Мæ уарзон æмхъæуккæгтæ, мæ зынаргъ районы цæрджытæ!
Зæрдиаг арфæ уын кæнын Республикæйы кадджын бæрæгбонимæ! Мах неппæт дæр сæрыстыр стæм ацы дзæнæты бынатæй. Уадз æмæ дзы цард цæджджинагау фыца! Уый та аразгæ у неппæтæй дæр. Иумæ æрбалæууæм æнгомдæр æмæ, кæрæдзийæн æххуысгæнгæйæ, тындзæм размæ! Уæ алкæйы бинонтæм дæр амонд йæ мидбылты худæд! Хуыцауы æвджид ут, йæ хорздзинæдтæй — хайджын! Нæ республикæ та хъæздыгæй-хъæздыгдæр, рæсугъдæй-рæсугъддæр кæнæд!
Авлохты Валери,Комсомольскы хъæуы сæргълæууæг.