Новости

Дæ цæсгом æмæ дæхæдæг

Дæ цæхæрадоны уалдзæг ма бакус æмæ дын хæмпæлгæрдæджы бын фæуæд — раздæр ахæм хъуыддаг сæрмæхæссинаг нæ уыд. Зæхмæ æргуыбыр кæныны адæргæй хъæдындзы сыф æлхæнынмæ базармæ згъорын чидæртæ, æвæццæгæн, æнцондæр хонынц. Фæлæ адæймаг куыстæй ирвæзы, уый дæр рохгæнинаг нæу.

 

Ходы Руслан Елхоты Кировы уынджы 94-æм хæдзары цæры. Хорз цæхæрадон ын ис. Картофы, халсарты, дыргъты хъæздыг тыллæг дзы райсы. (Уый хуызæттæ ам бирæ сты). Лæг йæ гыццылæй кусын куы сахуыр вæййы, уæд зæрондæй дæр уыцы хорздзинад нæ уадзы. Иу белгом зæххæй æдыхстæй сæппар, æмæ дæ рæбынæй бæркад гуырдзæн.

Кировы районы центры цæрджытæй иуæй-иутæ афæдзæй-афæдзмæ сæ хæдзæртты чъылдыммæ нæ ракæсынц. Сæрдыгон сæ цæхæрадæтты хæмпæлгæрдæг афтæ бæрзонд ссæуы, æмæ тар хъæд нæ федтай! Бирæгътæ ма Æрджынарæджы гæмæхты цы архайынц — нæ зонын. Уыдонмæ раивæнт. Æнцой бонтæй сын зæрдæ не 'вæрæм, фæлæ фæндыры цагъд уæддæр хъусдзысты.

Елхот сыгъдæг хъæу у, æз уымæн æвдисæн лæууын. Машинæйæ йæ уынгты арæх æруайын, æмæ цæрæнбынаты аивдзинадæй мæ зæрдæ барайы. Фæлæ ма дзы йæ бырæтты æргъом зынгæ ран уыцы æнæфсармæй чи акалы, ахæм æнæрхъуыды адæймæгтæ дæр ис. Уыдонæн хъæуыхицау Гуытъиаты Эльбрус иунæгæй ницы бакæндзæн. Терк-Турчы æфсадмæ сæм бадзурын хъæуы.

Чи цы кæны — йæхицæн. Кæрийыл фæкалдис, уæд — хорз. Фæлæ уазæг æнæзонгæ ран йæ къах скъуырын дæр зоны. Дæу азарæй йæ фындзы хъæл куы асæтта, уæд цы æнхъæл дæ? Елхотæгтæй чидæртæ Терчы былы атагъамæ сæ бырон ласынц. Замманай фæлладуадзæн бынатæй цы рауадис, уый ныхæстæй зын зæгъæн у.

Хъæуы сæйраг хай æфснайд иудадзыгдæр цæуы. Фæлæ æнæджелбетты аххосæй ам сыгъдæгдзинад æппындæр нæ лæууы. Уайтагъддæр гæххæтты гæбæзтæй, алыхуызон æвгтæй цы уыдис, уыцы уавæры абады. Æрдзы æрттиваг риуыл цъыфкъахæй басæрф æмæ уый фæстæ дæхи адæймаг рахон. Нæ зонын, фæлæ уымæн гæнæн куыд ис?


Дзуццаты Къоста.