Йæ ном цæры æнустæм
«Азтæ цæудзысты, цæудзысты æнустæ, фæлæ ирон адæмы цытджын хъæбулы ном не 'рмынæг уыдзæн, раздæрау æрттивдзæн Кавказы урссæр бæрзæндтау, æмæ адæм хайджын уыдзысты Хетæгкаты Къостайы зондджын, куырыхон, æнусон сфæлдыстадæй».
С. Михалков.
«Къоста! Ирон адæмы хурты хурзæрин, æнустæм æрттиваг стъалы, ирон адæмы кад, намыс, национ литературæ, культурæ æмæ аивады бындурæвæрæг. Къостайы хъæздыг, æгæрон хæзнадоны ад чи банкъардта, уыцы адæмты 'хсæн удæгас цыртдзæвæнау цæры Хетæджы фырт йæхæдæг дæр». Ахæм ны-хæстæй байгом кодта амонæг — Змейкæйы чиныгдоны филиалы кусæг Зураты Лянæ — аив мадзал, кæцы ацыд районы Центрон библиотекæйы Елхоты.
Ацы аз Къостайы райгуырæн бон — 15 октябрь — ирон адæмæн у бæрæгбон — сæххæст ыл 160 азы. Уыцы кадджын цау сбæрæг кодтой æрмæст Ирыстоны адæм нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр. Уымæ гæсгæ нæ районы чиныгдоны кусджытæ сæ чиныгкæсджытимæ бацæттæ кодтой мадзал Къостайы номыл. Бæрæгбон та æнæ хъазт, æнæ циндзинад никуы вæййы. Равдыст байгом кодтой мадзалы архайджытæ скъуыддзаг поэмæ «Фатимæ»-йæ. Районы алы хъæуы чиныгдоны минæвæрттæ равдыстой сæ дæсныйад: чи æмдзæвгæтæ каст ирон æмæ уырыссаг æвзагыл, чи инсценировкæйы архайдта, чи та фæндырæй цагъта.
Къостайы æмдзæвгæтæ тынг зæрдæмæдзæугæ радзырдтой ахуырдзаутæ Хъуылаты Зæринæ, Бедойты Аслан, Милдзыхты Мæ-динæ, Рæмонты Аринæ, Моргуаты Миладæ, Дыгуры Дзерассæ æмæ Аринæ, Тъехты Элинæ, Фидараты Альберт, Мыкагъаты Георги, Багаты Давид, Гогыцаты Златæ, Хынцæгты Динарæ, Дряты Рауль, Битарты Динæ æмæ Габоты Алинæ.
Мадзалы уæвджыты ма базонгæ кодтой поэты цард æмæ сфæлдыс-тадимæ. Къоста уыд адæмы сæрылхæцæг, адæмыл мæтгæнæг, мæгуыр адæмы сæрхъуызой. Ахæмæй йæ зонынц æппæт бæстæты дæр, Уæрæсейы къуымты дæр. Уымæн ирд æвдисæн у, йæ уацмыстæ йын цал æвзагмæ ратæлмац кодтой, уый. Уыд сæрибардзинадыл тохгæнæг. Йе сфæлдыстад кæддæриддæр агайдта æмæ агайы дзыллæты зæрдæтæ, æвдисы сæ йæ адæмы рис, сæ бæллицтæ.
Кæронбæттæны Центрон чиныгдоны сæргълæууæг Цомартаты Ритæ раарфæ кодта мадзалы архайджытæн, кæцытæ тынг зæрдиагæй бакуыстой, цæмæй бæрæгбон бæлвырд æмæ бæстон æмвæзадыл ацыдаид.
Ацы мадзал ма иу хатт æвдисæн уыд уымæн, ирон адæм кæй никуы ферох кæндзысты Къостайы цытджын ном, фæлтæрæй-фæлтæрмæ йæ рæсугъдæй бæрзонд кæй хæсдзысты.
СУГЪАРАТЫ Елизаветæ.
Авторы ист къам.