Джеоргуыба
Ирон адæм стыр кад, стыр аргъ кæнынц сæ зæдтæ æмæ дауджытæн. Уыдоны 'хсæн уæлдай кадджындæр бынат ахсы Уастырджи — нæлгоймæгты бардуаг, бæлццæтты, хæстонты фæндарастгæнæг, мæгуыртæн æххуысгæнæг, кæстæрты раст фæндагыл аразæг. Ирон адæймаг ыл кæддæриддæр, цыфæнды уавæры дæр йæхи ма бафæдзæхса, уымæн гæнæн нæй. Уæдæ ахæм цины фынг дæр нæма уыд, æмæ Хуыцауы фæстæ куывд Уастырджийы тыххæй ма рацæуа.
Æвæццæгæн, Ирыстоны ахæм ком, ахæм цæрæнуат нæ разындзæн, Уастырджийы кувæндон кæм нæй: Реком æмæ Ныхасы, Хетæджы æмæ Дзывгъисы, Къобы æмæ Хур-Хоры, Джер æмæ Дыгуры. Æппæтирон адæмон сси Дзылаты (Тæтæртуппы) Уастырджи.
Нæ фыдæлтæм Уастырджи афтæ кадджын уыд, æмæ йын азы иуæндæсæм мæй сæрмагондæй схуыдтой йæ номыл — Джеоргуыбайы мæй. Фæлæ йын уыцы мæйы дæр ис сæрмагонд бонтæ, сæрмагонд къуыри — Уастырджимæ кувæн къуыри. Бæрæгбон фылдæр хатт æрцæуы мæйы нудæсæм, ссæдзæм, иу æмæ ссæдзæм бонмæ. Ацы аз райдайдзæн 18 ноябры, къуырисæры.
Бæрæгбон райдайы галæргæвдæнæй. Бирæтæ снывонд кæнынц гал кæнæ уæныг, хуыцаубоны йæ акусарт кæнынц (ацы аз 17 ноябры).
Бæрæгбон ахæссы къуыри, хуыцаубон — фæдзæхсæн бон, къуырисæр — йе 'рвитæн изæр. Уыцы бон дæр хæдзары скæнынц æртæ уæливыхы, бинонты хистæр йæ кæстæрты бафæдзæхсы Уастырджийыл, æрвылаз дæр бинонтæ бæрæгбоныл æнæниз, æнæмастæй куыд æмбæлой, кæстæртæ амондджын куыд уой, иннæ аз Уастырджийæн ноджы стырдæр кусарт куыд акæной.
Куыд бамбæрстам, афтæмæй Уастырджийы бонтæ æрцæуынц фæззæгмæ. Адæм бафснайынц сæ тыллæг, сæ хор, сæ фосæн æрцæттæ кæнынц зымæгмæ фаг холлаг. Ралæууы куывдтæ æмæ чындзæхсæвты рæстæг (азы иуæндæсæм мæй ма уымæ гæсгæ хонынц Чындзæхсæвты мæй дæр). Чызгæрвыстытæ æмæ чындзæхсæвтæ уæлдай арæхдæр вæййынц ацы мæй.
Фæстаг азты Уастырджимæ кувæн къуыри ирон адæмæн сси национ бæрæгбон. «Иры Стыр Ныхас»-ы хъæппæрисæй Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Пар-ламент рахаста уынаффæ, цæмæй Уастырджимæ кувæн бон (ацы аз 18 ноябрь) Цæгат Ирыстоны кусгæ бон ма уа.
Ирыстоны алы хæдзар, алы бинонтæ дæр сæхи рагацау бацæттæ кæнынц бæрæгбонмæ. Кæмæн куыд йæ фадат амоны, афтæ акæны кусарт. Æрхонынц сыхбæсты. Бирæ рæтты сыхбæстæ, хъæубæстæ скæнынц сых куывдтæ, хъæугуывдтæ. Уый дæр рæдыд хъуыддаг нæу.
Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ ирон адæмы бæрæгбон кæй скæнынц, не 'хсæн æндæр адæмыхæттытæй чи цæры, уыдон дæр. Уый ууыл дзурæг у, æмæ ирæттæ хæларæй кæй цæрынц Ирыстоны æппæт адæмимæ.
«Иры Стыр Ныхас»-ы
Кировы районы хайады уынаффæдон.