Бæрæгбон барст уæд!

Комахсæн нæ бинонтæм кадджын уыдис. Мæ фыдыфыд Аларды йæ фыстæй нывондæн фыр дардта. Галæргæвдæны-иу  кусарт акодтам. Нæ бæрæгбоны фынг-иу бæркадджын рауадис. Дзуары ном сыгъдæг зæрдæйæ ссар, æндæр ын æртæ цæхджын мысы дæр æгъгъæд.

МахДæргъæфсгомæй æрлидзæг. Хæрисджыны Нафы дзуары ном дæр-иу баба ссардта. Уый бинонты бардуаг у, зæгъгæ-иу загъта. Мæ фыдыфыды æппæт табутæ мæ зæрдыл нал лæууынц, фæлæ «дæ чъылдыммæ дын кувдзыстæм, де 'ргом нæм ма раздах», зæгъгæ, Бинонты Алардыйыл афтæ фæдзæхста.

Фæстæдæр Фарныхъæуы нæ сыхы комахсæнæн цы æгъдау ныффидар, уымæ гæсгæ иу цалдæр хæдзарæй гал балхæдтой. Æз дæр иу заман уыцы хъуыддаджы ныллæууыдтæн. Карсанаты Карсан, Дзампаты Мырзабег, цыппæрæм æмбал мæ зæрдыл нал лæууы, Беслæны базары замманай кусæрттаг райстам. Нæ иумæйаг бæркад хайыр рауад.

Кæцыдæр газеты бакастæн, 4 февралы Галæргæвдæн у, зæгъгæ. Йарæби, тынг хорз хъуыды кæнын, Комахсæнты-иу æртхъирæны мæйы дыккаг æмбисыл сæмбæлдыстæм, уый. Ахæм заман афæрсын хорз у. Фарныхъæумæ Цъæхилты Эльбрусатæм бадзырдтон. Йæ бинойнаг Симæ мын загъта: «Бæрæгбон 18 февралы райдайдзæн». Ноджы ма дзæнгæрæг Хъалтуратæм, Богазтæм арвыстон. Уыдон дæр афтæ хъуыды кæнынц.

Дæбейы загъдау, адæм адæм сты. Сæ зонд бирæ кæрды. Нæ бæрæгбæттæ кæм равзæрдысты, цæй номыл æмæ кæд кæнгæ, уый зонынц. Алыхуызон къæлиндартæй нæ сæртæ разылдысты. Хъæуæй-хъæумæ иу æгъдауыл дæр дзурæм. Бæргæ, хорз уаид. Фæлæ  хуымæтæджы нæ рауайдзæн. Рæстæг ын хъæуы. Абоны фарстатæ ахсджиагдæр сты.


 

Дзуццаты Къоста.