Амыраны рухсы тынтӕ
17.03.2023 Кировы районы культурӕйы Хӕдзары ацыд ирон националон хихъӕппӕрисадон сывӕллӕтты ӕмӕ фӕсивӕдон театрты фестиваль «Амыраны рухс»-2023. Арӕзт ӕрцыд фӕсивӕдон театр «Амыран»-ы хъӕппӕрисӕй. Афӕдзӕй-афӕдзмӕ фестиваль арӕзт ӕрцӕуы ирон драматурги ӕмӕ театры бындурӕвӕрӕг Брытъиаты Елбыздыхъойы кады номыл. Ацы аз фестиваль арӕзт ӕрцыд ӕвдӕм хатт, цыппар номинацийы архайджытӕ бацӕттӕ кодтой ӕртындӕс аивадон равдысты, кӕцыты ӕдӕппӕтӕй архайдта фӕндзай ӕрыгон артистӕй фылдӕр. Бацӕттӕ сӕ кодтой районы скъолаты ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджытӕ, стӕй культурӕ ӕмӕ аивады кусджытӕ.
Фестивалы архайджыты курдиатӕн аргъ кодтой жюрийы уӕнгтӕ – Цӕгат Ирыстоны аивады сгуыхт кусӕг, ЦИПУ-йы театралон аивады кафедрӕйы доцент, фӕсивӕдон театр «Амыран»-ы режиссер Цӕгӕраты Руслан (жюрийы сӕргълӕууӕг), Цӕгат Ирыстоны адӕмон артисткӕтӕ Дзгойты Аллӕ ӕмӕ Цырыхаты Розӕ, Цӕгат Ирыстоны культурӕйы сгуыхт кусӕг Абайты Азау ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны сгуыхт артист, фӕсивӕдон театр «Амыран»-ы директор Сидахъаты Дзамболат.
Сывӕллӕттӕ иууылдӕр разындысты тынг зӕрдӕ-ргъӕвд ӕмӕ курдиатджын. Алчидӕр дзы архайдта йӕ хуыздӕр аивадон миниуджытӕ равдисын, ӕмӕ сын ӕнтысгӕ дӕр бакодта. Жюрийы уӕнгтӕ хатдзӕгтӕ куы скодтой, уӕд рабӕрӕг сты, уыцы бон ӕнтыстджындӕр чи разынд, уыдоны нӕмттӕ.
Номинаци «Драмон театр»-ы 11-16 азы кӕуыл цӕуы, уыдоны 'хсӕн 1-аг бынат бацахста Змейкӕйы 2-ӕм астӕуккаг скъолайы театралон къорд «Бонвӕрнон», йӕ разамонӕг Хъыбызты Рая. 2-аг бынатӕй схорзӕхджын кодтой Комсомольскы хъӕуы астӕуккаг скъолайы театралон студи «Теремок»-ы, йӕ разамонӕг Хъуылаты Светӕ.
Ацы номинацийы хистӕр кары архайджыты 'хсӕн (16-30 азы) уӕлахиздзау ссис Кировы районы сывӕллӕтты аивады Хӕдзары театралон къорд «Ростки», йӕ разамонӕг Дзгойты Фатимӕ.
Номинаци «Ирон аргъау»-ы (7-11 азы) сӕ хъул атылд, Ираны хъӕуӕй цы архайджытӕ ӕрбацыд, уыдонӕн. Уӕлахидзау ссис ацы хъӕуы клубы театралон къорд «Улыбка», йӕ разамонӕг Токаты Зӕлинӕ. 2-аг бынат та бацахста Ираны астӕуккаг скъолайы театр уарзджыты къорд, йӕ разамонӕг Къадзаты Эльвирӕ.
Номинаци «Эстрадон-сатирикон миниатюрӕ»-йы архайджытӕ иууылдӕр уыдысты 11-16-аздзыд хистӕр-къласонтӕ. Се 'хсӕн хуыздӕр разынд Елхоты 3-ӕм астӕуккаг скъолайы драмон къорд, йӕ разамонӕг Танделаты Кетино. 2-аг бынат бацахста Елхоты 1-ӕм астӕуккаг скъолайы театр уарзджыты къорд «Хуры тын», йӕ разамонӕг Гӕззаты Ритӕ. 3-аг бынат саккаг кодтой Змейкӕйы 1-ӕм астӕуккаг скъолайы драмон къорд «Уацамонгӕ»-йӕн, йӕ разамонӕг Цезари Гукова.
Номинаци «Аив дзырд»-ы сӕ дӕсныдзинад равдыстой, 7-11 азы кӕуыл цӕуы, ахӕм ӕрыгон ирон дзырды фарнхӕсджытӕ. 1-аг бынат адих кодтой Змейкӕйы 2-ӕм астӕуккаг скъолайы ахуыргӕнинаг Дзуццаты Ка-милӕ, йӕ ахуыргӕнӕг Сохъуырты Лаурӕ, ӕмӕ Ставд-Дурты астӕуккаг скъолайы ахуырдзау Дзеранты Ольгӕ, йе 'мхъӕуккаг Дауиаты ӕхсар та ссис 2-аг бынаты хицау, сӕ дыууӕйӕн дӕр разамынд дӕтты Сиукъаты Эльзӕ.
ӕппӕтӕй активондӕр архайӕгыл жюрийы уӕнгтӕ банымадтой Комсомольскы астӕуккаг скъолайы ахуыргӕнинаг, суинаг артист Тутов Давиды.
Уӕлахиздзауты стӕй ӕппӕт архайджыты дӕр схорзӕхджын кодтой Кады гӕххӕттытӕй ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕй. Уӕлахиздзаутӕ дарддӕр архайдзысты фестивалы республикон къӕпхӕны. Уый уыдзӕн 22 мартъийы Дзӕуджыхъӕуы.
Фӕсивӕдон театр «Амыран»-ы разамонӕг, Цӕгат Ирыстоны сгуыхт артист Лазарты Таймураз куыд загъта, уымӕ гӕсгӕ фестивалы сӕйраг хӕстӕй иу у ирон ӕвзаг, литературӕ ӕмӕ национ культурӕ парахат кӕнын рӕзгӕ фӕлтӕры 'хсӕн. Бӕлвырдӕй зӕгъӕн ис, сӕ къухы ацы хӕс кӕй бафтыд, уый, уымӕн ӕмӕ уыцы бон ирон дзырд ӕмӕ аивадӕн уыд ӕцӕг бӕрӕгбон, кӕцы Кировы районмӕ ӕрбацыд «Амыраны рухс»-имӕ.
ДЗИУАТЫ Анжелӕ.
Авторы ист къам.