Дыгуры Зелим: “Мæ мæт — мæ хъæубæсты хорздзинадыл”
Фондз азы размæ хъахъхъæдуйрæгтæ се 'ууæнк радтой Дыгуры æрыгон лæппуйæн æмæ йæ равзæрстой сæ хъæуы сæргълæууæгæй. Ахъуыды кæнгæйæ, бирæ рæстæг нæма рацыди, фæлæ йæ бæрнон куыстæн хатдзæгтæ скæнынæн æгъгъæд у.
Зелимимæ куы фембæлдтæн, уæд æй фыццаг бафарстон, цавæр хъуыдытимæ, фæндтимæ цыдис ацы бынатмæ, йæ размæ цы хæстæ сæвæрдта, уымæй.
— Алы адæймаг дæр бæрнон бынатмæ куы фæцæуы, уæд æм вæййы цыдæр нысантæ, — загъта Дыгуры-фырт. — Мæнмæ дæр уыдис фæндтæ. Мæ сæйрагдæр хæсыл нымадтон æмæ нымайын æвзарджыты æууæнчы аккаг уæвын, цæмæй райсомы бон ма фæфæсмон кæной, цæмæн æй равзæрстам, зæгъгæ. Абон дæр мæ мæт у мæ хъæубæсты хорздзинадыл.
Иунæг хъæуы сæргълæууæджы дæр нæ фæнды, цæмæй йæ райгуырæн цæрæнуат уа чъизи, æнаив, æдзæллаг. Ам мæ размæ чи куыста, бынтон хистæр фæлтæры нæ зонын, фæлæ Æлдаттаты Барис, Туаты Алик, Брциаты Георги — уыдонæй алчидæр архайдта ууыл, цæмæй хъæубæсты æрцæуа исты ивддзинæдтæ хуыздæрæрдæм, уа аив. Æз дæр, мæ фадат куыд амоны, афтæ архайын ууыл.
— Æвæццæгæн дын, уыдоны фæлтæрддзинад дæр дæ куыстæн цыдæр ахъаз у?
— Æнæмæнг. Фæлæ иудадзыг зонгæ къахвæдыл цæуæн нæй. Дæхæдæг дæр хъуамæ агæрдай ног фæндаг, тырнай иучысыл хуыздæр исты равдисынмæ. Фæнды мæ, цæмæй Хъахъхъæдурæй йæ цæрджытæ сæрыстыр уой.
— Зелим, фондз азы дæргъы цы бафтыд дæ къухы?
— Бынтон мæхицæй раппæлон, уый зæгъæн нæй. Куы йæ загътон, мæ фадат, мæ авналæнтæ куыд амонынц, афтæ архайын. Фыццаджыдæр, мæ хæс у нæ уынгты æмæ хъæуы алфамблай сыгъдæгдзинадыл кусын. Уыцы хъуыддаджы, хъыгагæн, се 'ппæт нæ, фæлæ бирæтæ мæ фарсмæ æрбалæууынц. Æппын æдзух кæрдæм хæмпæлгæрдæг, куынæг кæнæм хъæддаг гæн.
Цы мын бантыст саразын ацал-ауал азы? Нæ уынгты гуыргъахъхъ фæндæгтæ хуырæй слæгъз кодтам, æмæ ахæм æдзæллаг уавæры нал сты.
Нæ культурæйы Хæдзары сæр дæр заууатмæ æрцыдис, æмæ йын йæ зæронд шифер зестæй раивыныл зæрдиагæй бакуыстам.
— Уæ депутаттимæ дæ ахастдзинад куыд у, ныфс дæ сæ ис?
— Тынг æххуыс мын сты. Исты фарстайы тыххæй сæм куы бадзурын, уæд уайтагъддæр фæзынынц хъæуы администрацимæ. Суанг ма сæхæдæг дæр, хистæртæ уæвгæйæ, равдисынц хъæппæрис.
— Фæсивæды хъомыладон куыст та уæм куыд æвæрд у?
— Раппæлыны аккаг æвæрд нæу. Хъыгагæн, нæй нæм нæ спортивон зал, нæ спортивон фæз. Иу дзырдæй, нæ фæсивæд сæ уæгъд рæстæг кæм æрвитой, культурæйы Хæдзарæй дарддæр, кæцыран архайынц алыхуызон хихъæппæрисадон къордтæ, ахæм бынат нæм нæй.
Стыр бузныг нæ фæсивæдæй бирæтæн. Уыдон сæхи хъарутæй хъæугæрон быдыры сарæзтой футболон фæз. Ныссыгъдæг æй кодтой хæмпæлгæрдæгæй. Изæрæй амбырд вæййынц, саразынц сæхи мидæг командæтæ æмæ ерыс фæкæнынц футболæй хъазынæй.
Бæргæ нæм уыдис кæддæр спортивон зал дæр, фæлæ басыгъди. Цы бæстыхай ма дзы баззади, уым æвæрд æрцыдысты тренажертæ.
— Зелим, дæ размæ цы хæстæ сæвæрдтай, уыдонæй дын абоны онг цы нæма бантыст бакæнын?
— Бирæ цыдæртæ. Тынгдæр мæ хъынцъым, мæ сагъæс у, хъæуы астæу цы федералон сосавæндаг цæуы, уый. Машинæты нымæц бонæй-бонмæ фылдæр кæны, æмæ дзы æдæрсгæ адæймаг иннæ фарсмæ нæ ахиздзæн. Иуæй-иу хæдзæрттæ фæндагмæ сты 4-5 метрмæ хæстæг, æмæ уынгмæ сæ сывæллæттæн рацæуæн дæр нæй. Хъыгагæн, уыцы фæндагыл æрцыдис фыдбылызтæ дæр зиантимæ.
Фæнды нæ, цæмæй фæндагæн исты æрхъуыды кæной, скæной йæ хъæуы иувæрсты. Уыцы фарстайы фæдыл бахатыдыстæм республикæйы хицауадмæ, арвыстам фыстæджытæ æндæр уагдæттæм, уыцы хъуыддаг кæмæй аразгæ у, уыдонмæ. Ныхас ыл кодтон телеуынынадæй дæр. Кæд нæ фехъусиккой уæлдæр хицауад.
Тыхсын ма мæ кæны иу хъуыддаг. Нæ хъæуы скъола арæзт æрцыдис 1950 азы. Уæдæй нырмæ капиталон æгъдауæй цалцæггонд никуы уыд. Не 'ппæты бæллиц дæр у, цæмæй нæм ног скъола сырæза. Уый уаид стыр лæвар Хъахъхъæдуры фидæны фæлтæртæн.
Кæнинæгтæ нырма бирæ, архайдзыстæм, цæмæй нæ къухы бафта сæ бакæнын. Уый тыххæй та нæ æнгомдæр æрбалæууын хъæуы кæрæдзимæ. Æмзондæй, иумæйагæй цы саразай, уый иунæгæн нæ бантысдзæн. Æмæ мæ зæрдæ дарын ме 'мхъæуккæгтыл.
ТЫЛАТТАТЫ С.
Къам систа ТЫЛАТТАТЫ Д.