«Иры фидæн»
Афтæ хуындис, районы рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгты 'хсæн Елхоты сывæллæтты фæндзæм цæхæрадон «Зайчик»-ы залы цы конкурс ацыди, уый. Архайдтой дзы сабитæ æртæ азæй æхсæз азы кармæ. Йæ райдайæнæй йæ кæронмæ мадзал лæвæрдта æхцондзинад æмæ циндзинад залы уæвджытæн.
Мадзал амонæг, Елхоты дыккæгæм рæвдауæндон «Дюймовочкæ»-йы хъомылгæнæг Битарты Оксанæйы разныхас дæр уыдис ныфсы хос конкурсы архайджытæн:
— Мæ чысыл хуртæ, цыкурайы фæрдыджы хуызæн чызджытæ æмæ лæппутæ! Абон фыццаг хатт рахиздзыстут сценæмæ. Уалдзыгон хурау бахъарм кæндзыстут уæ курдиатæй, срæсугъд кæндзыстут нæ конкурс «Иры фидæн».
Нæ мадæлон æвзагыл цалынмæ дзурæм не 'нкъарæнтæ, нæ зæрдæ цæуыл риссы, нæ зонд цы ахсы, уыдæттæ, уæдмæ кæндзæн тыхджындæр, аивæй-аивдæр æмæ уыдзæн æнусон. Кæд æцæг ирæттæ стæм æмæ не 'взаг уарзæм, уæд æй хъуамæ зонæм. Уый тыххæй та йыл канд хæдзары дзурын фаг нæу, фæлæ мæнæ ахæм фембæлдтæй, конкурстæй кæны не 'взаг тыхджындæр æмæ рæсугъддæр.
Конкурс йæ музыкалон лæварæй байгом кодта Елхоты фыццæгæм астæуккаг скъолайы вокалон къорд йæ разамонæг Касаты Фатимæимæ. Стæй уæд сæ арæхстдзинад иронау æмдзæвгæтæ кæсынæй иу иннæйы фæдыл æвдыстой суинаг фæлтæры минæвæрттæ. Диссаджы хъæлæсы уагæй, аив, дæсны, тыхджын æнкъарæнтимæ дзырдтой, цы æмдзæвгæтæ бацæттæ кодтой, уыдон: «Ирон адæм», «Ныййарæг мад», «Ирон лæппу», «Лæджы бындзæфхад», «Бирæгъ æмæ хърихъупп» æмæ æндæртæ.
Рæсугъд сыл фидыдта сæ сценикон уæлæдарæс дæр, бирæтæ дзы уыдысты ирон цухъхъатæ æмæ разгæмтты. Бæрæг уыд, стыр куыст кæй бакодтой рæвдауæндæтты сæргълæуджытæ æмæ хъомылгæнджытæ, уый. Сæхи зæрдиагæй бацæттæ кодтой, суанг декорациты онг, конкурсы дыккаг хаймæ — театралон равдыстмæ — æмæ зæрдæмæдзæугæ ахъазыдысты чысыл хæдахуыр артисттæ Елхоты фæндзæм рæвдауæндон «Зайчик» æмæ Кæрдзыны хъæуы дыккæгæм рæвдауæндон «Малюткæ»-йæ. Сæ бон бацис раргом кæнын сценкæтæ «Мыстачъе», «Горæтаг æмæ хъæуккаг мыст»-ы арф мидис: хъæуккаг цардыл былысчъилтæ кæнын, иронау дзурын сæрмæ нæ хæссын, магусайæ, цæлуарзагæй бонтæ 'рвитын. Сæ хъайтарты сурæттæ раргом кодтой бæстонæй.
Конкурсы æппæт архайджытæ дæр уыдысты æцæг цыкурайы хуызæн чызджытæ æмæ лæппутæ. Уыдонмæ кæсгæйæ æмæ хъусгæйæ, цыфæнды æрхæндæг зæрдæйæн дæр æнæ байгом æмæ барухс кæнгæ нæ уыд. Зæгъæн ис, æмæ сты нæ Иры фидæнæн сæ иу хай. Зын уыдис жюрийы уæнгтæн — Елхоты фыццæгæм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Хъуылымбегты Зæлинæ, районы ахуырады Управленийы методисттæ Гаджиты Фатимæ, Зорттаты Светланæ, Жаннæ Майсурадзе æмæ специалист Хъуылымбегты Альбинæйæн — хуыздæртæй хуыздæрты равзарын. Уый жюрийы номæй йæ раныхасы фæбæрæг кодта Хъуылымбегты Зæлинæ:
— Диссаджы дзæбæх уыдыстут иууылдæр. Нырма уæ царды фæндагæн йæ райдианыл лæуут æмæ йыл ноджы бæрзонддæр бæрæггæнæнтæм цæут! Уæ ныййарджыты фæндиаг байрæзут! Зæгъæн ис, æмæ уеппæт дæр стут уæлахиздзаутæ, фæлæ уæддæр иутæ ноджы сæрæндæр разындысты. Уыдоны номхыгъды сты æртæаздзыд чызг Рæмонты Аринæ (рæвдауæндон «Дюймовочкæ»), цыппараздзыд чызджытæ Плиты Арианæ (рæвдауæндон «Уадындз») æмæ Дзукъаты Афинæ (рæвдауæндон «Уадындз»), фондзаздзыд лæппутæ Дзæгъойты Руслан (рæвдауæндон «Дюймовочкæ») æмæ Кодзырты Артур (рæвдауæндон «Зайчик») æмæ æхсæзаздзыд Кодзырты Айрат (рæвдауæндон «Уадындз»).
Канд уæлахиздзаутæ нæ, фæлæ иунæг саби дæр æнæ рæвдыдæй нæ баззади. Грамотæтæй уæлдай ма сын балæвар кодтой хъазæнтæ.
Конкурсы тыххæй нын йе 'нкъарæнтæ загъта жюрийы сæрдар Хъуылымбегты Альбинæ:
— Тынг разыйæ баззадтæн, сывæллæттæ куыд цæттæгонд æрцыдысты, уымæй. Сабитæ цы арæхстдзинад равдыстой, уымæн та æмбал нæй. Уырны мæ, нæ мадæлон æвзаджы фидæн фидар къухты кæй ис, бынтон заууатмæ кæй не 'рцæудзæн, рæзгæ фæлтæримæ куы кусæм, уæд.
Ахуырады Управленийы номæй мæ стыр бузныг зæгъын фæнды районы разамындæн, конкурс нывыл ацæуынæн, сабиты зæрдæтæ балхæнынæн нын æхцайы фæрæзтæй кæй баххуыс кодта, уый тыххæй.
Мæ уацхъуыд мæ фæнды фæуын, конкурсы архайæг, уæлахиздзаутæй иу — Дзæгъойты Руслан цы æнæзонгæ авторы æмдзæвгæ бакаст, уымæй. Æмдзæвгæйы ныхæстæ сты ныртæккæйы цардæн æвдисæн дæнцæгтæ æмæ бирæ цæуылдæрты ахъуыды кæнынæн зондыхос.
Нæ кувын нал хъуысы Хуыцаумæ,
Рæстдзинад мах æхсæн мæлы,
Кæсæм фыццаджыдæр æхцамæ
'Мæ махæй чи хуыздæр цæры.
Ирæттæм никуы уыдис афтæ,
Цæмæй æнæгъдау цард кæной.
Тырныдтой хистæрæй кæстæрмæ,
Хуыцауы раз сыгъдæг куыд уой.
Ныр та ма акæс, мах цы кусæм, —
Хæлæг цардæй кæнæм фæллой.
Иронау горæты нæ дзурæм,
Кæнæм кæрæдзийы фыдгой.
Ирон фынгæй цы скодтам, адæм?
Куыд уæм кæсы, уый раст кæнæм?
Нæ гуыбынтæ арахъхъæй 'фсадæм
Æмæ хуыздæр цардмæ бæллæм.
Мæ зæрдæ ницы хуыз нæ сæтты,
Фæлæ йæхи мидæг зæгъы:
“Мæ уарзон Ирыстон фæсæфы,
Фыдæлты кадыл ма хæцы”.
Тылаттаты Светланæ.
Къамтæ систа СУГЪАРАТЫ Елизаветæ.