Новости

Æгъдæуттæ æнгом баст сты æвзагимæ

Зæххы цъарыл цæры тынг бирæ адæмыхæттытæ. Уыдонæй алкæцыйæн дæр ис сæхи æгъдæуттæ æмæ уагæвæрдтытæ. Куыд хъусгæ æрцыдтæн æмæ куыд зонын, афтæмæй махмæ Ирыстоны цы æгъдæуттæ æмæ фæткæвæрд ис, ахæмтæ никæцы адæмыхатмæ ис. Мæнæ куыд зæгъы уый тыххæй журналист æмæ фыссæг Цгъойты Хазби: «Кæд абон дунеон цивилизацийы иу хай стæм, уæддæр нырмæ не 'гъдæуттæ æмæ нæ фыдæлты цардыуаг сæ тыхы сты. Уыдоныл æнцой кæнынц нæ рагфыдæлты дунеæмбарынад, нæ ариаг æвзаг, Иунæг Хуыцаумæ кувыны уаг» (Цгъойты Х. Ф. Æгъдау — царды мидис. Дзæуджыхъæу, 2011).

Æвæццæгæн, фæсарæйнаг паддзахæдты æмæ нæ сыхаг республикæты минæвæрттæ дзæгъæлы нæ хæлæг кæнынц не 'гъдæуттæм. Уыдон сты нæ нæртон фыдæлтæй баззайгæ стыр хæзнатæ. Уымæ гæсгæ махæй алчидæр хъуамæ йæ хæсыл нымайа уыцы æгъдæуттæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнын. Хъыгагæн, ныры заман бирæ кæйдæрты зæрдæтæм нал цæуынц, нал сыл æрвæссынц, бирæ цæмæйдæрты дзырддаг систы. Раст цыма фыддæрагæн у, афтæ сæ æгад кæнæм, æцæгæлонты раз сæ худинаг кæнæм, æмæ нын уыцы æвидауц «зондахаст» стыр зиан хæссы.

Фæстаг рæстæг Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас» фылдæр æргом здахы æгъдæутты фарстамæ. 2003 аз мыхуырæй рацыд цыбыр бæрæгуат «Ирон æгъдæуттæ». Бакуыстой йыл Гаппуаты Тæтæрхъан, Калоты Георги æмæ Мырзаганты Махар. Уымæн йæ разныхасы амынд ис: «Адæмыхатт иннæ адæмты æхсæн зыны æмæ æрттивы, цыкурайы фæрдыджы хуызæн, æрмæстдæр йæ культурæйы руаджы. Культурæйы сæйраг хай та сты адæмы æгъдау æмæ æфсарм, æнусты дæргъы цы удварны хæзнатæ бахъахъхъæдтой, уыдон. Се 'хсæн, æнæмæнг, стыр бынат ахсынц бæрæгбæттæ æмæ уыдон царды куыд бæрæггонд цæуынц, уый (Ирон æгъдæуттæ (цыбыр бæрæгуат). Дзæуджыхъæу, Ир, 2003, 3-аг фарс).

Куыд зонæм, афтæмæй ирон æгъдæуттæм сæ хъус раджы æрдардтой уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг ахуыргæндтæ. Суанг XIX æнусы сæ хъуыдытæ загътой æмæ стыр уацтæ ныффыстой Всеволод Миллер æмæ Максим Ковалевский. Æгъдæутты тыххæй чингуытæ рацыд ирон зындгонд ахуыргæндтæ æмæ фысджытæн дæр: Къарджиаты Бекызæ, Айларты Измаил, Хъайттаты Сергей, Хозиты Федыр, Агънаты Гæстæн, Цыбырты Людвиг, Цгъойты Хазби, Хадыхъаты Хадзымæт, Хачирты Æнзор, Хæуытаты Къоста. Уымæй дарддæр ирон æгъдæутты тыххæй стыр уацтæ газетты ныммыхуыр кодтой Гоститы Хъазыбег, Калоты Георги, Гаппуаты Тæтæрхъан æмæ иннæтæ.

Уæлдæр цы цыбыр бæрæгуаты кой цæуы, уый 2006 азы æмхъæлæсæй фидаргонд æрцыд ирон адæмы 6-æм съезды сахар Цхинвалы. Раст зæгъгæйæ, нæ æгъдæуттæ иуæй-иутæ сæ къæхты бын ссæндынц. Æмæ уæд «Иры Стыр Ныхас»-ы æгъдæутты комитеты (йæ сæргълæууæг Мырзаганты Махар) хъæппæрисæй 2014 азы мыхуырæй рацыд цыбыр бæрæгуаты дыккаг рауагъд ахæм сæргондимæ: «Чындзхаст, чызгæрвыст æмæ марды æгъдæуттæ». Уыцы къаннæг чиныджы фыст æрцыдысты нæ адæмæн сæ фылдæры хъуыдытæ æмæ фæндондзинад нæ ирон нырыккон æгъдæутты тыххæй.

Æгъдæуттæ фидар баст сты нæ мадæлон æвзагимæ: нæй мадæлон æвзаг — фесæфт не 'гъдау. Фæстаг азты дæргъы ацы фарстайыл дзурæм æмæ фыссæм бирæ. Зæххыл цал адæмыхатты цæры, уыдонæн се 'взæгтæ дæр уал фæйнæхуызоны сты. Махæн, уæрæсейæгтæн, уырыссаг æвзаг сси кæрæдзи æмбарыны фæрæз. Уый фæрцы базонгæ стæм фæсарæйнаг паддзахæдты æгъдæуттимæ, дунейы алыхуызон культурæ æмæ аивадимæ. Фыдæлтæ дзæгъæлы нæ загътой: «Цал æвзаджы зонай, уал адæймаджы дæ».

Уырыссаг æвзаг нæ алчидæр хъуамæ зона хорз. Фæлæ æппæты фыццаг ирон адæймаг хъуамæ зона йæ мадæлон æвзаг. Дæнцæгæн ма райсæм нæ хæстæгдæр сыхæгты: кæсæг, балхъар, хъæрæсе, черкестæ, цæцæн, мæхъæл, дагъыстаны адæмыхæттытæ. Уыдонæй алчидæр йæ хæдзары йæ сывæллæттæм дзуры мадæлон æвзагыл. Æркæсæм ма нæхимæ, цымæ Ирыстоны та куыд у. Саби кæй хъуса, фыццагдæр уыцы æвзагыл сдзурдзæн, æгъдау дæр уымæй кæндзæн. Æвзаг куы нæ зона, уæд æгъдау куыд æххæстгæнгæ у, уый куыдæй хъуамæ базона? Психологтæ куыд сбæрæг кодтой, уымæ гæсгæ мадæлон æвзаг сывæллæтты разæнгард кæны хъуыдыкæнынадмæ, сæ алфамблай дунейыæмбарындзинадмæ. Мадæлон æвзаг ма стыр ахъаз у кæстæрты национ, патриотон æмæ эстетикон хъомылады  дæр.  Уый  æмбаргæйæ,  нæ  ахуыргæндтæ æмæ фысджытæ фæстаг азты нæ мадæлон æвзагыл сывæллæттæн бацæттæ кодтой хъæздыг литературæ. Уымæй дарддæр цæуы сабитæн журнал «Ногдзау», йæ редактор — зындгонд фыссæг, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат Дзасохты Музафер.

Бирæ нæм ис сывæллæттæн æнцон æмбарæн аивадон æвзагæй фыст æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ. Сæ автортæ Хетæгкаты Къоста, Дауырæ, Хъауыраты Дауыр, Скъодтаты Эльбрус æмæ иннæтæ. Ис нæм авдæны зарджытæ, тагъддзуринæгтæ, уыци-уыцитæ. Уыцы цымыдисаг æрмæгæй хъуамæ уæрæх парахат кæной рæвдауæндæтты æмæ скъолаты, уымæн æмæ сабитæм рæзын кæнынц мадæлон æвзагмæ уарзондзинад, рæвдздæр сын кæнынц сæ ныхасы хъæд, фылдæр сын кæнынц сæ зонындзинæдтæ. Иу ныхасæй, арфдæр, парахатдæр кæны нæ диссаджы мадæлон æвзаг куыд бинонты æхсæн, афтæ нæ алæмæты æгъдæуттæ нывыл æрвитыны хъуыддаджы.

Уæ фарн фынæй уæд, зынаргъ газеткæсджытæ. Абон æз дæр хистæр фæлтæры минæвæрттæй иуыл нымад дæн. Стыр Елхоты аргъæуттæ æмæ таурæгътæ кæмæй хъуыстон, нæ фыдæлты кадджын, цытджын, зонддæттæг æгъдæуттæ кæуыл уыдтон, ахæм хистæртæ мын уыдис, куыд мæ ныййарджытæ, афтæ нæ сыхы æмæ алфамблай цæрджытæ (рухсаг уæнт, дзæнæт сæ бынат). Æгас Ирыстоны дæр Елхот хъуыстгонд уыд йе 'гъдауæй, уазæгуарзондзинадæй. Елхотæгтæ уыдысты фæллойуарзаг, ныфсхаст æмæ ногдзинадмæ разæнгард. Кæрæдзийæн кодтой кад, фидар хæцыдысты сæ мадæлон æвзагыл, æмхиц уыдысты аивадмæ. Æвæццæгæн, дзæгъæлы нæ фæзындысты нæ хъæуы Такъæты æмæ Уырысты æфсæддонты династитæ, революцион архайæг Зорттаты Уырысби, Фæллойы Хъæбатыртæ Лазарты Аслæнбег, Нæкуысаты Дæгко æмæ Дзгойты Еруслан, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Хъæбатыртæ Карсанты Хъазыбег æмæ Милдзыхты Хадзымырзæ, куырм фæндырдзæгъдæг æмæ хæдахуыр композитор Мерденты Хъайсын, йæ фæдонтæ — фæндырдзæгъдджытæ Такъæты Муссæ, Точъиты Барис æмæ Эльбрус, Мамиаты Замирæт.

«Иры Стыр Ныхас» йæ фæзындæй фæстæмæ архайы ууыл, цæмæй ирон адæмы 'хсæн бастдзинæдтæ уой фидар бындурыл æвæрд, нæ зонд, нæ уынаффæтæ иу фæндагыл арæзт цæуой, не 'хсæн уа уарзондзинад, бахъуаджы рæстæг нæ кæрæдзийæн æгъдæнцой уæм, кæрæдзийæ æфсæрмы кæнæм, тæрсæм кæрæдзийы зæрдæхудтæй, нæ циндзинады æмæ зындзинады дæттæм кæрæдзийæн æгъдау, кæрæдзийæн зæрдæйæ салам дæттын фæразæм.

Мæ зæрдыл арæх æрлæууынц «Иры Стыр Ныхас»-ы æгъдæутты комитеты раздæры сæрдар Мырзаганты Махары ныхæстæ: «Фыдæлтыккон æгъдæуттæ ныртæккæ уæззау уавæры сты. Уыдон сæ аккаг бынаты сæвæрыны хъуыддаджы иугай адæймæгтæн сæ бон ницы бауыдзæн, иумæйаг хъарутæй, æмзон-дæй, æууæнкдзинадæй, æнæсайдæй сæм куы нæ февналæм, уæд».

93-аздзыд куырыхон хистæры фæдзæхст æххæстгæнгæ у махæн, йæ кæстæртæн.


КЪУБАЛТЫ Солтан,

«Иры Стыр Ныхас»-ы

æгъдæутты комитеты уæнг.