Новости

Хетæджы Уастырджи

Сусæны мæйы (июлы) ирон адæмон бæрæгбæттæ фылдæр хатт райдайынц Хетæджы Уастырджийæ. Уыцы бон ма сбæрæг кæнынц Дзири дзуар æмæ Гæлиаты Авд дзуары бæрæгбæттæ. Стæй къуыри фæстæдæр ралæууы Кæхцгæнæнты, Рагъы дзуары рад. Мæйы фæстаг хуыцаубонмæ æрцæуынц Атынæг, Къобы Уастырджи æмæ Цыргъисæн. Уыдонæй раздæр та сбæрæг кæнынц Хохы Уастырджийы, Хуыцауы дзуары (хуыцаубоны), Бызы Сау дзуары (дыццæджы) æмæ æндæр бæрæгбæттæ. Ацы мæйы афтæ бирæ сты, æмæ хуыцаубонты ныццæм вæййынц æртыгай æмæ фылдæртæй. Уымæй ма сæ хæццæ-мæццæ дæр скæнынц. Уæлдайдæр Хетæджы Уастырджийы бон æмæ Кæхцгæнæнтæ.

 

Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон Ирыстоны дзыллæтæ иу бон рагæй нал бæрæг кодтой. Нæ республикæйы фыццаг Президент уый сраст кæнынмæ бавнæлдта Стыр Ныхасы æххуысæй. Уыдоны фæндонмæ гæсгæ, Указæй сфидар кодта Хетæджы Уастырджийы бæрæгбонæн июлы дыккаг хуыцаубон. Афтæмæй та йæ бон фылдæр хатт æрцæуы фыццаг хуыцаубонмæ. Цæмæн?

Фыццаджыдæр, уымæн, æмæ йæ бон хъуамæ ма ахиза мæнæугæрдæнтæм. Афтæ йæ рагæй-æрæгмæ бæрæг кæнынц, æппæты фыццаг æй бæрæг кæнын чи райдыдта, уыдон — Куырттаты комы цæрджытæ æмæ уырдыгæй ралидзджытæ. Цæугæдоны был чи цæры, йæ раивылд дæр ын уый зоны, æмæ уыдон растдæр сты. Бæрæгбоны та, дам, кæй номыл у, уыцы зæд, дуаг йæ кувæг адæммæ йе ’ргом раздахы, сæ куывдтытæ сын æхсызгонæй исы. Алы бæрæгбонæн дæр йæ нысан æмæ йæ мидис уый мидæг сты. Æндæр мах, ирон адæм, Уастырджийы ном æрвылбон дæр цытджынæй арæм.

Дыккаджы та, Хетæджы Уастырджийы бон къуыритæ æмæ бонтæй баст у, йæ размæ æмæ йæ фæстæ цы бæрæгбæттæ вæййы, уыдонимæ. Зæгъæм, уымæй къуыри раздæр хуыцаубоны вæййы Ныхасы Уастырджийы, дыууæ къуырийы раздæр къуырисæры та — Уациллайы бæрæгбон. Уымæй къуыри раздæр сабаты — Реком, хуыцаубоны — Дауджытæ. Уыдонæй къуыри раздæр — Кæрдæгхæссæн. Уациллайы бæрæгбонмæ Дзывгъисы Уастырджийæ ис фондз боны, Цыргъобау та вæййы йæ хæдразмæ хуыцаубоны.

Хетæджы Уастырджийæ къуыри фæстæдæр хуыцаубоны ирон адæм сбæрæг кæнынц Кæхцгæнæнтæ. Уыдонæй къуыри фæстæдæр вæййынц Хуыцауы дзуары æмæ Фæроны дзуары бæрæгбæттæ. Æмæ афтæ дарддæр.

Ацы аз Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон æрцыд Сусæны мæйы (июлы) дыккаг хуыцаубонмæ — 8 июлмæ. Йæ кувæндон кæд Алагиры районы зæххыл Куырттаты комæй рахизæны дæлвæзы ис æмæ йæм кæд райдайæны кувынмæ йæ алыварс хъæутæ Суадаг, Ногхъæу, Хъæдгæрон, Дзуарыхъæу, Хæтæлдон æмæ æндæр хъæуты цæрджыты йеддæмæ стæм цыд, уæд ныр ацы кувæндон ссис æппæтиронадæмон. Уымæн æмæ Уастырджи æппæт ирон адæмыл аудæг зæд у, иудадзыг Хуыцауы раз ис æмæ Ирыстонмæ æртæхгæйæ ирон адæмæн Хуыцауы хæрзтæ чи æрхæссы, уыцы рæстаг, хæларзæрдæ æмæ æргом зæд у.

Хетæджы Уастырджийы кувæндоны бынмæ ныры дуджы сæ кувинæгтимæ цæуынц Ирыстоны æппæт рæттæй дæр: Цæгатæй-Хуссармæ, Хурыскæсæнæй-Хурныгуылæнмæ. Æмæ уый хуымæтæджы нæу: фæдзæхсынц ыл сæ кæстæрты, сæ бæлццæтты, сæ рынчынты, сæ арфæйаг хъуыддæгтæ, сæхи, æмæ куыд æргом зæд у, афтæ сын æргом æххуыс кæны.

Ныр дæр та Хетæджы Уастырджийы кувæндонмæ ирон адæм цæудзысты рухс зæрдæтимæ, хъæлдзæгæй, йæ хорзæх рахæссын æнхъæлæй. Æмæ дзы æдзухдæр райгонд куыд уæм, уыцы хорздзинад нын йæ цæст бауарзæд. Табу йын кæнæм, æмæ нын æдзухдæр табуйаг куыд уа. Нæ кувинаг ын барст уæд, нæ мысайнаг — ист. Æмæ нын цæмæй нæ куывдтытæ иса, уый тыххæй кувæндоны æгъдæуттæ халын нæ хъæуы.

Æрвылаз дæр Хетæджы Уастырджийы бæрæгбоны йæ кувæндонмæ куывддоны æрбацæуынц бирæ дзыллæтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, табу кæнынмæ, кувынмæ. Фæлæ се 'хсæн вæййы ахæмтæ дæр, сæ уаг, се 'гъдау, сæ дзаумайы конд нывыл кæмæн нæ вæййынц. Кувæндоны бынмæ расыгæй цæуын стæй дзы расыг кæнын дæр нæ фæтчы. Нæ фыдæлтæ йæ быны æртæ сидтæй фылдæр нæ кодтой: Стыр Хуыцауы, Уастырджийы æмæ куывддонты кæнæ кувинаг цы хъæубæстæй, сыхбæстæйæ æрбахастой, уыдоны сыл бафæдзæхсыны сидтытæ.

Кувæндонмæ не 'мбæлы цæуын æнæхсадæй, æнæдастæй, спортивон æмæ æндæр ронбæгъд уæлæдарæсы, хæцæнгарзимæ, хъамаимæ цæуын æм нæ фæтчы. Йæ быны нæлгоймаг хъуамæ уа худаист, аив конд, ирд сыгъдæг уæлæдарæсы. Афтæ сылгоймаг дæр: ирд сыгъдæг уæлæдарæсы. Раздæр кувæндонмæ сылгоймаг æнæ сæрбæттæнæй нæ цыд. Ныр дæр сæ аргъуанмæ æнæ сæрбæттæнæй нæ уадзынц. Кувæндоны бын уыцы æгъдау фехæлдтой, æмæ сын уый фаг нæ разынд: цæуын æм райдыдтой гомзæнг, гомцонг, гомриу æмæ ма гомгуыбынтæй дæр. Даргъфадыг хæлафджынтæ дæр дзы фæзынынц. Сылгоймаг йæхи куы суадза, уæд ын æвзæрæй бирæ æнтысы. Æмæ сын макæ зæгъæг нæй; дзуарылæгтæ мысайнаг æмбырд кæнынæй уæлдай сæхимæ æндæр хæстæ нал исынц.

Мысайнаджы тыххæй та нæм ахæм хабæрттæ райтынг, æмæ худинагдæр, аллайæгдæр цы хъуамæ уа нæ ирон царды! Нæ кувинæгтæ дæр нын уымæн нал исынц, æвæццæгæн, Стыр Хуыцау, йæ сконд зæдтæ æмæ дауджытæ. Æмæ ныл бæллæхтæ дæр уымæн цæуы! Цæмæй мысайнæгтæм иуæй-иу дзуарылæгтæ ма цыбæл кæной, уый тыххæй кувæндоны æвæрын хъæуы мысайнагæн æхсад згъæр æхцатæ. Гæххæттын æхцайæн æхсæн нæй, æмæ йæ чъизийæ æвæрын нæ фæтчы. Иннæмæй та мысайнæгтæн дæр æрмæст сæ кæцыдæр чысыл хай — фæтчы хъæдæн — сисгæ у иумæйаг куывдæн. Иннæтæ хардзгæнгæ сты кувæндоны аивдзинадыл, ирон æгъдæутты рæсугъд хъуыддæгтыл. Хъæугуывдтæ нæ, фæлæ... Ахæм куывдæн та куывддонтæ æрæвæрынц сæхи сæрмагонд мысайнæгтæ.

Кувæндон адæймаджы хъæздыгдзинад æвдисæн бынат нæу! Сыгъдæг зæрдæйæ йæм цæуын хъæуы, дæ бон цæмæй у, уымæй йæ сбуц кæн рæдауæй: æртæ æртæдзыхонæй, бæгæныйы къус æмæ дзыккайæ дæр фæуæд. Нæ мæгуыр фыдæлтæн сæ фылдæрæн сæ кувинаг æрмæстдæр адон уыдысты. Мысайнаг та æвæрдтой æртæ суарийы — 15 капеччы. Ныр дæр æртæ згъæр фондз сомы æгъгъæд сты мысайнагæн. Гъемæ та сæ Хетæджы Уастырджийы кувæндонмæ куыд зæрдæхæларæй, рæдауæй, хорзæнхъæлæй бахæссæм, уый бæрц нын арфæйаг фæуæнт!


 

ЦГЪОЙТЫ Хазби.

(Газет «Рæстдзинад»-æй).