Æмвæнд хуыздæр у
Ахæм хатдзæг скæнæн уыдис, æрæджы Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд (ÆÆЗ) «Иры Стыр Ныхас»-ы («ИСН»-ы) бынæттон хайады хуындмæ гæсгæ Комсомольскы хъæууон культурæйы хæдзары цы æмбырд ацыд, уымæй. Сæйраг фарста — ацы азы рухæны (сентябры) мæйы 9-æм бон æвзæрстытæ бынæттон хицаудзинады оргæнтæм.
Ацы бæрнон æмæ вазыгджын мадзал куыд хуыздæр арвитæн ис, уый фæдыл раныхас кодта ÆÆЗ «ИСН»-ы районы хайады уынаффæдоны сæрдар Къубалты Солтан. Куыд бацамыдта, афтæмæй алчидæр хъуамæ йæ хъæлæс радта иу кандидатæн, кæцыйы нысантæ хъæуккæгты социалон уавæр фæхуыздæр кæнынæн сты зæрдæмæдзæугæдæр.
— Уæ хъæуы сæргълæууæджы бынатмæ сæ кандидатурæтæ балæвæрдтой дыууæйæ, — загъта Къубалы-фырт. — Æрыгон лæппутæ сæ ныфс хæссынц се 'мхъæуккæгтæн балæггад кæнынмæ. Уе 'ууæнк дзы кæмæн радтат, уымæй уый фæстæ домдзыстут æнтыстджын куыст.
Æмбырды сæ хъуыдытæ загътой пенсиисджытæ Дудайты Дуса æмæ Авлохты Гайоз, бынæттон скъолайы директор Къобесты Маринæ, хъæууон библиотекæйы кусæг Мерденты Риммæ, æвзарджытæ Битарты Тоня æмæ Куыдзеты Давид. Уыдонæй иутæ разы сты хъæуы ныры администрацийы куыстæй, кæйдæрты зæрдæмæ нæ цæуы, чи та комкоммæ дзырдта, кæуыл æмæ цæмæн хъæлæс кæндзæн, уый тыххæй. Æцæг сеппæты хъуыды уыдис иу: æнæмæнг цæуын хъæуы хъæлæс кæнынмæ — уый алкæмæн дæр у йæ граждайнаг хæс, æмæ у æххæстгæнинаг.
Комсомольскы хъæуы æмбырды архайдта æмæ дзы раныхас кодта ÆÆЗ «ИСН»-ы координацион уынаффæдоны уæнг, «Иры Стыр Ныхас»-ы æгъдæутты комитеты сæрдар Моргуаты Эдислав.
Нæ уацхæссæг.