Новости

Кадджын хистæртæн - аккаг кад

Хистæр фæлтæрæй алкæмæн дæр йæхи хъысмæт ис, алчидæр дзы йæхи цардвæндагыл ацыди. Гыццыл тухитæ нæ федтой, уæлдайдæр та хæсты сывæллæттæ. Фашисттæй æмбæхсгæйæ-иу сæ бинонтимæ сæ сæр сæ кой акодтой хъæдтæм. Æххормагæй, уазалæй сыл-иу акъоппыты æрæхсæв æмæ сбон ис.

Чи фæуыдзæн уыцы тухитæ нымад! Хъомыл кодтой сидзæртæй, сæ фыдæлтæ, Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнгæйæ, тохы быдыры ссардтой сæ адзал.

Абоны хистæрты фæрцы, иумæйаг фæллойы руаджы хæсты фæстæ хæлд хæдзарад слæууыд йæ къæхтыл, фидар кодта паддзахады экономикæ. Алы фæлтæры дæр ис, йæхицæн кад æмæ рад чи скодта, йæ цыт бæрзонд кæмæн у, кæстæртæн фæзминаг чи у, ахæм куырыхон хистæртæ. Уый нæ алкæмæн дæр хъуыдыйаг у. Æрмæст нæ районы чи ис, уыдон нымайын куы райдайæм, уæд нын газеты иу номыр не сфаг уыдзæн.

Алчидæр йæ уарзон ныййарджыты, буц хистæрты раз хæсджын у, æмæ хъуамæ аргъ кæнын зонæм, уый аккаг чи у, йæ зæрдæйы хъармæй кæстæрты чи рæвдауы, уыдонæн. Мæ ныхас тынгдæр фæсивæдмæ, рæзгæ фæлтæрмæ у. Азтæ кæуыл æрæнцадысты, йæ къахайст кæмæн фæуæззау, лæдзæджы 'нцæйтты тыххæй чи цæуы, фæндагыл искуы ахæм адæймагыл куы амбæлат, уæд ыл ма бакæнут былысчъил. Уый дæр кæддæр цардхъом уыдис. Салам ын радтут, ныллæг ын акувут уæ сæртæй. Кæд æй уе 'ххуыс бахъæуа, ма йын æй бавгъау кæнут, фæсмойнаг нæ фæуыдзыстут.

Уæхи хизут хистæрты раз æнæуаг дзыхæй дзурынæй дæр. Уымæй уыдоны нæ, фæлæ уæхи æгад кæнут. Хъыгагæн, чъизи дзыхы уагæй чи дзуры, ахæмтæ хистæрты, астæуккаг кары адæмы, суанг ма сылгоймæгты 'хсæн дæр чысыл нæй, фæлæ уыдонæй дæнцæг ма исут. Хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр чи цы кæны, уый йæхицæн.

Абоны цæстæй цардмæ мачи кæсæд. Сомбон кæуыл цы æрцæудзæн, уый ничи зоны. Ууыл чи хъуыды кæны, уый чи 'мбары, уыдон æнæниз æмæ арфæйаг уæнт!


 

ТЫЛАТТАТЫ Светланæ.