Ирон дзырд æндон цæхæртæ калæд!
Кæддæр иу зондджын лæг афтæ загъта: хъæды æрмæст стыр бæлæстæ куы зайа, уæд уый цавæр хъæд у. Хъæуы дзы алыхуызæттæ: талатæ, рæстæмбис бæлæстæ, къутæртæ, кæрдæг, хæмпæлгæрдæг, дидинджытæ. Цыбыр дзырдæй — алцыдæр, æмæ уæд хъæд уыдзæн æххæст.
Абон махæн паддзахад дæтты алы бартæ дæр не `взагыл дзурынмæ, фыссынмæ æмæ йæ бахъахъхъæнынмæ. Нæ дзыхтыл нын цъутта ничи бæтты мадæлон æвзагыл дзурынмæ, кæнæ нын нæ къухтæ ничи бæтты, иронау ма дзурут æмæ фыссут, зæгъгæ.
Ирон æвзаджы хъысмæтимæ баст уыд, Змейкæйы сывæллæтты рæвдауæндон «Арвæрдын»-ы цы мадзал ацыд, уый. Бацæттæ йæ кодтой хъомылгæнджытæ æмæ рæвдауджытæ уагдоны сæргълæууæг Дзæгъойты Оляйы разамындæй. Зæрдæзæгъгæ `ххуыс сын бакодта бынæттон фыццæгæм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг, районы Ныхасы сылгоймæгты комитеты сæрдар Дзуццаты-Байхъуылты Римæ. Уазæгуаты та сæм сæмбæлдысты «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдары фыццаг хæдивæг Еналдыты Хъазыбег, æхсæнадон змæлды ирон æгъдæутты комитеты сæрдар Моргуаты Эдислав, сылгоймæгты æмæ ирон æвзаджы комитеты уæнгтæ Хабæты Римæ æмæ Сланты Светланæ, районы ветеранты уынаффæдоны сæрдар Басаты Светланæ, районы Ныхасы уынаффæдоны сæрдар Къубалты Солтан.
— Мах нæхи цæттæ кæнæм стыр цаумæ, — дзырдта йæ раныхасы рæвдауæндоны сæргълæууæг. — Ацы аз, рухæны мæйы, нæм фыццаг хатт байгом уыдзæн ирон къорд. Районы ахуырады Управленийы ацы хабар куы ской кодтой, уæд мах æнæдызæрдыгæй разыйы дзуапп раттам. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ æппæт рæвдауæндæтты нæ уыдзæн ахæм ногдзинад — æрмæстдæр иуы. Уый у «Арвæрдын». Уыцы бонæй фæстæмæ нæхи райдыдтам цæттæ кæнын. Нырмæ дæр нæ ирондзинад рохуаты нæ уыд, фæлæ ныр ноджы бæрнондæр цæстæй кæсын хъæудзæн ацы хъуыддагмæ. Нæ абоны фембæлд ахæм куырыхон адæмимæ хъуамæ феххуыс уа нæ куысты ногдзинадæн.
Æмæ бацайдагъ æргом ныхас нæ æрвылбон царды ирон æвзаг, ирон æгъдауы ахадындзинады тыххæй. Уæлдайдæр рæзгæ фæлтæры хъомылады. Уазджытæм се `ппæтмæ дæр ис стыр фæлтæрддзинад фæллойы æмæ æхсæнадон куысты. Басаты Светланæ бирæ азты дæргъы фæкуыста фæскомцæдисы, культурæйы, советон æмæ хæдзарадон оргæнты, схъомыл кодта цыппар сывæллоны. Йæ фæлтæрддзинадæй æнæвгъау хай кодта æмбырды архайджытæн.
Хабæты Римæйы ном хъуыстгонд у Ирыстоны дзыллæтæн. Бирæ азты дæргъы уæхскуæзæй лæггад кæны ирон æвзагæн. Цы чингуытæ рауагъта, уыдон стыр ахъаз сты рæзгæ фæлтæры хъомыладæн. Йæ раныхасы Гæджынон радзырдта, Турчы цæрæг ирæтты хуындмæ гæсгæ цалдæр азы кæй бакуыста уыцы бæстæйы. Нудæсæм æнусы дыккаг æмбис æнæбары Иры зæххæй чи фæцух, уыцы ирæттæ сæ æвзаг æмæ ирондзинадыл æнувыд сты, фæнды сæ фыдæлтыккон æгъдæуттæ ноджы хуыздæр базонын. Уымæн æмæ æнус æмæ æрдæгæй фылдæр иппæрд сты Ирыстонæй. Фæлæ уæддæр ирон æгъдау æмæ æфсармæй цух не сты.
Ахæм мидисджын, зæрдæмæхъаргæ уыдысты сæ раныхæстæ Сланты Светланæйæн, Моргуаты Эдиславæн, Еналдыты Хъазыбегæн, Къубалты Солтанæн. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, хъомылад хъуамæ райдайа бинонты `хсæн. Ныййарджытæ сæ сабитæм иронау куы дзурой, ирон æгъдæуттыл сæ куы ахуыр кæной, уæд сæ рауайдзæн æххæст ирон адæймæгтæ.
Кæддæр иу ахæм æмбисонд (æви æцæгдзинад) бакастæн:
Иу ахуыргонд лæджы æрыгон мад фæрсы:
— Сывæллоны цал азæй райдайын хъæуы хъомыл кæнын?
Лæг æй бафарста:
— Цал азы цæуы дæ сывæллоныл?
— Æртæ.
Ахуыргонд йæ сæр банкъуыста æмæ йын афтæ:
— Уæдæ æртæ азы байрæджы кодтай, хорз ус.
Сывæллон йæ райгуырдæй фæстæмæ хъомыл кæнын кæй хъæуы, уый хорз зыдтой нæ фыдæлтæ, суанг ма-иу дæсаздзыд лæппуйæн дæр цæвæг æрцæттæ кодтой хосгæрдæнтæм, чызгæн та — сылгоймаджы кусæн дзаумæттæ.
— Абон æндæр дуг у, æмæ хъомылады домæнтæ дæр æндæр сты, — дзырдта фæлтæрдджын ахуыргæнæг æмæ хъомылгæнæг, ирон æвзаджы дæсны Дзуццаты Римæ. — Нырыккон техникон фæрæзтæй сывæллон раст куы нæ пайда кæна, уæд æй рæдыд фæндагыл асайдзысты. Уымæ гæсгæ сабитæм æдзухдæр хъæуы цæст дарын…
Рæвдауæндоны кусджытæ ногдзинадмæ сæхи раджы цæттæ кæнын кæй райдыдтой, уый бæрæг уыд ацы бæрæгбонæй. Æмдзæвгæтæ аив кæсын, ирон зарджытæ æмæ чызджыты кафтмæ хорз арæхсынц хъомылгæнджытæ Дряты Наталья, Тегаты Светланæ, Бедойты Каринæ, Елхъанты Зæлинæ, Наниты Татьянæ, Бедойты Маринæ. Мадзалы уазджыты бынтон дисы бафтыдта Анастия Катигробова. Уырыссаг чызг афтæ дзæбæх æмæ сыгъдæг иронау азарыд Дзиуаты Хадзыбечыры æмдзæвгæ «Цы сусæг кæнон»-мæ гæсгæ зарæг, æмæ йын æмбырды уæвджытæ сарæзтой тыхджын къухæмдзæгъд.
Æнæ сразы уæвæн нæй рæвдауæндоны кусджыты мæнæ ахæм иумæйаг хъуыдыимæ: «Алцыдæр нæхицæй аразгæ у. Нæ мадæлон æвзаг нæ ирон царды бындур у. мадæлон æвзаг чи нæ зоны, уый нæм кæсы саст базыр маргъау. Цæмæй маргъ арвмæ стæха, уый тыххæй йын дыууæ фидар базыры хъæуы. Кæй зæгъын æй хъæуы, саст базыримæ дæр фæцæрдзæн цъиу, фæлæ уый цард нæу! Афтæ адæймаг дæр. Æнæ мадæлон æвзаг йæ цард къахыр у, йæ уд та — афтид. Цал æвзаджы, дам, зонай, уал адæймаджы дæ. Уый раст у, фæлæ бынтон раст та уый у, мадæлон æвзаг се `ппæты сæр кæй у. Ирон æвзаг у нæ цинты гуырæн, нæ амæндты райдайæн!»
Æмæ æрлæууыдысты фæрнæйдзаг фæндаджы райдианы — нæ сабиты нæ мадæлон æвзагыл фæцалх кæнын, нæ ирон Æгъдау сæ туджы ауадзын. Гъемæ, рæствæндаг уæнт!
Æгъуызаты А.
Къам систа ТЫЛАТТАТЫ Д.