Новости

Бузныг, Ритæ!

“Дæрддзæг цæрæг хионæй сыхаг хуыздæр у!”, зæгъгæ, ахæм æмбисонд ис, æмæ уый æцæгæйдæр афтæ у. Хъæцмæзты Иван йæ бинонтимæ нæ сыхы æрцард цыппар азы размæ. Йæ чызг Ритæ, æмткæй райсгæйæ, 28 азæй фылдæр кусы медицинон хойæ. У уæздан, хæдæфсарм æмæ дæсны кусæг сылгоймаг.

Адæймагæн, уæлдайдæр та йæ зæронды кармæ чи бахизы, уымæн йе 'нæниздзинад фæцуды. Низ мæ фыды иувæрсты дæр нæ рацыд æмæ йæ уый фæдыл арæх бахъæуы медицинон æххуыс. Алкæд рынчындоны æрхуыссынæн гæнæн нæ вæййы æмæ адæймаг стыхсы, хæдзары уæвгæйæ йын йæ рынчынæн судзинтæ чи скæна, уый агургæйæ.

 

Ритæмæ æххуысмæ бахатын. Кæд кусгæ кæны æмæ йæхи фыд дæр æнæниз нæу, уæддæр рæстæг ссары æмæ æнæзивæгæй мæ фыды уæлхъус æрбалæууы. Куысты уæвгæйæ дæр ма телефонæй æрбадзуры, рынчын йæхи куыд хаты, зæгъгæ, афæрсы. Ритæйы хуызæн адæймаг сыхбæстæн Хуыцауы лæвары хуызæн у.

Стыр бузныг дын зæгъын, Ритæ! Лæггадуарзаг сыхаг дæ æмæ Хуыцауы хорздзинæдтæй хайджын у. Ис дын тынг хорз цот, æмæ сæ æнтыстдзинæдтæй дæ зæрдæ æдзух райгонд уæд. Бирæ азты дæргъы ма æнæнизæй æмæ зæрдæрухсæй архай!


Дзусты Алан,

Змейкæйы хъæу.