Хъахъхъæдуйраг фæйнæгфарс
Цалдæр хатты мын бауайдзæфчындæуыд, Хъахъхъæдуры хæстонты тыххæй фаг нæ фыссут, зæгъгæ. Афтæмæй та, дам, ацы хъæуæй рацыд æцæг хъайтартæ. Фыццаджыдæр дæнцæгæн æрхæссынц Дыгуры фондз æфсымæры, Дудиаты фондз æфсымæры, Æлдаттаты Савелийы, Гæлæбаты Алыксандры, Коцойты инæлар Айтегы, Бырциаты булкъон Алексейы.
— Мæн дæр арæх бафæрсынц кæстæртæ нæ хъæуы хæстонтæй, — дзырдта мын айфыццаг хъæуы культурæйы Хæдзары директор, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Хъантемыраты Эльзæ. — Райсæмма Уыртаты Азджерийы (Азæмæты).
Уый тыххæй ивгъуыд æнусы цалдæр хатты æрмæджытæ мыхуыргонд æрцыд нæ районы æмæ республикæйы газетты. Уæдæй абонмæ рацыд æнусы цыппæрæм хай, сырæзыд æнæхъæн фæлтæр. Нæ хæстонты кой арæх куы нæ кæнæм, уæд куыд хъуамæ аразæм патриотон-хъомыладон куыст фæсивæдимæ?
Раст уайдзæф у. Нæ бæстæйы сæрвæлтау йæ цард нывондæн чи 'рхаста, уыдоны нæмттæ хъуамæ табуйаг уой æнустæм. Уыдоны фæрцы аразæм ног цард, абон та ног бæстæ, кæд нæ цардыуаг фæивта, уæддæр…
Сырх Æфсады рæнхъытæм Азджеримæ фæсидтысты 1939 азы. Хъахъхъæдуйраг лæппу балæууыд дард Украинæйы. Уым сæ ахуыр кодтой хæстон хъуыддæгтыл. Цалдæр мæйы фæстæ салдæтты æд техникæ бавгæдтой эшелонты æмæ сæ арвыстой Финляндийы хæстмæ. Уæдмæ Советон Цæдис фæуæлахиз, æмæ Азджерийы æфсæддон хай æрвыст æрцыд Польшæмæ, Ныгуылæн Украинæ ссæрибар кæнынмæ. Уым дæр та бирæ нæ бафæстиат сты. 1940 аз Бессараби фæхицæн Румынæй, æмæ Уыртайы -фырты æфсæддон хай балæууыд горæт Черновцыйы, æрлæууыд Румын æмæ Советон Цæдисы паддзахадон арæныл.
1941 азы майы кæрон æфсæддонты арвыстой сæрдыгон лагертæм, семæ Азджери дæр. Лæууыдысты Румыны арæнтæм æввахс. Хæст куы райдыдта, уыцы æхсæв салдæттæ кастысты ног кинонывмæ, командиртæ та иууылдæр ацыдысты горæт Черновцымæ цавæрдæр концертмæ. Кинонывы фæстæ радгæстæй фæстæмæ иууылдæр æрулæфыдысты. Райхъал сæ кодта хæдтæхджыты уæззау уынæр. Уалынмæ горæтыл калын райдыдтой бомбæтæ. Уæддæр салдæттæ нæма æмбæрстой, хабар цæй мидæг ис, уый. Уæлдæфон ныббырст тынгæй-тынгдæр кодта, знæгтæ се 'ргом лагертæм дæр аздæхтой. Цы чындæуа, зæгъгæ, Уыртайы-фырт æмæ ротæйы старшина сагъæсы бафтыдысты. Быдыры семæ цы танкытæ уыд, уыдоны артаг конд æрцыд æрмæст фæйнæ 5-10 литры. Рæвдз сæ скусын кодтой æмæ сæ чысыл дарддæр мæнæуы хуымы бафæсфæд кодтой. Уæдмæ та цалдæр хæдтæхæджы сæхи ныллæг æруагътой лагеры сæрмæ. Æрызгъæлдтой бомбæтæ цатыртыл æмæ ма фæзы цы иунæг танк аззад, ууыл. Хорз, æмæ иннæты нæ бафиппайдтой.
Сихæрттæм хæстæг Черновцыйæ фæдисцыд æрбакодтой æфсæддон хайы командиртæ, загътой, Германи кæй æрбабырста æмæ хæст кæй райдыдта. Фæбузныг сты кæстæр командиртæй, техникæ кæй бахъахъхъæдтой, уымæй. Артаг æмæ хæцæн æрмæг цалдæр километры дарддæр æфснайд уыдысты æфтауцдæтты. Рæвдз дзы æрбаластой æмæ сæхи хæстæввонг скодтой. Уалынмæ сæм æрбахабарчындæуыд, немыц Черновцы бацахстой, зæгъгæ. Афтæмæй æфсæддон хай æрхъулайы аззад. Хæцгæйæ Скæсæны 'рдæм бырсын райдыдтой.Хæсты æнцон никæмæн у, фæлæ дзы разсгарæгæн æмбал нæй. Хонынц æй æфсæддон хайы цæстытæ æмæ хъустæ. Хурныгуылæн фронты 57 æфсады 99 фистæг цæуæг дивизийы Уыртаты Азджерийы нымадтой хуыздæр сгарæгыл. Йæ бронемашинæйыл æвæрд уыд пулемет æмæ 45-миллиметрон сармадзан. Экипаж уыд æртæ хæстонæй: командир Уыртайы-фырт, скъæрæг æмæ æхсæг. Зын æмæ тæссаг фæндæгтыл фæцыдысты, æрхъулайæ раирвæзынæн гæнæнтæ агургæйæ. Æрцыд сыл ахæм цау: сæ бронемашинæ хæрхæмбæлд фæцис немыцаг сармадзантимæ. Азджери æмæ йе 'мбæлттæ фæцарæхстысты æмæ сæ æрдæрæн кодтой. Ахæм цаутæ сыл иу æмæ дыууæ не 'рцыд.Нæ рох кодтой хъахъхъæдуйраг фæйнæгфарсæй цæугæдон Днепры сæрты хизыныл тохтæ. Уæд æртæ хæстоны равдыстой стыр сгуыхтдзинад. Бирæ немыцаг лæгмарты барвыстой мæрдтæм, дзæвгар фашистон техникæ ныддæрæн кодтой. Уыцы лæгдзинады тыххæй бронемашинæйы æхсæг Николай Калашниковы саккаг кодтой Сырх Тырысайы орденæй, командир Уыртайы-фыртæн та Советон Цæдисы Хъæбатыры ном радтыны тыххæй гæххæттытæ арвыстой Мæскуымæ. Фронты командыгæнынадæн уый радтын йæ бон нæ уыд.Раирвæзтысты дивизийы æфсæддонтæ æрхъулайæ. Не 'мзæххоны райстой Коммунистон партийы рæнхъытæм, радтой йын кæстæр лейтенанты цин. Сæрæнгуырдты тыххæй фыстой газетты. Иу æрмæгæн дзы йæ сæргонд уыдис: «Герой Отечественной войны Азамат Гаврилович Уртаев». Хæстон уацхæссæг бæлвырд æрнымадта, кæмыты хæцыдысты, немыцæн сæ хæстон техникæйæ цас ныппырх кодтой, сæ сгарæн куысты цы сгуыхтдзинæдтæ равдыстой, уыдæттæ.Хæст хæст у, нæмыг та кæцырдæм атæхдзæн, уый бæлвырд нæу. 1942 азы майы иу ахæм нæмыг сæмбæлд Азджерийы зæнгыл. Бахаудта горæт Харьковы бынмæ æфсæддон рынчындонмæ (госпитальмæ). Уыцы рæстæг райгуырæн бæстæ уæйгæнæг инæлар Власов æнæхъæн æфсад фашисттæм уацары радта. Йæхихуызон советон хицаудзинады знæгтимæ арæзта æфсад немыцы дæлбары. Иу бон власовонтæ фæзындысты госпитальмæ, цæуынхъом чи уыд, уыдоны семæ акодтой. Фæстæдæр та æрбатардтой бричкæтæ æмæ уæззау цæфты дæр аластой.Цалдæр мæйы фæрахау-бахау кодта Азджери йæхихуызон цæф салдæттимæ хъæуи-хъæу. Бахаудта немыцмæ уацары дæр. Харьковы бынмæ иу немыцаг куырой арæзта, æмæ уымæ куыста. Уый та разынд, Беслæны маисон комбинаты арæзтады чи куыста, ахæм. Баххуыс кодта Уыртайы-фыртæн ралидзынæн. Уæдмæ Сырх Æфсады цæфтæй румынæгтæ (фронты уыцы хайы румынæгтæ хæцыдысты) лидзæг фесты. Азджери дæр нæхиуæттæм йæхи байста. Уыдон æй рафæрс-бафæрс фæкодтой йæ хабæрттæй, алцыдæр бæрæггонд куы æрцыд, уæд ын радтой уæлæдарæс, снысан æй кодтой взводы командирæй, æмæ дарддæр знæгты дæрæн кодта…Горæт Смоленск рагæй- æрæгмæ Мæскуыйы дæгъæл хуыдтой. Уым цы хæстытæ цыдис, уыдон таурæгъты дзуринаг сты. Смоленск уæгъдгæнгæйæ, Азджерийæн фæцæф йæ къух. Æртæ мæйы госпитæлы æмæ та — размæ бырсгæ. Радтой йын лейтенанты цин, снысан æй кодтой пулеметæй æхсæг взводы командирæй. Фæлæ та фæцæф. Ногæй та — госпитæль. Йæ цæф куы байгас, уæд йæ æфсæддон хаимæ — Прибалтикæмæ. Дарддæр сырхæфсæддон хæйтты фæндаг ацыд Польшæмæ. Хъахъхъæдуйраг лæппу бахæццæ Германы зæхмæ. Уым 1945 азы 23 февралы йæ астæустæг фæцис уæззау цæф. Æрчъицыдта Ленинграды госпитæлы. Бахъуыдис ын цалдæр операцийы скæнын. Æвæццæгæн, цардбæллондзинад разынд тыхджындæр, æмæ Уыртайы-фырт фæдзæбæх. Уый нæ, фæлæ ма госпитæлы иучысыл кусгæ дæр акодта. Цæмæй зыдтой йæ бинонтæ æмæ хæстæджытæ, цавæр хъизæмæрттæ бавзæрста, уымæн. Æцæг ын Ленинграды уыдис диссаджы фембæлд… йæ хистæр æфсымæр Ильяимæ. Хæсты фæстæ уый службæ кодта Пушкинойы. Кæмдæр хæрхæмбæлд фесты æмæ кæрæдзийыл хорз фæцин кодтой, Ирыстоны, сæ райгуырæн хъæуы фæмысыдысты…1946 азы фæззæджы æфсæнвæндаджы Даргъ-Къохы станцæйы поездæй рахызт, саджы фисынтыл амад кæмæй фæзæгъынц, ахæм афицер. Уый уыдис хæствæллад æмæ хæстарыд Уыртаты Азджери. Йæ риуыл тæмæнтæ калдтой Сырх Стъалыйы орден æмæ цалдæр майданы. Хæсты фыццаг аз ын Советон Цæдисы Хъæбатыры ном кæй радтой, уыцы хабар йæ райгуырæн Хъахъхъæдурмæ дæр сыхъуыст. Æмæ хъæуккæгтæ дис кодтой, йæ риуыл ын Сыгъзæрин Стъалы куы нæ федтой, уæд…
Мæхæдæг дæр зонгæ уыдтæн Азджериимæ. Партион кæнæ фæллойгæнджыты иумæйаг æмбырдты арæх æмбæлдтæн Карл Марксы номыл колхозы. Йæ раныхас-иу кæддæриддæр уыдис хъуыддагыл. Цы фæндæттæ-иу бахаста, уыдоныл партионтæ æмæ колхозонтæ уыдысты разы.
Абон дæр ма адæймаджы цæстытыл уайынц йæ фæлмæн бахудт, хъусты зæлланг кæны йæ рæвдаугæ дзыхы-дзырд. Сыхбæстæн уарзон, хъæубæсты нымад — ахæм уыдис Уыртаты Азджери. Хъыгагæн, æгæр раджы йыл æртæфстысты йæ уæззау цæфтæ. Йæ сæрæй йын схъистæ сисыны тыххæй операци куы скодтой дохтыртæ, уæд ыл йæ боны рухс баталынг.
Фæлæ йæ зонд йæхимæ уыд. Арæх-иу æрымысыд украинаг сылгоймаг Хортинæйы. Уый йæ æрдæгмардæй сæхимæ акодта, базылдис ын йæ цæфтæм. Немыц хъæумæ æрбацыдысты, зæгъгæ, уæд та-иу æй цæхæрадоны ныккæнды бамбæхста. Афтæмæй аирвæзт Азджери.
Кæнæ йын украинаг Костянойты бинонтæ цы хæрзты бацыдысты, уый дæр диссаг у. Сæ фыд хæсты уыдис, мад цыдæр амæлттæ кодта цæрынæн, йæ чызг Оля æмæ фырт Степан та Уыртайы-фыртмæ зылдысты. Куы фæхъуыртхъом ис, уæд, уæлдæр куыд загъд ис, баиу Сырх Æфсадимæ æмæ та дæрæн кодта цыфыддæр знæгты. Костянойтимæ сæ фæстæг фембæлдæй 54 азы куы рацыд, уæд Степан, зындгонд украинаг фыссæг, бацагуырдта, дæсаз-дзыдæй цы хъæбатыр Азæмæты (афтæ ма хуыдтой Азджерийы) базыдта, уый. Сæмбæлд Цæгат Ирыстоны Хъахъхъæдуры хъæуы. Æмæ кæд Азджери цæстæй нал уыдта, уæддæр йæ зæрдæйы хъармæй барæвдыдта йæ кæддæры чысыл ирвæзынгæнæджы…
Цалдæр азы ма ацард Азджери, уый дæр йæ цардæмбал быдырыдæргъæвсаг Фидараты Розæ æмæ сæ цоты фæрцы. Лæппу æмæ дыууæ чызджы схъомыл Уыртаты хæдзары. Уыдонæн дæр сæ фæдыл рацыд цот, цоты цот. Кæстæртæ дæр сæрыстыр сты сæ дадайы хъæбатырдзинадæй.
КЪУБАЛТЫ Солтан.