Зæрдæ райы йæ бакастæй
Рæстæджы цыдимæ кæд цард хуыздæрырдæм ивы, уæддæр адæймаг æрымысы ивгъуыд бонтæ. Йæ рæстæджы, растдæр зæгъгæйæ та 1927 азы, Елхоты, фæстагмæ æртыккæгæм астæуккаг скъола кæм уыдис, уый куы сарæзтой, уæд уыцы цау æнæхъæн хъæуæн дæр уыд бæрæгбон.
Уыцы бæстыхайы рæзгæ фæлтæрæн ахуыр кæнынæн уыдис хорз фадæттæ. Æз мæхæдæг дæр 1957 азы уыцы скъола каст фæдæн. Цы диссаджы ахуыргæнджытæ нын уыдис! Куыд арф зонындзинæдтæ нын лæвæрдтой! Арæх сæ æрымысын. Скъоладзаутæ сæхæдæг дæр тырныдтой фылдæр базонынмæ.
Уæдæ нын алцæмæй ифтонг-гонд спортивон зал кæцæй уыд — уыцы аз райдыдтой ахæм хи хъарутæй аразын, уæддæр куыстой алыхуызон спортивон секцитæ. Цыфæнды куынæг уавæрты дæр адæймагæн йæхицæй бирæ аразгæ у: хъуамæ дæ размæ бæрзонд нысан сæвæрай. Фæлтæрæй фæлтæрмæ алы рауагъды дæр ис, ахуыргæнджытæ æмæ йе 'мбæлттæ сæрыстыр кæмæй сты, ахæм ахуырдзаутæ.
Æнæмæнг, рæстæг куыд цæуы, афтæ йемæ хæссы ивддзинæдтæ. Æрцыдис уыцы афон, æмæ зæронд скъола нырыккон домæнтæн дзуапп куы нал дæтты, уымæ гæсгæ республикæйы хицауады, ахуырады министрады, районы разамынды хъæппæрисæй ивгъуыд аз фæззæджы бавнæлдтой зæронд скъолайы бынаты ног бæстыхай аразынмæ.
Бонæй-бонмæ куыд рæзы, куыд уæрæх ныззылдис, уымæн иууылдæр стæм æвдисæн. Æрмæст йæ æддаг бакастæй дæр зæрдæ райы. Уæдæ дзы рæзгæ фæлтæрæн цы фадæттæ уыдзæн ахуыр кæнынæн, спортæй архайынæн, уыдон кæуылты уыдзысты! Æз цин кæнын ууыл дæр, æмæ ацы диссаджы ахуыры уагдонмæ фыццаг къласмæ кæй бацæудзæн мæ фырты фырт Арсен.
Æппæт бабаты, нанаты, ныййарджыты номæй стыр бузныг зæгъын, сабитæн ног ахуыры азмæ ахæм стыр лæвар скæныныл чи бацархайдта, уыдонæн сеппæтæн дæр.
Бесаты Мæхæмæт,
фæлхасадон кооперацийы ветеран.
Къам систа ТЫЛАТТАТЫ Д.