Уыдысты æмæ сты намысы аккаг

Бæлвырд куыд у, афтæмæй 1930 азы хуымгæнæны мæйы (апрелы) 6 бон ССР Цæдисы Центрон Æххæстгæнæг Комитеты Президиумы уынаффæмæ гæсгæ нысангонд æрцыд Советон паддзахады сæйрагдæр æмæ цытджындæр хæрзиуæг — Ленины орден.

 

Уый лæвæрд цыдис, экономикон, наукон-техникон æмæ социалон-культурон райрæзты нæ Фыдыбæстæйы сæраппонд уæлвæткон æнтыстдзинæдтæ чи равдыста, уыцы фæллойадон коллективтæ æмæ хицæн адæймæгтæн. Уыцы хæрзиуæгæй хорзæхгонд æрцыд куыд Цæгат Ирыстон (1964 азы) сæрмагондæй, афтæ не 'мзæххонтæй дæр бирæтæ. Уыдон ныры фæлтæрæн абон дæр сты кад æмæ намысы аккаг.

…1944 аз. Сырх Æфсад бырсы размæ, уæгъд кæны советон бæстæ немыцаг фашисттæй. Фæсчъылдымы та фæллойгæнæг адæм æппæт дæр аразынц, цæмæй хæцæг æфсад æфсæст цæуа хойрагæй, фаг сæм уа хæцæнгарз æмæ хæстон техникæ. Уыцы аз Елхоты колхозты (уæд уыдысты цыппар) быдырты æрзад мæнæуы хъæздыг тыллæг. Йæ бафснайыныл зæрдиагæй архайдтой куыд колхозонтæ сæхæдæг, афтæ Елхоты машинæ-тракторон станцæйы (МТС-ы) комбайнтæ. Хъыгагæн, æфснайæн техникæ кадавар уыд хæдзарæдты — немыцаг оккупацийы рæстæг дзы бирæ пырхгонд æрцыд. Алы колхозмæ дæр хаудта иу комбайн. Комбайнерты 'хсæн рапарахат социалистон ерыс. Нымад цыд куыд фæзуат, афтæ куысты хæрзхъæддзинад дæр.

— Уæд комбайнтæ уыдысты æрыгон лæппуты æвджид, — мысы 92-аздзыд хæсты æмæ фæллойы ветеран Къубалты Тотрадз. — Иунæг хистæр — Милдзыхты Хъазыбег (Габе) — сæ ахуыргæнæг, ерыс амидингæнæг, уæлахизмæ разæнгардгæнæг, кæддæриддæр МТС-ы нымад уыдис раззагдæр кусæгыл. Æмæ диссаг никæмæ фæкаст, уыцы азы æмæ уый раззаг азы хорæфснайæнты бæрзонд бæрæггæнæнты тыххæй йын Ленины орден кæй саккаг кодтой, уый. Елхотæгтæ уыцы хæрзиуæгыл цин кодтой, дыууæ азы размæ Милдзыхты Хадзымырзæйы Советон Цæдисы Хъæбатыры Сыгъзæрин Стъалыйыл куыд цин кодтой, раст афтæ. Ацы стыр мыггагæй бирæ разагъды лæгтæ рацыд. Уыдонимæ диссаджы цуанон Хъамболат, дæсны зæхкусæг Зауырбег (Кълеткæ), æфсæнвæндаджы сгуыхт кусæг Хъамболат, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты активон архайджытæ — афицертæ Зауырбег (Гадзбейы фырт), Георги (Изæт), Хадзыбатыр, куырыхон хистæртæ Æвдуллæ, Зауырбег (Зауи), Ибрæгим (Иппа), Пупула, Хъасболат (Дасга). Сеппæт ранымайынæн амал нæй…

Елхотаг Милдзыхты мыггаджы минæвæрттæ æрмæст хæстонтæ æмæ хортауджытæ нæ уыдысты. Ис сæм педагогон куысты дæснытæ: Батырбег Иппайы фырт, Бексолтан Амырханы фырт, Юри Дзамболаты фырт. Уыдон æртæйæ дæр нæ хъæуы физкультурæ æмæ спорты райрæзтмæ бахастой стыр бавæрæн. Батырбег хорзæхджын æрцыд Фæллойадон Намысы III-аг къæпхæны орденæй, Бексолтан у физкультурæ æмæ спорты сгуыхт кусæг, Юри та — Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг…

…1969 аз. Хоры хъæздыг тыллæг æрзайын кодтой колхоз «Кавказ»-ы зæхкусджытæ. Бирæ хæрзиуджытæ райстой елхотæгтæ сæ хъазуатон куысты тыххæй. Фыццæгæм комплексон бригады разамонæг Дзгойты Бегæн та саккаг кодтой Ленины орден.

Дзгойты Бегы Фыдыбæстæйы Стыр хæст æрæййæфта Прибалтикæйы паддзахадон арæнмæ хæстæг. Йæ æфсæддон хай аккаг ныхкъуырд лæвæрдта немыцаг фашисттæн. Фæлæ хæсты фыццаг бонты знагмæ уыдис фылдæр тыхтæ, уымæ гæсгæ Сырх Æфсад цыдис фæстæмæ. 1941 азы кæфты мæйы (октябры) Ленинграды облæсты Бег фæцис уæззау цæф. Хæстон рынчындæтты фæрахау-бахау кæныны фæстæ сыздæхт сахъатæй Ирыстонмæ.

Цастæ йæ бон уыдис хæстарыд лæгæн, фæлæ уæддæр йæ сæрмæ нæ хаста æгуыстæй бадын. Йæ хъару цас амыдта, уыйбæрц архайдта кæм цардыуаджы домæнтæ æххæстгæнæн комбинаты, кæм хорисæн пункты. Ивгъуыд æнусы æхсайæм азты райдианы, йе 'нæниздзинад куы фæфидардæр, уæд бавнæлдта йæ фыд Хадзумарау зæххы куыстмæ. Хъæуы дзырддзæугæ лæгæн, уæлдæр куыд загъд ис, йæ бæрны бакодтой колхозы комплексон бригад. Колхозонты къорд иу æмæ дыууæ хатты нæ бацахста социалистон ерысы раззаг бынæттæ.

Сæ хистæрты фæзмыдтой Дзгойты кæстæртæ. Зæгъæм, Ерусланæн 1970 азы куыстадон бæрæггæнæнтæм гæсгæ саккаг кодтой Социалистон Фæллойы Хъæбатыры ном. Йæ риуыл сæрттывтой Сыгъзæрин Стъалы æмæ Ленины орден. Æрыгон агроном Зауырбеджы фырт Руслан та хорзæхджын æрцыд Фæллойадон Сырх Тырысайы орденæй. Бæрзонд паддзахадон хæрзиуджытæ райстой механизатортæ Хъазыбег æмæ Хадзыбатыр — Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ, æрыгон зæхкусджыты дæсны хъомылгæнджытæ.

Бæзджын мыггаг уыдысты Дзгойтæ дæр Елхоты. Абон дæр ма хъуыды кæнынц æхсæнадон кусæг Хъылцыхъойы. Йæ фырт Никъала сси фыссæг, чызджытæ Елизаветæ æмæ Екатеринæ — Уæрæсейы сгуыхт ахуыргæнджытæ. Дæсны ахуыргæнæг æмæ хъомылгæнæг уыдис Тепсарыхъойы фырт Тамерлан. Медицинæйы зонæдты кандидаты ном райста Бимболаты фырт Лазæрь. Дæсны дохтыртæ систы Тамерланы фырт Эдуард æмæ Лазæры чызг Людмилæ.

Æмæ Дзгойтæн сæ куырыхон хистæртæ та! Хъасболат (Дзыбынæг), Зауырбег, Æццо, Ибрæгим, Афæджо, Дженалдыхъо… Сæ кад æмæ намыс сæ алкæмæндæр уыдысты бæрзонд. Сæ зонд æмæ царды фæлтæрддзинадæй сыхбæстæн, хъæубæстæн æнæвгъау хай кодтой…

Бахатыр мын кæнæнт, дыууæ мыггагæй кæй кой не скодтон, уыдон. Советон Цæдисы бæрзонддæр паддзахадон хæрзиуæг чи райста, уыдоны тыххæй мæ фæндыд радзурын. Цæмæ расайдта, уымæн та газеткæсæг йæхæдæг аргъгæнæг уæд.


КЪУБАЛТЫ Солтан.