Новости

Уыд йæ куыстыл æнувыд

Фæллойы ветеран Парсиаты-Дзгойты Астемыры чызг Екатеринæ, хуымæтæг номæй Катя, 1957 азы каст фæци   медицинон училище æмæ уæд хъуыды дæр нæ акодта, искуы йæ йæ дæсныйад ивын бахъæудзæн, ууыл. Фæлæ нæ хъысмæт не Сфæлдисæджы къухы ис.

Йæ фæллойадон фæндаг райдыдта Горловкæйы шахтæйы медицинон хойæ. Стæй йæ 1961 азы арвыстой кусынмæ, Калиновкæйы, уый дæр Украинæйы, ахст адæмы фæллойы фæрцы сраст кæныны цы колоннæ уыдис, уырдæм.

Кæмфæнды куы уай, амæйай хуыздæр ран ма уæд, уæддæр адæймаджы йæ райгуырæн зæхх йæхимæ 'лвасы. Раздæхти Катя дæр 1964 азы, йæ фыццаг     къахдзæфтæ кæм акодта, кæм схъомыл, уыцы хъæу Хъахъхъæдурмæ. Хорз характеристикæтæ йын радтой йæ раздæры куыстуæттæй, æмæ йæ цингæнгæ айстой медицинон хойæ хирургион хайадмæ Кировы районы рынчындонмæ.

Уæдмæ ссардта йæ амонд дæр. Йæ цард баиу кодта кæрдзинаг лæппу Парсиаты Самыримæ. Схъомыл кодтой дыууæ лæппуйы æмæ чызг.

1970 азы Катяйы йæ фæллойадон фæндаг бакодта, Кæрдзыны лентуафæн фабрикæйы кæрты цы сывæллæтты цæхæрадон уыдис, уырдæм. Куыд медицинон кусæг, афтæ тынг æнувыд уыд сабитыл. Æппынæдзух йæ хъус     дардта сæ æнæниздзинадмæ. Районы ахуырады разамынд уыдта, куыд иузæрдион у йæ куыстыл, уый, æмæ йæ раивтой хъомылгæнæгæй, стæй та рæвдауæндоны сæргълæууæгæй.

— Уыцы бынаты кусын куы райдыдтон, уæд нæ коллективы уыд 17 адæймаджы, — дзырдта мын Катя,   йемæ куы фембæдтæн, уæд. — Коллектив та нæм уыдис тынг хорз. Фæцардыстæм хæларæй, кæрæдзийы æмбæрстам. Абон дæр ма мæ рохуаты нæ уадзынц.

Ныййарджытæ ныл никуы бахъаст кодтой, нæ сывæллæтты нын æфхæрынц, æв-зæр цæстæнгас сæм дарынц, зæгъгæ. Кæд нæм дыууæ къорды йеддæмæ нæ уыд, уæддæр нæ     хъомылгæнинæгты нымæц хæццæ кодта æвдайы онг. Скъоламæ сæ-иу рауагътам тынг цæттæйæ. Кусгæ та кодтам æхсæвæй-бонæй, уымæн æмæ нæм цыдысты лентуафджыты цот. Æртыккаг сменæйы-иу куы уыдысты, уæд сæ хъуамæ цы фæкодтаиккой.

Стæй уæд райдыдтой ивгъуыд æнусы нæуæдзæм азтæ. Хистæр фæлтæр æй хорз хъуыды кæндзæн, цы зын рæстæджытæ скодта, уый. Нал уыдис æртыккаг сменæ. Кусджыты, сывæллæтты нымæц дæр фæкъаддæр. Уыдон дæр-иу цы бахордтаиккой, уый нæ уыдис, æмæ нæхицæй хастам продукттæ: чи картоф, чи хъæдур — кæмæ цы уыдис, уый, суанг зетийы онг. Архайдтам, цæмæй сывæллæттæ ма банкъарой уыцы рæстæджы æууæлтæ. Æхца дæр нын чи лæвæрдта продукттæ æлхæнынæн!

Рæзгæ фæлтæр уыдис нæ бар, æмæ быхстам алцæмæн дæр. Ахæм дзурджытæ дæр ма нын уыдис, уæхи цы тухæнæй марут, уæддæр уæ тагъд æхгæнгæ кæндзысты, зæгъгæ. Уыдонæн та-иу загътон афтæ: “Цалынмæ æз ам кусон, уæдмæ нæ ничи сæхгæндзæн”. Гыццылгай паддзахад фæстæмæ йæхиуыл схæцыд, мах дæр сабыргай фæцардхъом стæм. Суанг ма нын рæвдауæндоны бæстыхай дæр сцалцæг кодтой. Фæлæ азæй-азмæ æдзæллагмæ æрцыдис, æмæ мын ныр тынг æхсызгон у, кæд уым нал кусын, уæддæр, астæуккаг скъолайы кæрты сывæллæтты ног рæвдауæндон кæй аразынц, уый. Цас удæнцой сын уыдзæн!

Пенсимæ   куы рацыд Катя, уæддæр ма цалдæр азы бакуыста хъомылгæнæгæй. Узæлыд сабитыл, раст цыма йæхи хъæбултæ уыдысты, афтæ. Уæвгæ сæм абон дæр ахæм зæрдæйы ахаст дары. Катяйы куы бафарстон, æртын аст азы сывæллæтты хъомыладæн кæй балæвар кодта, ууыл фæсмон нæ кæны, зæгъгæ, уæд мын афтæ:

— Куыд хъуамæ фæсмон кæнон? Æз сæ ныртæккæ дæр мæ фыны тынг арæх уынын. Уды гагайы хуызæн, зондджын сабитæ нæм уыд. Куы мæ фенынц, уæд мыл фæцин кæнынц. Сæ æнтыстдзинæдтæ дæр мын сты æхсызгон.

Æхсæнадон куыстæй дæр йæхи дард никуы аласта Катя. Фынддæс азы дæргъы уыдис Кæрдзыны хъæусоветы депутат. Йæ бирæ фыдæбæттæн ын лæвæрд æрцыд майдан «Фæллойы ветеран». Цух нæу Кады гæххæттытæй дæр.

Разы у Катя йæ кæстæртæй, стæй йæ чындз Елдзарты Иваны чызг Ельминæйæ:

— Чындзæй тынг амондджын фæдæн. 13 азы цæрæм иумæ æмæ нырма зулцæстæй дæр никуы бакастыстæм кæрæдзимæ. Нæ ныхас иумæ бады, нæ хъæстытæ дæр кæрæдзийæн фæдзурæм. Мæн чи уарзы, уымæ дæр ахæм ног бинойнаг йæ хæдзармæ бакувæд.

Мах дæр Катяйæн йæ профессионалон бæрæгбонимæ кæнæм зæрдиаг арфæ! Йæ бинонты рухсæй æфсæст уæд!


 

  

Тылаттаты Светланæ.