Новости

Адæмон иудзинады боны фæдыл арфæ кæнын не 'мхъæуккæгтæн æмæ æппæт районы цæрджытæн!

Ацы бæрæгбон æвдисы нæ бирæнацион бæстæйы цæрæг адæмты иудзинад. Цæгат Ирыстон у Уæрæсейы Федерацийы хай, адæмон иудзинад та — зындзинæдтæ иуварс кæнынæн ахъазгæнæг сæйраг рахæцæн. Нæ адæмы рæсугъд æгъдæуттæ бахъахъхъæныныл, адæмыхæттыты æмæ динты æхсæн хæлардзинад фидар кæныныл, стæй нæ райгуырæн Ирыстоны фæрныгады сæраппонд кусыныл кæй архайæм, уыдæттæ нымайгæйæ, иудзинад æмæ кæрæдзи æмбарынад не 'ппæты хъæуынц. Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд уе 'ппæты дæр! Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ стыр амонд!


УАНИТЫ Хъазыбег, Ставд-Дурты хъæуы сæргълæууæг.