Мыггаджы тыххæй…
Алы адæймаг дæр йæ мыггагæй хорз фæзæгъы. Стыр у Дзуццаты хæдзарвæндаг, уæздан адæм нæм бирæ ис, зындгонд лæгтæ дæр — афтæ. Дæхи сæ бацамон, æмæ дæ фæндаг — конд, дæ хъуыддаг — арæзт. Сæ миниуджытæ — фыдæлтæй рахæсгæ хорздзинæдтæ. Бынтæ ссаргæйæ дæр сты, фæлæ дæхицæн ном скæнынæн бирæ фыдæбон хъæуы.
Хъæдгæроны Дзуццаты кой, иу авд азы мыл цыдис, мæ хъустыл уæд æрцыд. Фарныхъæуы кæм цардтæн, уым Терчы сæрты ахиз — æмæ Беслæны базар. Хуыцаубоны-иу ам адæмæй анкъуысæн нæ уыд. Гуырдзы, цæцæн, мæхъхъæл, кæсæг-иу уæймæ бирæ фæллой æрбаластой.
Хъæдгæроны Дзуццатæн сабатæй хуыцаубонмæ мах сæ фысым уыдыстæм. Уазджытимæ-иу нæ фыдыфыдæн цы ныхас рауад, уый нал хъуыды кæнын, фæлæ-иу нæ кæрты сæ бæхтæ куыд суагътой, уый мæ цæстытыл арæх ауайы. Иу хатт мын рæсугъд дзыппыдаргæ фонар радтой. Цæргæбонты мын цыма мæ фæндаг рухсгæнæгæй басгуыхтис, афтæ мæм фæкæсы.
Дзигойы æмæ уымæй размæ фæлтæрæй уыдысты Ганте, Хæчъа, Къуыдыр, Гриса, Афæхъо, Дзакко, Хасæхъо, Микъала. Ирон адæммæ бирæ хорз æгъдæуттæ ис. Иу дзы у кад кæнын хистæртæн. Ацы лæгтæ сæ кармæ кæстæрты буцдзинæдтæй фæцардысты. Сæ фæстæ хъæубæстæн нæ мыггагæй лæггадгæнджытæй басгуыхтысты Гаврил, Горги, Таймураз, Хыббыртт, Харитон æмæ иннæтæ. Нæ мыггагæй Хъæдгæроны абон рæгъæд балы хуызæн æххæст фæсивæд ис.
Нæ мыггаджы абоны хистæртæй иу — Ким — ныртæккæ Хъæдгæроны цæры. Шофыр уыдис, Дзæуджыхъæуы «Таксомоторы» бакуыста. Рог автомашинæтæй дугъы уайынмæ йæ Ирыстоны ничи æмбылдта. Иугæр «Волга»-йы рохтыл æрхæцæд, æндæр-иу æй уромæг уромын нал фæрæзта. Раздæры Советон Цæдисы чемпион дæр ссис. Зынгæ инæлар, хъайтар тæхæг Покрышкин Кимæн сахат балæвар кодта.
Кимæн нæ мыггаджы æхсæн йæ балæуды уæз ис, йæ ныхасы — фарн. Хъæдгæронæй мын дзы бирæтæ фæзæгъынц «хорз». Искуы дæр ма дын адæм дæ æфсымæрæй æппæлынц, уый æхсызгон нæу. Ким хъæлдзæгдзинад æмæ зиантæм тынг цæуы. Мæ иннæ æрвад Махар дæр иудадзыгдæр йæ фарсмæ вæййы. Нæ фæхъулон кæндзынæн Махары мадызæнæг Хъазыбеджы.
Фæзминаг чындз нын у Махары бинойнаг Венерæ. Уый нæ мыггагæн йæ цины сахат уырдыг лæууы, зиантæн та йæ къахы фыдæбон дæтты. Йæ уæздандзинадыл бæрæг дары. Ноджы ма нæм Хъæдгæроны Венерæйы фарсмæ сты йæ файнустытæ Любæ, Ритæ, Изетæ. Хорз чи у, уый фыццаджыдæр хорз йæхицæн вæййы.
Дзуццаты Хъамболат Быдыры Дæргъæфсы царди. Рухсаг уæд, 12 азы размæ амардис. Фидараты Дзаххотты сиахс уыдис. Йæ бинойнаг Кларæ йæ хъæубæстæн бирæ лæггæдты цæуы. Йæ чызг Ася ахуыргæнæг у, ноджы æхсæнадон уацхæссæг. Мæ курдиатмæ гæсгæ йæ фыды тыххæй æрмæг ныффыста. Уый номдзыд, тыхджын ирон лæг хуыдтой.
Ася фыссы: «Мæ фыд кувгæ-кувын мæ цæстытыл арæх ауайы. Хъусынæй-иу æм не 'фсæстыстæм. Зианы цур-иу куы радзырдта, уæд-иу дуртæ дæр скъуыдысты. Æмæ фыдæлтыккон хабæрттæ куыд хорз зыдта, уый та! Историйы урочы-иу ног æрмæг уыдонæй дæр ампъызта. Педагогы дæсныйад уымæ гæсгæ равзæрстон. Йæ хъомылгæнинæгтæй нæ хъæуы йæ фæндагыл бирæтæ ацыдысты.
Ахуыргæнджытæ сыгъдæгзæрдæ, цæстуарзон адæмæй арæх рауайы. Мæ фыдмæ уыцы тæхудиаджы миниуджытæ уыдысты. Уый фæкæсынхъуаг хæдзары цурты æнæ æгъдау скæнгæйæ никуы ацыдаид. Йæ уæгъд рæстæг лæмæгъдæр скъоладзауты хорздзинад кæныныл нæ ауæрста».
Майрæмададжы ис Дзуццаты Арсæмæджы уынг. Уый йæ райгуырæн хъæуæн бирæ лæггæдты бацыд. Арсæмæгæй фылдæр зондамындтæ никæмæй фехъуыстон. Æмбисæндтæ цас зыдта, уый та! Царды фæлтæрддзинады фидиуæгæй басгуыхтис. Йæ фырт Валери æгъдаумæ — йæ халдих.
Фембæлгæйæ-иу мæ фарстытæ сбирæ сты.
— Арсæмæг, царды чи нæ рæдийы?
— Йæ фæстаг боныл чи хъуыды кæны, уый.
Арсæмæджы æрцыдмæ дзæбæхæй фæцæрæд, фæлæ нæм абон нæ мыггаджы ис фарнхæссæг лæг, адæмы райсомы боныл чи хъуыды кæны, ахæм хистæр. Уый у Чермен. Йæ цæргæбонты Ирыстоны тыхджын лæггæдты бацыд. Нæ кæстæртæ цæмæй ног дуджы цардхъомæй разыной, ууыл йæ уд хъары, æмæ арфæйаг уæд!
Чермены бинойнаг Ирæ ныртæккæ нæ мыггаджы историйыл кусы. Цыдæртæ ныффыссын дæр ын бантыст. Цалдæр æрмæджы дзы газетты рауагъта. Йæ сæрыхицау цæттæ энциклопеди у. Уымæй гыццыл æххуыс нæ уыны. Ирæйæн бузныг, ацы æрмæгыл кусгæйæ мæм хорз фæкаст.
Нæ мыггагæй Ольгинскæйы Михал æнæхъæн лæг уыди. Мамсыраты Хаджумары кæнгæ æфсымæр. Мæскуымæ ма йæ цæрынмæ дæр хуыдта, фæлæ Дзуццы фыртмæ йæ райгуырæн хъæуæй фæхауын аив нæ фæкаст. Уый нæ, фæлæ ма стыр лæгæй йæхицæн æххуыс дæр никуы ракуырдта. Фæлæ-иу æм кæйдæрты тыххæй Мæскуыйы балæууыд. Адæймаджы рыст бамбарын æмæ йæ уæлхъус балæууын дæр лæгдзинад у.
Ираны хъæуккаг Дзæрæхмæты (йæ фырт Дзамболаты чызг Фатимæ цæры Красногоры) сарайы немыц уацайрæгты бакодтой. Цыдæр æгъдауæй дзы иу æмбисæхсæв цæхæрадонмæ раирвæзт. Хосы цъынайы бабырыд, хæдзары хицау уый федта, цы. Ноджы ма йыл æргъæмттæ баппæрста. Райсом раджы йæ агуырдтой. Лыгъд лæппу Дзуццы фырты руаджы аирвæзт. Гуырдзийаг разынд. Цалынмæ хæст нæ ахицæн, уæдмæ Дзуццатæм фæцард. 2008 азы гуырдзы ирон адæмыл гадзрахатæй куы разылдысты, уæд сæ бастдзинад фехæлд.
Нæ мыггагæй минæвар кæмдæридæдæр уыд, уым сгуыхтдзинад равдыста, зæгъгæ, ахæм дæнцæгтæ бирæ æрхæссæн ис. Дзиго — уыдонæй. Иуæй-иутæ сомы тыххæй кæрæдзиуыл гадзрахатæй разилынц. Афтæ æнхъæлынц, æмæ Дзигойы дæр уыцы азар басыгъта. Уый та Терчы тызмæг уылæнтæм йæ ныфсы руаджы бахызт. Утт-утт нæлгоймагмæ исты миниуджытæ вæййы. Йæ ном абон зарæджы цæры.
Кæддæр мын Дзуццаты Саукуыдз (рухсаг уæд) афтæ радзырдта: «Нæ мыггаджы хистæртæй бирæты зыдтон. Уыдонæй Цæгат Ламардоны цардысты Бола, Темыр, Микъала, Гæбæци, Джорджи, Хаджумар. Мæхæдæг дæр уым райгуырдтæн. Фарныхъæумæ æрлыгъдыстæм. Ольгинскæйæ нæ бæрæг дардтой Гайто, Мæцыхъо, Хъамболат, Бесæгъуыр, Михал, Быдыры Дæргъæфсæй — Хадзымырзæ, Бушки, Саламджери, Майрæмадагæй — Алыксандр, Дзибытта, Аслæнбег, Муссæ, Иранæй — Дзæрæхмæт, Дзæуджыхъæуæй — Беки, Гуыргъохъ, Шмел, Сосе, Шамил, Серги, Хъуырман, Ягор. Фарныхъæуы та нæ мыггагæй хистæртæ уыдысты Хадзыбечыр, Бесæгъуыр, Æндрис, Инус, Мысырби, Хъазмæхæмæт, Григо».
Саукуыдз куыд загъта, афтæмæй мыггаджы хистæртæ арæх кæрæдзимæ бæрæггæнæг цыдысты. Бæхтыл, уæрдæттыл, хатгай фистæгæй уæддæр æмбæлдысты. Рæстæджы хабæрттæ хорз зыдтой. Фыдæбонджын, фæлæ æнæмæтдæр уыдис сæ дуг. Цард та — цæрынæн. Бицъо ацы рухс дунейы 144 азы арвыста, Темыр — 112, Бола — 106 азы, мæ фыдыфыд Æндрис — 100 азы.
Мæ уацхъуыдæн кæрон нæ зæгъын.
Дзуццаты Къоста.