Нæ районы зынаргъ цæрджытæ!
Æмæ та нæ къæсæрыл æрбалæууыд Уастырджимæ кувæн къуыри. Куыд æнусты фæлмæй рацæугæ бæрæгбон, афтæ та йыл ныр дæр Иры дзыллæ дзаджджын хуынтимæ зæрдæхъæлдзæгæй æмбæлы. Зæдтæ æмæ дуагты фыццагдæр, хæрзæмбæлæг, нæлгоймæгты бардуаг, бæлццæты рæствæндаггæнæг Сыгъзæрин Уастырджимæ кувдзыстæм худаистæй.
Æргом ныхасы къæм нæй: ныртæккæйы дуджы адæм æмхуызон фадатджын не сты. Фæлæ уæддæр нæ кувæн къуыри æбæркад нæ уыдзæн. Фынджы сæр табуйаг æртæ уæливыхы нывонд кусарты фыдимæ уыдзысты алы хæдзары дæр, сæ дæлейы — нæ фæззæджы бæркад халсарæй, дыргъæй.
Фæндаггон кæддæриддæр йæхи Уастырджийыл бафæдзæхсы. Абон нæ чи фистæг у, фылдæр та æфсæн бæхтыл цæуынц. Фæкурæм зæдты хистæрæй, цæмæй нæ фæндаг уа æдас, нæ хъуыддæгтæ æнтыстджынæй æххæстгонд цæуой. Нæ районы, æгас Ирыстоны цæрджытæ кæддæриддæр рæствæндаг фæуæнт!
Нæ ныхас тынгдæр кæстæртæм у: уарзут нæ мадæлон æвзаг, арха йут нæ фыдæлты Æгъдау фæцудын ма бауадзыныл, æдзух кусут нæ адæмы æнгомдзинадыл. Уыцы хъуыддаджы нæ къухты стыр æнтыстдзинæдтæ куыд æфта, ахæм арфæ нын Стыр Хуыцау æмæ Уастырджи ракæнæнт!
Зынаргъ хæлæрттæ! Нæ зæдбадæн Ирыстоны кадыл кусæм, нæ алæмæты æгъдæуттæ сног кæныныл архайæм, цы адæмыхæттыты минæвæрттæ цæры не 'хсæн, уыдонимæ хæларæй цæрæм, æмæ нæ чысыл райгуырæн бæстæ дидинæгау рæсугъд æмæ аив уæд!
Нæ зынаргъ адæм, бæрæгбоны хорзæх алкæй дæр уæд!
Нæкуысаты Барис,
муниципалон равзæрд Кировы районы
Сæргълæууæг, минæвæртты Æмбырды сæрдар;
Батиаты Хъазыбег,
муниципалон равзæрд Кировы районы
Администрацийы Сæргълæууæг.