Хистæртæй бирæ аразгæ у
Фыццæгæм мартъийы газет «Размæ»-йы мыхуыргонд уыд уацхъуыд «Æгæр цæхджын дойны кæны». Йæ автор раст цыма æппæт адæмы хъуыдытæ зыдта, уыйау сæ равдыста ирдæй. Æниу сæ зонгæ дæр куыд нæ кæны.
Арæх фæцæуы ныхас ацы хабæрттыл. Исты хъуыддаджы фæдыл дыууæ адæймаджы куы амбæлынц, уæд кæрæдзийæн фæхъаст кæнынц: «Хæсы та бацыдтæн», «Сабæттаг мæ сыхагæй æфстау райстон» æмæ афтæ дарддæр.
Кæдмæ адæймаг æххæсдзæн, нæ пенситæ куы ницы фаг кæнынц, уæд? Æмбисондæн баззадис, кæмæн ис, уый йæ зæронд мардæн дæр дугъ уадзы, зæгъгæ. Айгъай уадзы, уымæн æмæ йæм ис. Кæмæ нæй, уый дæр мах хуызæн, уыдоны фæзмгæйæ кæнæ та æфсæрмæй, сæ фæстæ згъоры, æмæ æрхæццæ стæм «нæ бон нал у»-мæ.
Автор йæ уацхъуыды цы фарстатæ систа, уыдон неппæтæн дæр зындгонд сты, фæлæ æнхъæлмæ кæсæм, чи нын «акъæртт» кæндзæн фæндаг, чи зæгъдзæн йæ бæрнон ныхас, уымæ. Къостайы загъдау, нæ тæрхоны лæгтæ, бахъарæд уæм адæмы рис æмæ зындзинад. Цæмæн саразæм дыууиссæдзæм боны æмæ афæдзы кæндты фынгтæй куывды фынгтæ? Уæдæ зиан ныгæнæн боны дæр, дæ къух куы нæ амона, уæддæр стыр хæрдзтæ хъуамæ скæнай. Дæ бинонты 'хсæн, кæд гæнæн нал ис, уæд дæ сыхæгтæм фæдзур æмæ афтæмæй скæн майрæмæхсæвтæ æмæ сабатизæртæ. Ныууадзын хъæуы лæвæрттæ кæнын дæр, циндзинад, мыййаг, куы нæ вæййы. Хъыджы бон бафыдæбон кæнын алкæмæн йæ хæс у. Хуыцауы æвджид уæ алчидæр уæд, фæлæ зиан алкæуыл дæр æрцæуы.
Уацхъуыд «Æгæр цæхджын дойны кæны»-йы фæдыл бирæтимæ аныхас кодтон, куыд сæм фæкаст, зæгъгæ, æмæ дзы сеппæт дæр разыйæ баззадысты. Бæргæ, адæм, дам, афтæ куы сразы уаиккой æмæ бирæ кæндтытæ куынæуал кæниккам.
Мæ фыстæджы кæрон зæгъын стыр бузныг уацхъуыды авторæн æмæ сымахæн, редакцийы кусджытæ, кæй йæ ныммыхуыр кодтат, уый тыххæй. Дзæбæхæй фæцæрут сæдæ азы дæргъы. Æцæг мын хатырæй фæуæд, æз дæр мæ мыггаг æргомæй нæ ныффыстон. Цæмæн, уый, æвæццæгæн, æмбарут уæхæдæг.
Тая Д. К.