Новости

Ирон æвзаг — сæ рухс бæллиц

IMG 20180515 WA0020«Мадæлон æвзаг — ныййарæгау адджын». Афтæ схуыдтой сæ мадзал районы центрон библиотекæйы кусджытæ ирон æвзаг æмæ литературæйы Боны кадæн.

Ардæм хуынд æрцыдысты Елхоты ацæргæ адæм, районы уагдæтты бæрнон кусджытæ æмæ хъæууон скъолаты ахуырдзаутæ.Мадзал амонджытæ Кодзырты Искрæ æмæ Лианты Алинæ æрбацæуджыты базонгæ кодтой ацы бæрæгбоны фæзындимæ. Куыд зонæм, афтæмæй 1899 азы зæрдæвæрæны (майы) мæйы фынддæсæм бон фыццаг хатт мыхуыры рацыд Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр». 2003 азы нæ республикæйы уæды Президент Дзасохты Алыксандры указмæ гæсгæ 15 май нымад æрцыд ирон æвзаг æмæ литературæйы боныл.Кæй зæгъын æй хъæуы, алы адæмыхаттæн дæр йæ мадæлон æвзаг у æппæтæй зынаргъдæр. Афтæ ирон адæмæн дæр. Уымæн æмæ у тынг рагон, зæлланггæнаг, зæрдæмæхъаргæ. Дзæгъæлы йæ нæ иртасынц фæсарæйнаг бæстæты зындгонддæр ахуыргæндтæ.

Уыцы бон ирондзинад уыдис æппæты сæйрагдæр. Æцæгдæр ирон бæрæгбон æнæ рæсугъд фæндырдзагъд æмæ кафтæй нæ фидауы. Хорз фидыдтой Хæ-бæлаты Дианæ æмæ Тыбылты Хетæг «Хонгæ кафты». Уæдæ Елхоты аивæдты скъолайы ахуырдзаутæ Сохты Миленæ æмæ Зæнджиаты Виктория дæр мадзалы архайджыты зæрдæтæ бахъæлдзæг кодтой сæ аив фæндырдзагъдæй.Ирон æвзаджы тыххæй Ирыстоны фысджытæ æмæ поэттæ сфæлдыстой бирæ уацмыстæ. Мадæлон æвзаджы тыххæй стæй Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ аив бакастысты Дзабиаты София, Жигунты Арсен, Наниты Зауырбег, Жигунты Алан, Хæбæлаты Аминæ, Габысаты Лизæ. Дзæгъæлы нæ фæ-зæгъынц, æвзаг бинонты 'хсæн гуыры, зæгъгæ. Ацы скъоладзауты бинонтæ дæр, уый гуырысхойаг нæу, бирæ уарзынц сæ мадæлон æвзаг æмæ уыцы уарзондзинад дæттынц кæстæртæн. Айгъай, сывæллон йæ рагбонты фыццаг ныхас иронау куы фехъуса, фыццаг ирон зарæг куы сахуыр кæна, уæд ын суыдзæн æцæг мадæлон æмæ йæ бауарздзæн зæрдæйæ.Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ фыдæлтæй нын баззад тынг бирæ таурæгътæ æмæ æмбисæндтæ. Æрмæст Нарты кадджытæ сты царды ахуыргæнæндон. Сфидауын кодтой мадзал Алæты Зæлинæ, Хæбæлаты Дианæ æмæ Туаты Аленæ ирон æмбисæндтæй арæзт ныв равдыстой. Фæхудтысты иууылдæр магусайæ цæлуарзагыл, æввонгхорыл. Фыдæлтæй ахæм æмбисонд баззад: «Æмзонд цуанæттæ саг марынц, æнгом бинонтæ цард арынц». Ахæм уыд йæ мидис скъоладзауты равдыстæн.

Елхотаг хæрæфырт Хъуысаты Камиллæ уыдис мадзалы уазæг. Уый тынг аив акодта «Иры зарæг». Йæ диссаджы хъæлæсæй адæмы зæрдæты бауагъта æхцондзинад.

Амонджытæ ма иу хатт фæсидтысты фæсивæдмæ, цæмæй дзурой Къостайы æнæмæлгæ æвзагыл. Уый махмæ æнусты сæрты ралæвæрдтой нæ æрдхæрæны фыдæлтæ — скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæ. Мах дæр æй адæттæм нæ абоны æмæ фидæны фæлтæртæм.

Фæуын мæ фæнды ацы рæнхъытæ поэт Чеджемты Æхсары æмдзæвгæ «Иры дзырд»-æй:

Дæ зæрдæйы бынæй цы бæстæйы уарзыс,

Гъе уый у дæ хъысмæт, дæ ном.

Ирон дзырд у махæн нæ фыдæлты намыс,

Ирон дзырд — нæ Иры цæсгом.

«Иры Стыр Ныхас»-ы районы хайады уынаффæдоны номæй мадзалы архайджытæ æмæ уазджытæн арфæ ракодта Къубалты Солтан. Скъоладзаутæн радтой Кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.


АЛАНТЫ С.

Къам систа Л. НЫРОВА.