Æгæр цæхджын дойны кæны
Æвæццæгæн, ацы æмбисонд ирон адæммæ дзæгъæлы нæй. Мæнмæ афтæ кæсы, цыма уый хауы не 'гъдæуттæм дæр. Уымæн æрхæсдзынæн дæнцæгтæ. Зонын æй, бирæтæм мæ хъуыдытæ раст нæ фæкæсдзысты, уымæ гæсгæ рагацау хатыр курын газеткæсджытæй.
Ахæм хæдзар нæ разындзæн, зиан кæуыл не 'рцыди. Уымæ гæсгæ зонынц, афæдзы дæргъы цас кæндтæ ис, уый. Уæдæ сусæггаг нæу: ис ахæм мæрдджынтæ, цырты фаг дæр æхца кæмæ не 'рæмбырд вæййы, фæлæ уæддæр, адæмæй æфсæрмы кæнгæйæ, цæмæй æгъдау уыдоныл ма фехæла, уый тыххæй хæсы бацæуынц æмæ хистытæ фæкæнынц афæдзæй афæдзмæ.
Цæмæн хъæуы æртыгай майрæмæхсæвтæ кæнæ сабатизæртæ кæнын? Уыдонæй дæр бирæтæ стыр хистытæ рауайын кæнынц. Кæд гæнæн нал ис, уæд бинонтæ сæ зианæн сæхи 'хсæн иу фынджыдзаг ахæлар кæнæнт, йæ ном ын ссарæнт, æвдисæнæн иу-дыууæ сыхагмæ фæдзургæйæ. Ныгæнæн бон, дыууиссæдзæм, зæрдæвæрæн æмæ афæдзы хистытæ æгъгъæд не сты? Уыдон дæр кæн бæрцæй, дæ къух куыд амоны, афтæ. Никæйы зиан раздæхт фæстæмæ бирæ æмæ парахат хистытæ кæнынæй.
Æниу æгъдауыл цы дзурæм, кæд æмæ зианы фынгæй дæр мæрддзыгой адæм циндзинад саразынц сæ хъæр ныхас æмæ худынæй, суанг ма æрыгон куы амæлы, уæд дæр. Ныртæккæ ахæм заман у, æмæ бирæ зианджынтæ хæрнæгы къæбæр кæнынмæ дæр æххуырсгæ бакæнынц. Уымæн æмæ иуæй-иу сыхты, æфсинтæ кæй скæной, ахæм сылгоймæгтæ нæй. Кусгæ чи кæны, уыдон дæр алы хатт сæхи куыд курой.
Иннæ хъуыддаг та уый у, æмæ адæмæн сæ пенситæ цæрыны фаг дæр не сты. Æмæ цымæ зианы бон йæ сабæттаг куы ныффысса, йæ къух куыд амоны, уыйас, уæд ыл исчи фæхуддзæн? Хъыгагæн, 200-300 сомы цæсты нал ахадынц: ис-нæй — бадæтт 500 кæнæ 1000 сомы. Уæд ма дыууиссæдзæм бон цæмæн æмбырд кæнынц æхца? Кæд зианæн йæ боны нæ сæмбæлдтæ, уæд ма ницы хъыгдары. Фехъуыстон, иуæй-иу хъæуты, дам, дыууиссæдзæм бон æхца нал дæттынц. Мæнмæ гæсгæ, уый раст у. Мæрдджынæн, æнæмæнг, баххуыс кæнын хъæуы. Æрмæст йæ хъыджы рæстæг йæ фарсмæ дæ къахы барæй куы балæууай, уæддæр ын йæ рис фæрогдæр кæндзынæ, фæлæ бирæтæ, сæ авналæнтæ кадавар кæй вæййынц, уый тыххæй фылдæр хатт æфсæрмæй нæ ацæуынц мардмæ.
Нæ иннæ «æгъдау» та ма у ингæнкъахджытæ æмæ æфсинтæн лæвæрттæ кæнын. Не 'ппæты дæр мæлын хъæуы, æмæ зын сахат кæрæдзийæн куы нæ балæггад кæнæм, уæд ма цæй ирæттæ стæм.
Уæлдæр цæй тыххæй фæдзырдтон, уыдон хуыздæр æмæ æмбæлгæ хуызы саразын хауы «Иры Стыр Ныхас» æмæ йæ бынæттон хайæдтæм. Зиан æфснайæн бон сæ уæнгтæй исчи адæмы размæ куы рацæуид æмæ сын-иу куы бамбарын кæнид, цæмæй нæ зианты кæндты уæлдай хæрдзтæ мауал кæнæм.
Фæнды мæ газеткæсджыты хъуыдытæ дæр базонын, мæ фыстæджы цæй кой кæнын, уый фæдыл. Куыд уæм кæсы сымахмæ та?
Зынаргъ редакцийы кусджытæ, стыр бузныг уын уæ бæрнон куыстæй! Æнæнизæй, æнæмастæй æмæ зæрдæрухсæй уæ цард æрвитут! Мæ мыггаг барæй нæ фыссын, уымæн æмæ зонгæтæй чи цы банхъæлдзæн, чи — цы. Кæд гæнæн ис, уæд мын æнæ номæй ныммыхуыр кæнут мæ фыстæг.
А. Б-ты.
Редакцийæ:
Ацы фыстæг нæм æрæджы æрбацыд. Йæ фыссæг цы фарстатыл дзуры, уыдон абон бирæтæн сты риссаг. Æцæгдæр, цас æмæ цас хæрдзтæ æрцæуы зиан бафснайыны бонæй йæ афæдзы кæндмæ.
Зынаргъ газеткæсджытæ, æнхъæлмæ кæсдзыстæм уæ фыстæджытæм. Автор цæуыл æрдзырдта, уымæ сымах та цавæр цæстæнгас, ахастдзинад дарут?