Ирон дзырд хсæры къæрццау хъуысыд
Ивгъуыд къуыри Елхоты 3-æм скъолайы æмбырдтæаразæн уæ-рæх залы къухбавæрæн нæ уыдис адæмæй. Ам радон хатт кадджын уавæры ахицæн ерысæркаст «Ирон дæн æз»-ы муниципалон этап. Арæзт æрцыд республикон æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы æмæ Кировы районы ахуырады Управленийы хъæппæрисæй. Ацы хатт ерыстæ арæзт æрцыдысты 9-11 кълæсты цы лæппутæ ахуыр кæны, уыдонæн.
Архайдтой дзы аст суинаг лæппуйы районы скъолатæй: Елхоты 1-æм скъолайы ахуырдзау Годжысаты Сæрмæт (йæ ахуыргæнæг Гæззаты Ритæ), Змейкæйы 1-æм скъолайы ахуырдзау Мæргъиты Тельмæн (йæ ахуыргæнæг Дзуццаты Риммæ), Змейкæйы 2-æм скъолайы ахуырдзау Уататы Юри (йæ ахуыргæнæг Хъыбызты Рая), Кæрдзыны скъолайы ахуырдзау Бибайты Хъазыбег (йæ ахуыргæнæг Карсанты Иринæ), Ставд-Дурты скъолайы ахуырдзау Туаты Георги (йæ ахуыргæнæг Бедойты Ольгæ), Комсомольскы скъолайы ахуырдзау Саулохты Азæмæт (йæ ахуыргæнæг Хъуылаты Светланæ), Ираны скъолайы ахуырдзау Гайты Давид (йæ ахуыргæнæг Черчесты Альбинæ) æмæ Елхоты 3-æм скъолайы ахуырдзау Æлборты Азæмæт (йæ ахуыргæнæг Агънаты Маринæ).
Ирон æгъдаумæ гæсгæ алы хъуыддаг дæр æртæ чъирийæ райдайы, æмæ фысымты хистæр ахуыргæнæг Милдзыхты Юри скуывта, цæмæй æркасты архайджытæ уæндон къахдзæфтæй тырной уæлахизмæ. Мадзал амонджытæ Змейкæйы 2-æм скъолайы ахуырдзау Дриаты Рауль æмæ Елхоты 2-æм скъолайы ахуыргæнинаг Бедойты Зæринæ æппæты фыццаг ныхасы бар радтой æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы бæрнон лæг Токты Валодяйæн. Уый раарфæ кодта ерысты архайæг æрыгон лæппутæн, сæ ахуыргæнджытæн æмæ бузныг загъта, ирондзинады бæрæгбон кæй хъæппæрисæй арæзт æрцыд, уыдонæн.
Хуыздæры кадджын ном райсынмæ йæ ныфс чи бахаста, уыцы лæппутæ сæ арæхстдзинад равдыстой кафынæй, зарынæй, аив дзырдæй, ныв кæнынæй, радзырдтой ма чындзæхсæвы æгъдæуттæ, бæрæгбæттæ, ирон кусæнгæрзты нысаны æмæ сæ мыггæгты равзæрды тыххæй. Хæдзармæ куыст та се `ппæтæн дæр лæвæрд уыд ахæм хæс: ныффыссын нывæцæн «Ирон дæн æз». Ацы хæслæвæрд бацæттæ кæнынмæ дæр æнтыстджынæй сарæхстытсты иууылдæр. Сæ архайдæн сын сыгъдæгзæрдæйæ аргъ кодтой сæрмагонд жюрийы уæнгтæ. Уыдон уыдысты Токты Валодя (къамисы сæрдар, æппæтдунеон æхсанадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы Кировы районы ха- йады сæргълæууæг Къубалты Солтан, Кировы районы ахуырады Управленийы сæргълæууæг Хъоц-латы Хъасболат æмæ ахуырады Управленийы специалист Уаниты Солтан.
Алы фæлварæны фæстæ-иу конкурсмæ кæсджыты зæрдæтæ музыкалон номертæй барухс кодтой æрыгон хæдахуыр артисттæ районы скъолатæй. Жюрийы уæнгтæ та æвæрдтой бæрæггæнæнтæ архайджытæн, аргъ сын кодтой сæ арæхстдзинадæн. Уыдон бахынцгæйæ рабæрæг сты конкурсы уæлахиздзаутæ. Афтæмæй ерыс-æркаст «Ирон дæн æз» кæронмæ æрхæццæ.
- Конкурсæй ерыс нæ, фæлæ æцæг бæрæгбон рауад. Фыццаджыдæр архайджыты æмæ сæ цы ахуыргæнджытæ цæттæ кодтой, уыдоны руаджы, - кæронбæттæны загъта Къубалты Солтан. - Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй нæм ахæм фæсивæд азæй-азмæ фылдæрæй-фылдæр кæна.
Арфæйы ныхæстæ загъта Хъоцлаты Хъасболат. Уый бахахх кодта, ирондзинадæн фесæфæн кæй нæй, фыццаджыдæр, ирон æвзаджы ахуыргæнджыты, скъоладзауты æмæ сæ ныййарджыты руаджы.
Дарддæр Токты Валодя сæрмагондæй раарфæ кодта ахуырады Управленийы методист Гаджиты Фатимæйæн æмæ Елхоты 3-æм скъолайы сæргълæууæг Дзгойты Джульеттæйæн æмæ базонгæ кодта, жюри цавæр хатдзæгтæм æрцыд, уыимæ.
Уæдæ æркасты фæстиуджытæ та сты ахæм. Æртыккаг бынат бацахста Годжысаты Сæрмæт. Йæ ахуыргæнæг Гæззаты Ритæимæ сын лæвæрд æрцыд фæйнæ 3 мин сомы. Дыккаг бынат бацахста Уататы Юри. Йæ ирон æвзаджы ахуыргæнæг Хъыбызты Райæимæ сын лæвæрд æрцыд фæйнæ 5 мин сомы. Уæлахиздзау Æлборты Азæмæт æмæ йæ ахуыргæнæг Агънаты Маринæ хорзæхджынгонд æрцыдысты фæйнæ 7 мин сомæй. Уымæй уæлдай æркаст-ерысы сеппæт архайджытæ æмæ сæ ахуыргæнджытæ хорзæхгонд æрцыдысты Кады гæххæттытæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.
Дзиуаты Анжелæ.
Авторы ист къам.