Новости

Райсом — худыны бон

Хаугæ дын скодта

Гиоты Хасан мыл Фарныхъæуæй Къостайыхъæумæ фæзилæны амбæлд:

— Уæд та фæйнæ бæгæныйы «фехсиккам».

— Сразы дæн, мæ хистæрæн «нагъ» зæгъын мæ бон не ссис.

Уый та мæ разæй ахизыны бæсты ныхæстыл схæцыд. Хъусын æм, йæ аргъæуттæй фæлмæцын æмæ йын зæгъын:

— Æз тынг æвдæлон дæн, фæлæ дæуæн, æвæццæгæн, хуынды ныхас хаугæ скодта.

Рувас нын дысон нæ кæркдон фæкъахта

 

Страустæ сæм нæ фендзынæ, æндæр Долæтмæ цынæ маргъ ис! Хорз царды бахаудысты йæ уасджытæ. Карк арæхæй æрвитынц сæ бонтæ. Уазæг нын нæ бæркад куы ахæсса, зæгъгæ, дзы уымæн нæ аргæвдынц.

Сауджын сæм айфыццаг бафтыд. Долæт ницы уæздан загъта, фæлæ дзуры: «Хорз сбуцгæнинаг лæг бæргæ дæ, фæлæ нын дысон рувас нæ кæркдон фæкъахта».

Джигул нæ бакæндзынæ.

Нæфæтчиаг

Афæхъойатæн сæ хъуг ныззад. Йæ бæркады сæрæй æртæ нæфæтчиаджы кæрдзыны акæнын æмбæлы.

— Хъуыддаг æмбисæхсæвмæ сараз, — фæдзæхсы усæн йæ лæг, — нæ хойрагæй нын хъуамæ мачи фæхъæстæ уа.

Афтæ бакодтой. Фынг­­ — æвæрд. Дуары къуырцц, æмæ сыхаг æрбахызт. Бæркад акуывта. Дыккаг азыл сæ хъуг дыууæ роды радта.

Телефонæй сæгъы уаст

Алы сæгъы хъуынæй кæлмæрзæн нæ бабидзынæ. Афæхъойы дзыгытæ тъинтъычъи рауадысты. Æфтиаг сæ алы аз дæр бæргæ хорз райсы, фæлæ сæ алвынынмæ зивæг кæнын райдыдта. Се 'хца дæр æй нал æндавынц, куы ма сæ фервæзид.

Йæ хæдзары телефоны номыримæ газетмæ хъусынгæнинаг радта. Уалынмæ дзæнгæрæг. Хæтæл систа, æмæ дзы чидæр сæгъы уаст æрбакодта.

Уый амонд у

Резо заманхъуйлаг хæрæфырт у. Ныхас ацахсынмæ йæ ничи æмбулы. Айфыццаг сæмбæлдыстæм. Зæгъын ын:

— Зæронд кæнæм, зæронд...

Уый мын афтæ:

— Æмæ цы, зæронд кæнынмæ нæ райгуырдыстæм, уый амонд у.

Фæндаг уæм нæ зонын

Чындзæхсæвы Резо йæ бæх расыгæй фысымты тыргътæм здахы.

— Уый цы ми кæныс ? — фæрсы йæ кæрты хицау, — æз уын уæ хæдзармæ фæндаг куы нæ зонын, уæд дæм ацы изæр цы хабар ис?

Йæ фæздон та кæм и?

Резо базармæ хъуг æлхæнынмæ рацыд. Цыдæр иблис ыл бамбæлд, æмæ йын гал йæ разæй скодта.

— Кæм дæ, усай, æхсыры «цад» дын æрбаластон

Ус стуры алыварс æрзылд æмæ лæджы фæрсы:

— Æмæ йæ фæздон та кæм и?

Графинтæ нымадта

Ус арахъхъ уадзы. Лæг арт æндзары. Чындз хъайла кæны. Лæппутæ хæдзары чъырхынц. Иу бæрцуат равдæлон кæнынц, иннæ...

Графинтæ кæрæдзийы сургæйæ куы атъанг сты, уæд лæг нал фæлæууыд æмæ усмæ дзуры:

— Æхсæзæм дæр та иннæты фæдыл фезгъоры.

Фæлтау фыдкъæвда

Резойы куывды Сауи æфсин уыдис. Бæркад йæ къухы, цæмæн уый зæгъыс, цасфæнды дæр бануаз. Уый та сивыры дзидза фердæг кодта. Йæ роны сæ бавгæдта, цы сæ фæкодта, ницы йын раиртæстой.

Дыккаг бон Резо уынгмæ рацыд æмæ йæ сыхбæстæн дзуры:

— Дæ хæдзары Сауийы æфсинæй сæвæрыны бæсты дыл фæлтау фыдкъæвда æрцæуæд.

Арахъхъ, арахъхъ

Сыхы хистæр чызгæрвысты æркафыд. Йæ лæппу кæсы æмæ адæмы фæрсы: «Чи скафын кодта бабайы?»

— Арахъхъ, арахъхъ.

Алы боны ног чындз

Раздæр Резо карз нозт йæ дзыхмæ нæ хаста. Сайд ыл æрцыдис, цы, фæкъæртт æм æмæ дзы æфсис нал зоны. Райгæ йыл чи кодта, ахæм хæлæрттæ йын фæзынд.

Бæгæныйыл ын-иу хъæбæр нозт аскъæрдтой. Фынгæй-иу æй ног чындзы конд ракодтой. Гуыбын скъæт у, æмæ уый тыххæй йæ цард фехæлд.

Хуыцау æвзæрдзинад нæ бары

Уый кæмæдæрты æрæгмæ бахъары. Йæ азар сæ куы æрыййафы, уæд ма хатыр курын бæргæ райдайынц, фæлæ уæдмæ байрæджы вæййы.

Сыхаг лæджы дыууæ фысы чи бахордта, уыдонæн уæллаг карз тæрхон рахаста. Иуы дзы дон аласта, иннæ арты басыгъд. Гъе ныр мæрдты бæсты физонджытæ кæнæнт.

Бынтыл — хæлоф

Æртæ хойæ иу Ирыстонæй дæрддзæф цардис. Фæлæ йæ мады зæнæг уырдæм бæрæг дардта. Дзæкъул-мæкъултæй-иу сæ хæдзармæ рарвыста. Уалынмæ йæ бынтæ тæбæгъы донау акалдысты. Йæ бинонтимæ фыды кæртмæ сыздæхт. Лæг йæ бонтæ каисты кæрты æрвитын йæ сæрмæ бæргæ нæ хаста, фæлæ адæймагыл мæгуыры бон куы акæна…

Мад æмæ фыд сæ бынтæ, бирæ рæвдыд кæмæй федтой, уыцы хауæггаг чызгыл ныффыстой. Дыууæ хойæн сæ цæст уый нæ бауарзта æмæ се 'хсæн хæст самадтой.

Адæймаг æнусон нæу, хъæздыгдзинæдтæ кæмæн баззайдзысты, уый бæрæг нæй.

Плау адæммæ ма рауадзут

Мæрддзыго уазалæй скъуыйынц, афтæмæй хисты бадынц. Уалынмæ плауы тæфмæ сæ салд уæнгтæ базмæлыдысты. Ныртæккæ дзы хъармæй скомдзаг кæндзыстæм, зæгъгæ, сæ ныфс бацыд. Къусыдзæгтæм æнхъæлмæ кæсынц, фæлæ сæ рахæссæг нæй. Сауджын нал фæлæууыд, хистæрæй хатыр ракуырдта — æмæ цæхæрадонмæ…

Фæкæсджытæ тæвд плау хъæдын уидгуытæй æмпулынц. Уыцы ныв бæргæ куы нæ федтаид. Дзуры сæм: «Уæхæдæг æй бахæрут, уыцы уазал адæмы фыдæбонæй бахизут».

Дзуццаты Къоста.