Новости

Лазарты Беллæ: “Нæ сæйраг хæс — хъæуккæгты хорздзинад”

IMG 0256Хъуыды ма йæ кæнын, 2008 азы уалдзæг дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ фехъусын кодтой цины уац: сыгъдæгдæр хъæууон цæрæнуаты тыххæй республикон конкурсы Ставд-Дурты хъæу ссис уæлахиздзау 2007 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ. Рацыд дæс азы, æмæ та ног æнтыст: 2016 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ ацы цæрæнуат конкурсы бацахста æртыккаг бынат.

Цы уавæры ис абон та Ставд-Дурты хъæу? Куыд цæрынц адæм, цы аипдзинад ис уынгты æмæ фæзты санитарон уавæры? Ацы æмæ ма ноджы æндæр фарстатæ радтам хъæуы сæргълæууæг Лазарты Беллæмæ.

 

 — Адæймаг йæ кæрты æмæ хæдзары алфамблай чъизидзинад куы уына, уæд æм хъуамæ ма кæса куыдфæндыйы цæстæй, — загъта Ефимы чызг. — Афтæ хъæу дæр. Уымæ гæсгæ кусæм сыгъдæгдзинадыл. Администрацийы кусджытæ стæй минæвæртты Æмбырды депутаттæ зонынц, цас фыдæбон нæ бахъуыд, цæмæй уынгты фос, уæлдайдæр хуытæ, æнæ хицауæй ма лекка кæной. Абон уавæр у бынтон æндæрхуызон: дыргъдæттæг æмæ декоративон бæлæстæ хъыгдард нал цæуынц, цъæх кæрдæг уыцы æмхуызонæй рæзы.

— Беллæ, бæлæсты тыххæй. А уалдзæг нæ газет фыста, уæ хъæуы цы зиу ацыд талатæ садзыны тыххæй, ууыл. Иу хатт ма йæ зæгъæм.

— Уый уыдис нæ хъæуы цæрджыты иу хайы хъæппæрис, æхца дæр сæхимидæг æрæмбырд кодтой, сæ амидингæнджытæ уыдысты хистæртæ Къубалты Марклен æмæ Черчесты Джанаспи. Стыр æххуыс нын бакодта нæ хъæуæй рацæуæг Фæрниаты Хъазыбег. Уый ныртæккæ цæры Кæсæг-Балхъары Республикæйы сæйраг сахар Налцыччы, кусы хъæды питомникы. Фæрнийы-фырты фæрцы нæ къухты бафтыд аслам аргъæй декоративон бæлæсты талатæ балхæнын. Садзгæ та сæ ныккодтам зиуæй хъæуы сæйраг уынджы æмæ Ставд-Дуртæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй чи нал сыздæхт, уыцы зынгхуыст æфсæддонты номыл цыртдзæвæны цур. Æхсызгон цы уыдис — ацы куысты зæрдиагæй бацархайдтой хистæрты æмрæнхъ скъоладзаутæ. Фæсурочыты ацы уынджы чи цыдис, уыцы ахуырдзаутæ сæхимæ айстой кусæнгæрзтæ æмæ архайдтой ас адæймæгтау. Стыр бузныг сын!

— Æнæ адæмæй, Беллæ, ницы бакæнæн ис. Куыд дын æххуыс кæнынц де 'мхъæуккæгтæ, иннæ ахæм æхсæнадон организацитæ?

— Цæрджытæ иухуызон не сты. Уæлдæр загъд лæгтæ кæддæриддæр æрбалæууынц администрацийы фарсмæ цыфæнды хъуыддаджы дæр. Зæгъæм, бындзарæй куынæг кæнæм хæмпæлгæрдæг уынгты æмæ фæзты. Иннæ хъæутау махмæ нæ зайы хъæддаг гæн, кæд нæм, хъыгагæн, хъылма цъирджытæ фæзынд, уæддæр. Уыдоны ныхмæ дæр кæнæм тох хистæрты уынаффæдон æмæ «Иры Стыр Ныхас»-ы хъæуы хайады уынаффæдонимæ. Цыдæртæ нын æнтысы, фæлæ зæрдæзæгъгæ куыст нæма цæуы.

Æнæ ранымайгæ мын нæй, хъæуы санитарон уавæр фæхуыздæр кæныныл зæрдиагдæрæй чи бакуыста, уыдоны: Дзугкойты Тамарæ, Гелашвили Нонæ, Дзугкойты Зæлинæ, Мæргъиты Жаннæ, Хизри Бархаров. Махмæ администрацийы цæй техникæ ис. Хæдæвгæнæг машинæ лæвар радта амалхъом Бокоты Тамерлан, кусгæ та йыл кодта Лазарты Олег. Сывæллæтты рæвдауæндоны кусджытæ Хынцæгты Мæдинæ, Таболты Маринæ æмæ иннæтæ дæр се 'ххуысы хай бахастой.

Куыд нæ хъуамæ раарфæ кæнæм Созæты Валери æмæ йæ фырттæн, Баситы Савели, Токаты Керым æмæ Гогыцаты Эдуардæн! Тынг тыхстыстæм, сывæллæтты рæвдауæндоны алфамблай быру куы фехæлд, уæд. Ацы лæгтæ февнæлдтой æмæ йæ аивтой, профнастил кæй хонынц, ахæм зестæй. Уæдæ дондзæуæны райдианы зилæн (вентиль) куы асаст, уæд уымæ дæр февнæлдтой æмхуызонæй æмæ йæ раивтой.

— Беллæ, хъæубæстæ тынгдæр цæмæй тыхсынц абон? Цы уæм ис ногдзинадæй æмæ ма цæмæ æнхъæлмæ кæсут?

— Цæмæй тыхсут куы зæгъай, уæд, фыццаджыдæр, хъæумæ фæндаг кæй фехæлд, уымæй. Фарон уалдзæг Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав бабæрæг кодта Ставд-Дурты. Йæхæдæг федта, цы уавæры ис федералон автотрассæйæ хъæумæ фæндаг, уый. Уæд нын зæрдæ бавæрдта капиталон æгъдауæй йæ рацаразынæй. Куыд хъуамæ ма уæм разы ахæм разамонæгæй, йæ ныхасæн хицау чи разыны! Æрæджы, сусæны мæйы фыццаг бонты, хъæумæ хæстæг æрбынæттон фæндагаразæг уæззау техникæ. Æнæххæст барджын æхсæнад «Алани» бавнæлдта фæндаг капиталон æгъдауæй цалцæг кæнынмæ.

Ныр цалдæр азы тыхсæм æнæ культурæйы Хæдзарæй. Æмæ ууыл дæр куыст цæуы. А дыууæ боны сцæттæ уыдзысты хъæугæ гæххæттытæ, æмæ нæ ныфс ис, арæзтадон куыстытæ ацы аз кæй райдайдзысты, уымæй. Уыдæттæ иууылдæр арæзт цæуынц хъæуккæгты хорздзинадæн.

— Фæндаг æмæ культурæйы Хæдзар арæзт куы фæуой, уæд æппæтæй æххæст уыдзыстут æмæ цард фæхуыздæр уыдзæн…

— Æппæтæй æххæст иу цæрæнуат дæр нæу, стæй цард æнæ фæллойæ нæ фæхуыздæр уыдзæн. Махмæ та бирæтæн, уæлдайдæр фæсивæдæн, куысты бынæттæ нæй. Фæлæ нæ къухтæ дæр куыд æруадзæм? Исты архайын йæ зæрды кæмæн ис, уыдонæн æххуыс кæнæм: чи зæххы куыст кæны, чи фос дары, чи та йæхи хæдзарады змæлы. Кусынц æмæ сæ бинонтæ дарынæн амæлттæ кæнынц. Раст куы зæгъæм, уæд не 'мбарын, бонасадæн чи кæны, бæлæсты сатæджы бандæттыл кæнæ херытыл чи бады, уыдоны. Семæ хистæр фæлтæры минæвæрттæ дæр. Ничи сæ йæхицæн хæсыл банымайдзæн администрацимæ æрбацæуын, исты фæндон æрбахæссын нæ хъæуы уавæр æмæ цард фæхуыздæр кæныны тыххæй. Ахæмтæ сæхи дæр æмæ сæ хæстæджыты дæр æгад кæнынц.

Куыд сын ис абарæн, фæндаг цалцæг кæнæн куыстыты райдианы сæхи хъаруйæ куывд чи скодта, уыдонимæ. Ахæмтæй фидауы хъæу.

— Беллæ, уæ фæндтæ уæ къухты бафтæнт!

— Бузныг, архайдзыстæм, нæ авналæнтæ куыд амоной, уымæ гæсгæ. Адæмы фарн бирæ у, се 'ххуыс — ахадгæ æмæ рæдау. Уыдонæн балæггад кæнын у алы разамонæджы хæс.


Ныхас ныффыста

КЪУБАЛТЫ Солтан.

Къам систа СУГЪАРАТЫ Е.