Фесæфæнт хæстæндзарджытæ!
Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд мыл æртæ азы йеддæмæ нæ цыд. Уыцы бон уыйас мæ зæрдыл нæ лæууы, фæлæ немыцы Æрджынарæджы бæрзæйсаст куы фæкодтой æмæ нæ бинонтæ Заманхъулæй Елхотмæ куы здæхтысты, уæд уый хорз хъуыды кæнын. Мæ фыды хойы чызг Бæцæзаты Лидæимæ бадтыстæм галуæрдоны æмæ цин кодтам, нæхимæ кæй цæуæм, ууыл. Нырма сабитæ уыдыстæм, уыйас нæма ахста нæ зондахаст, æмæ фырцинæй æнæхъæн фæндаг фæкодтам заргæ: «Мах Елхотмæ фæцæуæм, сырх мæнæу дзы хæрдзыстæм». Цæмæй зыдтам, цы нæм æнхъæлмæ кæсы, уый.
Бæстыхæйттæ алырдыгæй — дæ рæнгонд. Махæн дæр нæ агуыридурæй амад хæдзарæн йе 'рдæг уыдис пырх. Кæртмæ бацæуæн дæр нæ уыд. Заманхъулмæ куы лыгъдыстæм, уæд нæм цыдæриддæр хорæй æмæ æндæр хойрагæй уыдис, уыдон нæ ныййарджытæ баныгæдтой цæхæрадоны, фæлæ сæ уæддæр немыцæгтæ ссардтой æмæ сæ скъахтой. Фæстæдæр куыд базыдтам, афтæмæй сæ штаб уыдис мах хæдзары.
Лидзæг куы фесты, уæд ма дзы цы баззади, уыдоныл бензин бапырх кодтой, цæмæй хæрынмæ мауал сбæззой, уымæн. Фырæххормагæй нæм Лидæимæ хъару нал уыдис. Цы нын акодтаиккой нæ мадæлтæ, кæдæм фæцыдаиккой къæбæргур, елхотæгтæ иууылдæр ахæм зын уавæры куы уыдысты, уæд.
Нæ бон куы нал уыдис, уæд Лидæимæ сусæгæй сбырыдыстæм цармæ æмæ дзы ссардтам мыстыты æрдæгхæрд нартхоры гагатæ. Абоны хуызæн æй хъуыды кæнын, куыд зыдхæрд дзы бакодтам, уый. Чъизи сты æмæ истæмæй фæрынчын уыдзыстæм, ууыл уыцы æххормагæй чи хъуыды кодта.
Стæй уæд цард чысылгай йæхиуыл хæцын байдыдта, фæлæ адæмæн хæст цы хъыцъыдæттæ бадардта, цы фыдбылызтæ æрхаста, цас цæссыг бавзарын кодта, уыдонæн рохгæнæн нæй. Фесæфæнт хæстæндзарджытæ, сæ кой, сæ хъæр дæр куыд никуыуал уа, афтæ!
ТЫЛАТТАТЫ Зинæ.