Новости

Нæ хурты хурзæрин, нæ рухстауæг

Дард 1923 азы тæргæйтты мæйы уалдзæгимæ иумæ райгуырд Ирыстоны дзыллæтæн уарзон газет «Рæстдзинад» — нæ хурзæрин. Уæдæй абонмæ аивгъуыдта 95 азы. Уæдæй абонмæ «Рæстдзинад» фыццæгты-фыццаг ирон дзырды фарн бахæссы, чи йæ уарзы, аргъ ын чи кæны, уыдоны зæрдæтæм.

Нæ республикæйы культурон æмæ æхсæнадон царды газеты фæзынд уыд тынг вазыгджын. Йæ фыццаг номыры фыста, коммунистон партийыл фондз æмæ ссæдз азы кæй сæххæст, ууыл. Фæлæ æз архивы куы федтон уыцы фыццаг номыр, уæд дзы мæ зæрдæ тынгдæр æндæр хъуыддаг фæцагайдта.

Йæ фыццаг фарсыл редакцийы кусджытæ газеткæсджытæй хатыр курынц рæдыдтыты тыххæй. Уымæн æфсон дæр уыдис: йæ саразджытæ тагъд кодтой, фæндыд сæ, цæмæй газеткæсджытæ фæстаг ахсджиаг хабæрттæ тагъддæр базоной. Æмæ ма дзырд дæр дæттынц, иннæ номырыл хуыздæр кæй бакусдзысты, уый тыххæй. Мæнмæ гæсгæ, уый ууыл дзурæг у, æмæ йæ райдайæнæй дæр редакцийы кусджытæ стыр аргъ кæй кодтой сæ газеткæсджытæн.

Газетæн йæ сæйраг редактортæ алы азты уыдысты, Ирыстонæн ном æмæ кад чи скодта, сæ цыт ма абон дæр кæмæн не 'рмынæг, зынгæ бавæрæнтæ ирон литературæмæ дæр чи бахаста, уыцы Гæдиаты Цомахъ, Барахъты Гино, Къосыраты Сæрмат. Сæ фæстæ Хъаныхъуаты Владимир. Уый æртын азы фæкуыста ацы бæрнон бынаты. Дарддæр Хъесаты Валодя æмæ Фидараты Булат. Адонæй алчидæр зынгæ фæд ныууагъта республикон фидиуæджы историйы.

2014 азæй фæстæмæ газетæн æнтыстджынæй разамынд дæтты филологон наукæты кандидат Битарты Маринæ — «Рæстдзинад»-ы фыццаг сæйраг редактор-сылгоймаг. Кæд рæстæг йæ домæнтæ фæивта, уæддæр Маринæ фидар хæцы, 95 азы дæргъы коллективы цы фæтк æмæ æгъдау ныффидар, уыдоныл, æмæ разæнгард кæны йе 'мкусджыты ног æнтыстытæм. Афтæмæй иумæ æмдзу кæнынц сæ дæсныйады бæрзæндтæм. Фæлтæрдджын æмæ æрыгон журналисттæ къуыри фондз хатты адæмы размæ рахæссынц политикæ æмæ экономикæйы, æхсæнадон царды æмæ социалон уавæрты, наукæ æмæ культурæйы, спорты цы æнтыстытæ, ивддзинæдтæ, хъæндзинæдтæ æмæ лыггæнинаг фарстатæ ис, уыдон.

«Рæстдзинад» у уникалон, йæ фыццаг номыр хуры рухс куы федта, уæдæй абонмæ. Уымæн æмæ нæ республикæйы уый у иунæг газет, кæцы йæ фæзындæй нырмæ æрмæджытæ мыхуыр кæны æрмæст мадæлон æвзагыл. Уый та уæлдай ахсджиаг у абоны бон, нæ ирон æвзаг заууатмæ куы цæуы, уæд. Ирд æмæ курдиатджын журналисттæ архайынц, цæмæй ног информаци сыгъдæг литературон ирон æвзагыл фыстæй бахæццæ уа сæ газеткæсджытæм.

Зæгъын хъæуы уый дæр, «Рæстдзинад» æмæ районы газет «Размæ»-йæн рагæй хæлар ахастдзинæдтæ кæй ис. Бирæ фарстатыл æмгуыст кæнын ссис æнцондæр. Арæхæй-арæхдæр Кировы районæй хабæрттæ бакæсæн ис республикон сæйраг ирон газеты фæрстыл. Уыцы хъуыддаг махæн, редакцийы кусджытæн, уæлдай æхсызгон у.

Зынаргъ газет «Рæстдзинад»-ы коллектив! Райсут мах номæй дæр зæрдиаг арфæтæ уæ юбилейы фæдыл! Уырны нæ, куыд бæркадджын ивгъуыд æмæ нырыккон истори уын ис, уымæй хъæздыгдæр та кæй уыдзæн уæ фидæн. Рæстдзинад кæддæриддæр уыд царды бындур, «Рæстдзинад» архайы уый ныффидар кæныныл, æмæ уæ къухы бафтæд!


 

ДЗИУАТЫ Анжелæ.