал ис, уæд нырыккон «зæрдæлхæнæнтæ» уымæй асламдæр нæ рауайынц. Æмæ, цымæ, абоны зынвадат царды æрыгон бинонтæ куыд кæндзысты чындзæхсæвы фæстæ. Афтæ нæм нæ кæсы, уæлдæр загъд «æгъдауы» аххосæй нæ лæппу фæсивæд къайад нал кæнынц, нæ чызджытæ та моймæ нал цæуынц. Цæуылнæ ныууадзæм уыцы лæвæртты рахæсс-бахæсс, нæ кæстæрты фидæны цардæн цæлхдуртæ цæмæн æвæрæм?
Ныууадзинаг митæ ис нæ зианты кæндты дæр. Сæ иу — мæрдæхсæвæр. Мард ма уæлæуыл вæййы, бинонтæ сæ цæссыгæй сæхи æхсынц, афтæмæй гуыбындзæлтæ фынгтæ дæргъæй дæргъмæ æрæвæрынц, мардæн йæ фæстаг æхсæвæр кæнæм, зæгъгæ. Уæд уый куыд раст у? Афтæ кæй не 'мбæлы, ууыл нæ хъæуы басæттын æмæ йæ мауал кæнæм. Фидар чи хæцы уыцы аппаринаг хъуыддæгтыл, уыдоны иу бафæрсæг нæй, æгъдау æнæгъдау цæмæн кæнут, зæгъгæ. «Макæ» зæгъын хатт канд кæстæртæн нæ, фæлæ иуæй-иу хистæртæн дæр бахъæуы.
Фæстаг рæстæг хистытæ æгæр арæх кæнын кæй байдыдтам, уый бирæты зæрдæмæ нæ цæуы. Алчидæр нæ хорз æмбары, мард хæргæ кæй нал кæны, уый. Уæддæр кæндтытæ къаддæр нæ кæнынц. Уый та пайда у æвæлмонæй цæлуарзджытæн. Уыдонæй фехъусæн ис ахæм ныхæстæ: «Мæрдджын ницы хардз кæны, адæмы фæллой сты фынгтыл».
О, ирон адæммæ ис уыцы хорз æгъдау — зианджын бинонты фарсмæ балæууын, сæ зындзинад сын фæрогдæр кæнын, дæ фæллойæ сын сабæттаг раттын. Æмæ йын сæ уæд хъуамæ йæ хъуырæй фæстæмæ сласæм?
Цы алæмæты æгъдæуттæ нæм ис, уыдон нын ничи байсдзæн. Æцæг сæм, цардæн цæлхдур чи у, ахæмтæ мауал хæссæм. Фыдæлты Æгъдауыл цæугæйæ, кæрæдзи хуыздæр æмбардзыстæм æмæ нæм уæд, гуырысхойаг нæу, иудзинад тыхджындæр кæндзæн.
Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас» тох кæны ууыл, цæмæй ирондзинад фидардæр кæна, куыд адæмыхатт, афтæ нæхи хуыздæр банкъарæм. Уый тыххæй бирæ æрмæг мыхуыргонд цæуы «Рæстдзинад»-ы, «Стыр Ныхас»-ы, «Дигорæ»-йы, районты газетты, арæх дзурæм алыхуызон æмбырдты. Хъыгагæн, зæрдæйы фæндиаг ивддзинæдтæ хуыздæрырдæм нырма нæма цæуы нæ æрвылбоны царды. Фæлæ нæ къухтæ сисæм, нæхи састы бынаты ныууадзæм — ахæм зонд нæй «Иры Стыр Ныхас»-ы разамынд æмæ йæ æгъдæутты комитеты уæнгтæм. Ирон адæмы æнæрадон фарæстæм съезды уынаффæтæ царды рауадзыныл кусдзыстæм æмдыхæй бынæттон Ныхастимæ иумæ.
МОРГУАТЫ Эдислав,
«Иры Стыр Ныхас»-ы æгъдæутты комитеты сæрдар.