Адæмы æууæнкæн — дзуапп
Дарддæр цæуынц Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд (ÆÆЗ) «Иры Стыр Ныхас»-ы («ИСН»-ы) уæнгты фембæлдтытæ районы хъæуты хистæр фæлтæры минæвæрттимæ. Елхоты администрацийы æмбырдтæ аразæн агъуысты чи æрæмбырд, уыдоны цур раныхас кодта ÆÆЗ «ИСН»-ы районы хайады уынаффæдоны сæрдар Къубалты Солтан. Уый цыбырæй радзырдта, ацы аз рухæны (сентябры) мæйы 9 бон цы æвзæрстытæ ацæудзæн, уыдоны тыххæй.
Кæй зæгъын æй хъæуы, минæвæртты Æмбырды депутаттыл бирæ хæстæ ис æвæрд. Фыццаджыдæр, хъæуы санитарон уавæр, уæлмæрдтæ сыгъдæг дарынмæ сæ æвзарджыты разæнгард кæнын, рæзгæ фæлтæры нæ фыдæлты æмбисонды æгъдæуттыл хъомыл кæнын. Ацы фарстатæ халдих сты ÆÆЗ «ИСН»-ы бынæттон хайæдты уагæвæрдимæ. Уымæ гæсгæ депутаттæ æмæ Ныхасы уæнгтæ хъуамæ кусой иумæ, раст «иу цæды галтау». Адæмы æууæнкæн.
Æмбырды сæ хъуыдытæ загътой Бычерахты Мир, Елдзарты Иван, Жигунов Зауырбег, Саулохты Петр, Болататы Мурат, Саулохты Хазби. Уыдон сæ хæсыл нымайынц сыхæгты, æрвадæлты æмæ хорз зонгæты хъæлæс кæнынмæ æнæмæнг æрбацæуынмæ сразæнгард кæнын. Зæрдæ бавæрдтой, æвзæрстытæ кæй ацæудзысты æнæкъуылымпытæй, рухæны мæйы 9 бон кæй суыдзæн æцæг бæрæгбон куыд кæстæртæн, афтæ хистæртæн дæр.
Хъæуы хистæрты минæвæрттæ дзырдтой æндæр риссаг фарстатыл дæр. Зæгъæм, Елхоты астæу стыр уынджы базаргонд рахæццæ суанг автомобилон фæндагмæ. Уæй дзы кæнынц канд дыргътæ æмæ халсартæ нæ, фæлæ хæлцадон продукттæ дæр. Уыдоныл та бады рыг, фæздæг. Иннæ ахæм — не 'гъдæуттæ. Кæй куыд фæнды, афтæ сæ зыгъуыммæты кæны. Хаст æрцыд уынаффæ, цæмæй æвзæрстыты фæрцы хъæуы Ныхасы уынаффæдон сараза æмбырд, циндзинады æмæ уынгæг боны кæндты чи фæархайы — кæрты уынаффæгæнджытæ, фынгты хистæртæ, уыдонæн. Цæмæй нæ æгъдæуттæ райдайæм аразын, ÆÆЗ «ИСН»-ы разамынд æмæ йæ æгъдæутты комитет куыд амонынц, афтæ иу фæткыл, æмхуызон. Кæд иу адæм стæм, уæд сæ хъæутыл æмæ кæмттыл мауал дихтæ кæнæм. Бацархайæм, цæмæй нæлгоймæгты æмæ сылгоймæгты фынгтæ кæрæдзи фарсмæ æвæрд ма цæуой.
Нæ уацхæссæг.