Новости

Фæстаг хæрзбон нал загъта

2010 07 29 18 34 301941-æм азы хурхæтæны мæйы 22-æм бон Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд уыцы лæгæвзарæн æмæ тугкалæн тохмæ Ирыстоны хъæбултæй Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ иннæтимæ иумæ ацыд елхотаг лæппулæг Дойаты Хъазыбеджы фырт Аслæнбег дæр.

 

Кæд уæдæй нырмæ æвдай авд азы рацыд, уæддæр нæ дзæбæх кæнынц сæ хъæдгæмттæ, уыцы тохы цæхæры кæй ныййарджытæ басыгъдысты, уыцы сабиты зæрдæтæн. Абон йæ фыды тыххæй йæ мысинæгтæ дзуры Аслæнбеджы чызг Милдзыхты-Дойаты Ферузæ:

— Хæсты райдайæны мыл цыд æрмæстдæр 4 азы. Æмæ раст зæгъын хъæуы, мæ фыды тыххæй цыдæриддæр мæ бон у зæгъын, уыдон хъуыды кæнын мæ мады ныхæстæм гæсгæ.

Хæст куыддæр райдыдта, афтæ фыццæгтимæ нæ фыдмæ дæр фæсидтысты нæ бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Æмæ уый æнæдызæрдыгæй иннæ æмхъæуккæгтимæ афæндараст йæ хæстон фæндагыл. Мæ мад — заманхъуйлаг чызг Айлараты Лемка — баззад йе 'ртæ æнахъом сабиимæ. Мæ хистæр æфсымæр Мæирбег, уый фæстæ æз, стæй та мæ хо Симæ. Куыдтæтæ цардаиккам, уый уæ цæстытыл ауайæд! Фæлæ уыцы рæстæджы адæм кæрæдзийыл æнувыддæр уыдысты, æмæ-иу нын нæ сыхæгтæ дæр, сæ бон цæмæй уыд, уымæй æххуыс кодтой, нæ мады къух рог кодтой. Афтæ тыхтæ æмæ амæлттæй бонтæ æрвыстам.

Нæ фыды ацыдыл цалдæр боны куы рацыд, уæд нæ мады хъустыл æрцыд, зæгъгæ, ногсидтонтæ Дзæуджыхъæуы фæстиат кæнынц, æмæ Лемка сфæнд кодта йæ цардæмбалы бабæрæг кæнын. Нæ сыхæгтæ нæм цы зæронд дзултæ æрбахастой, уыдон бахус кодта æмæ афæндараст Дзæуджыхъæумæ. Æвæдза, дызæрдыггаг нæу, хæстон кинонывты цыдæриддæр февдисынц, уыдон иууылдæр цардæй ист кæй сты, уый. Лемка-иу афтæ дзырдта, зæгъгæ, уыцы бон вагзалы адæмæй къух бакæнæн нæ уыд, мыдыбындзыты æвзæнау (рой) гуыв-гуыв кодтой. Уыцы адæмы 'хсæн йæ бон не сси нæ фыды ссарын. Афтæ фенхъæлдта, æмæ байрæджы кодта, ома нæ фыд ацыд йе ссыдмæ. Уæд Лемка, Елхотырдæм чи анкъуысыдаид, ахæм поезды вагæттæй иуы бабадт, йæ хус дзултæ (сухари) фырадæргæй йæ къухты, афтæмæй. Хъæумæ куы æрхæццæ, уæд поезд иу минут йеддæмæ нæ лæууыд. Айларон тагъд-тагъд рахызт æмæ рараст хæдзармæ. Уый фæстæ йын æй куыд дзырдтой, афтæмæй нæ мад цы вагоны бадтис, уый хæдфарсмæ вагоны та цыдис нæ фыд. Поезд бæстон лæуд куы æркодта, уæд Аслæнбег та йæхи вагоны рудзынгæй хъæр кодта, зонгæты фарста, агуырдта нæ мады. Фæлæ ма цы уыди иу минутмæ акæнæн?! Поезд анкъуысыд, нæ фыды дæр нын аласта… Афтæмæй мæ ныййарджытæ сæ кæрæдзийæн фæстаг хъарм хæрзбон дæр нал загътой…

Рæстæг цыд. Нæ мад куыста колхозы. Хорæфснайыны рæстæг йæ тæккæ тæмæны куы уыд, уæд-иу мах, сабитæ, йе 'рбацыдмæ фылдæр хатт ныффынæй стæм. Æмæ ма-иу æрмæст бæхты къæхты хъæрæй базыдтам нæ мады æрбацыд. Кæимæ нæ ныууадза, уый-иу куы нæ уыд, уæд-иу мах дæр йемæ акодта. Сывæллоны бон цастæ у, фæлæ-иу ын æххуыс кодтам. Кæм нартхоры кæрдзын, кæм миты бынæй къахт салд картæфтæй хъæрмхуыпп хæргæйæ хъомыл кодтам. Нæ фыд писмотæ фыста, фæлæ Лемка, мæгуырæг, иунæг дамгъæ дæр нæ зыдта. Æмæ-иу куы кæмæн бакæсын кодта фыстæг, куы кæмæн. Нæ фыд-иу æм лæгъстиагау дзырдта, цæмæй йæм йæхи къухæй писмо ныффысса, фæлæ уæд ахуыр кæнынмæ кæй æвдæлди… Иу цасдæры фæстæ та нæм сау гæххæтт ссыд. Уым фыст уыд, Аслæнбег æбæрæгæй кæй фесæфт, уый. Афтæмæй сидзæртæй бынтондæр нæ мады æвджид баззадыстæм. Лемкайы уæддæр уырныдта, хæст куы фæуа, уæд йæ цардæмбал нæ хæдзары къæсæрыл кæй æрбахиздзæн, уый. Уæлахизы бон куы æрцыд æмæ хæсты цæхæрæй чи аирвæзт, уыцы адæм фæстæмæ здæхын куы райдыдтой, уæд уыдоны 'хсæн нæ фыд, хъыгагæн, нæ разынд…

Нæ мад йæхæдæг æнахуыргонд кæй уыд, æвæццæгæн, уымæ гæсгæ йæ уд хъардта, цæмæй йæ сывæллæттæ сахуыр кæной. Мæирбег æмæ æз фестæм финансон техникум, Симæ та хуыйæгыл сахуыр кодта скъолайы фæстæ. Раджы ахицæн йæ цардæй нæ мад Лемка. Уæдæ се 'цæг дунемæ ацыдысты ме 'фсымæр æмæ мæ хо дæр. Цалдæр азы размæ нæм ссыд писмо, кæцыйы фыст уыд, мæ фыд Дойаты Хъазыбеджы фырт Аслæнбег кæй фæмард, Советон æфсæддонтæ Украинæйы зæхх фыдызнагæй куы уæгъд кодтой, уæд. Ныгæд дæр уым æрцыд. Мæ лæппу Эдик æмæ мæ мæ дзæбæх чындз Мамыхъаты Зæирæ сразæнгард кодтой уырдæм фæцæуынмæ. Бæргæ бахъавыдыстæм (уæд ма Симæ дæр цардæгас уыд) фыды ингæн бабæрæг кæнынмæ, фæлæ змæстытæ райдыдтой Украинæйы, æмæ абоны бонмæ дæр уыцы хъуыддаг нал бантыст. Нæ зонын, рауайдзæн ма мын… Йæхи йын нæ хъуыды кæнын мæ фыды, фæлæ йын йæ ингæны цур мæ сæрæй ныллæг æркувин, зæрдиагæй дзы фæкæуин. Зæгъин ын, куыд сыгъдæгæй йын фæхаста нæ мад йæ ном, куыд сæрыстыр дзы дæн, куыд сæрбæрзонд дæн, уæлахиздзауы фæдон кæй дæн, уымæй.

Советон Цæдисы паддзахад кæд йæхæдæг нал ис, уæддæр йæ зæххы фæзахсты цал æмæ цал ис Ферузæйы хуызæттæ, кæцытæ сæ ныййарджыты нæдæр уынгæ фæкодтой, нæдæр сын сæ сурæттæ хъуыды кæнынц, фæлæ уæддæр уæлахиздзауты нæмттæ рох кæнын нæ уадзынц. Уыдон иууылдæр иумæ рацæуынц Уæлахизы бон хъæуты æмæ горæтты уынгтæм «Æнæмæлгæ полк»-ы рæнхъыты, Ферузæйы хъæбулы хъæбултæ Сæрмæт æмæ Фатимæ сæ нанайы фыд Дойаты Хъазыбеджы фырт Аслæнбеджы хуызистимæ куыд рацæуынц, афтæ.

Макуы баззайæнт рохуаты, не 'ппæтæн дæр Стыр Уæлахиз чи балæвар кодта, уыдоны нæмттæ!


ДЗИУАТЫ Анжелæ.

Къам систа ТЫЛАТТАТЫ Дианæ.