Новости

Дæ куыстæй райгонд у

 

Дудайты Маринæ Ираны хъæуы скъолайы 20 азы дæргъы амоны ирон æвзаг æмæ литературæ. Иттæг хорз зоны ахуыры программæ. Йемæ куы сæмбæлдтæн, уæд мын загъта: «Скъоладзау æрмæстдæр йæ мадæй райсгæ ныхæс- ты руаджы базондзæн йæ фыдæлты æгъдæуттæ. Уыцы æцæгдзинад æппæт ныййарджытæ  нæ иртасынц».

Маринæйы тыххæй мын нæ фембæлды размæ скъолайы директор Черчесты Альбинæ афтæ радзырдта: «Сфæлдыста-дон цæхæрæй æххæст педагог. Ацал-ауал азмæ йæ хъуыддаг лыстæг сынчы онг равзæрста. Ныййарджытимæ иумæ- йаг æвзаг кæй ссардта, уый дæр хорз хъæппæрис у. Скъоладзаутæ йæ нæ адæмы ивгъуыд царды- уаджы æууæлтæй афæрсынц æмæ алкæддæр раст æмæ бæлвырд      дзуаппытæ райсынц».

 

Альбинæ Кировы районы ахуырады къабазы кусæндæтты раззагдæр разамонджытæй иу у. Скъолайы раздæр цы методикæтæ уыд, уыдон абон нал бæззынц. Бирæ мадзæлттæ сарæзта пе-дагогон коллективы ар-хайд ног хуызы равæрынæн. Уæдæ фадæттæ скæныныл дæр хорз бакуыста. Нырыккон  до-мæнты аккаг сты.

Скъолайы педагогон коллектив у куыстхъом. Алы ахуыргæнæг дæр урочы рæстæг йæ предметæй сывæллæттæн  фи-дар зонындзинæдтæ дæт-ты. Сæйрагдæр  у се 'гъдау, æмæ уый  ираныхъæуккаг лæппутæ æмæ чызджытæм ис. Маринæ куыд загъта, афтæмæй йæ хъомылгæнинæгтæй æрæджы æмæ цухгæнджытæ нæй.

Маринæйы, йæ архайд ног хуызы куыд рацарæзтæ æмæ уый цы амоны, зæгъгæ,  куы бафарстон, уæд мын  радзырдта: «Абоны рæстæг сывæллæттæ урочы мидæг бирæ фылдæр кусынц. Æрмæг сын бацамонын. Йæ мидис æмæ ахсджиаг æууæлты тыххæй цыбырæй фæзæгъын. Уый фæдыл сæм бирæ алыхуызон хъуыдытæ сæвзæры, æмæ уыдон сраст кæнын дæр мæнмæ кæсы».

Нæ кæстæрты фидар зонындзинæдтæ æмæ хорз зондахастæй аразгæ у сæ фидæн. Ахуыргæ-нæджы хæстæ уыцы     хъуыддаджы бæрнон æмæ вазыгджын сты. Маринæ куыд бафиппайд- та, афтæмæй йын йæ педагогон архайды мисхалы бæрц дæр фæрæди- йæн нæй. Хъомылады куысты  цухдзинæдтæ тынг зын срастгæнæн сты.

Маринæ, дæ куыстæй райгонд у!

Дзуццаты Къоста.