Цуциты Аслан: "Ирон æвзаг ахуыр канын — æнæмæнг хъуыддаг у”
РЦИ-Аланийы национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министр Цуциты Асланæн национ телеуынынады уыдис фембæлд нæ республикæйы журналисттимæ. Комкоммæ эфиры министримæ ныхас цыдис Ирыстоны цы бирæ адæмыхæттытæ цæры, уыдонимæ ахастдзинæдты, мадæлон — ирон æвзаджы æмæ æдасдзинады уавæртыл.
Ныхас фылдæр уыдис ирон æвзаджы рæзтыл, йæ бахъахъхъæныны мадзæлттыл. Фæстаг рæстæг нæ бæстæйы цы бирæ национ æвзæгтæ ис, уыдонæн дæр ирон æвзаджы хуызæн сæ уавæр бынтон зæрдæмæдзæугæ нæу. Æрæджы Уæрæсейы Федерацийы "Ахуырады тыххæй" закъоны проектмæ ивддзинæдтæ хаст æрцыд, Паддзахадон Думæйы депутаттæ сæ радон æмбырды уынаффæ рахастой, национ æвзæгтæ ахуыр кæнын ныййарджыты фæндонмæ гæсгæ саразын. Цуциты Асланы хъуыдымæ гæсгæ Ирыстоны ирон æвзаг ахуыр кæнын — æнæмæнг хъуыддаг у, уымæн æмæ нæ республикæйы уырыссаджы æмрæнхъ паддзахадон æвзаг у. Ирон æвзаджы фæрцы стæм хицæн наци æмæ хицæн республикæ.
— Хуыцау нæ бахизæд не 'взаг фесæфынæй. Уæд чи стæм æмæ цы стæм, уый бæрæг дæр нал уыдзæн. Нæ кæстæртæ æмæ фидæны фæлтæртæ нал зондзысты нæ фыдæлты ном æмæ кад, не 'гъдæуттæ, фольклор æмæ культурæ. Тыхæй искæй ирон æвзаг ахуыр кæныныл бафтауын нæ бон нæу, фæлæ æз цы бирæ адæмыхæттытимæ æмбæлын, уыдоны 'хсæн тынг бирæ ис, ирон æвзаг базонын кæй фæнды, ахæмтæ. Фæлæ, ирон мыггаг чи хæссы, Ирыстоны чи райгуырд æмæ схъомыл, ирон мад æмæ фыд кæмæн ис, уыдоны та бафтауын хъæуы, цæмæй сæ мадæлон æвзаг ахуыр кæной. Мæн фæнды, цæмæй нæ республикæйы цæрæг нацитæ сæ мадæлон æвзæгтæ ахуыр кæной, уый. Ирон æвзаг паддзахадон у, фæлæ иунæг ран дæр ахæм бынаты æвæрд нæй. Официалон фыстæджытæ, æмбырдтæ, докладтæ иронау ничи цæттæ кæны æмæ фыссы. Афтæмæй та закъон амонгæ кæны. Нæй нæм нормативон базæ кæй хонынц, уый, нæй нæм закъæттæ иронау фыст. Фарон, Германы минæварады æрвыст лæг æрцыдис Ирыстонмæ. Экскурси йын сарæзтой æмæ нын бауайдзæф кодта, иронау фыст сæргæндтæ Ирыстоны æхсæнадон объекттыл кæй нæй, уый фæдыл. Хæстæгдæр бонты ирон лингвисттæ райдайдзысты закъонтæ нæ мадæлон æвзагмæ тæлмац кæнын. Уымæй уæлдай сараздзыстæм Ирыстоны горæттæ æмæ хъæуты, кæмтты ирон номхыгъд. Ирон æвзаг бахъахъхъæныны тыххæй арæзт æрцыд сæрмагонд терминологион къамис дæр, куыд Цæгаты, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр араздзæн алыхуызон дзырдуæттæ. Нæ мадæлон æвзаджы рæзтыл кусгæйæ, архайæм сывæллæтты рæвдауæндæтты ахуырад æмæ хъомылад æнæхъæнæй дæр иронау цæмæй уа, ууыл. Интерактивон проекттæ нæм ис, сывæллæттæн мульткинонывтæ ирон æвзагмæ тæлмац кæнæм æмæ сабиты зæрдæмæ тынг цæуынц, æхсызгонæй сæм кæсынц, ирон æвзаг сын цымыдис у. Кæд нæ размæ, нæ мадæлон ирон æвзаг бахъахъхъæныны хæс æвæрæм, уæд æй хъуамæ ахуыр кæной ирон адæм, фæнда сæ æви нæ, — загъта министр.
Эфиры бирæ фарстытæ лæвæрд цыдис Цуцийы-фыртмæ. Се 'ппæтæн дæр радта бæлвырд дзуаппытæ.
СаутÆты Тамилæ.
Газет “Рæстдзинад”-æй.