С днем Республики!
Зæрдиаг арфæ кæнын Республикæйы Боны фæдыл не 'мхъæуккæгтæн æмæ нæ районы æппæт цæрджытæн! æАцы бæрæгбон нысан кæны бирæнацион Ирыстоны цæрджыты æнæфехæлгæ хæлардзинад, æнгом цард æмæ сæ иудзинад, нæ райгуырæн зæххы хорздзинадыл сæ иумæйаг тыхст, нæ республикæйы æнтыстытæ æмæ сгуыхтытæм раздæры фæлтæртæ цы аккаг æвæрæн бахастой, уыцы фæлтæрты фидар бастдзинад.Уадз æмæ нæ иумæйаг æнувыд архайд, нæ сыгъдæгзæрдæ фæллой æмæ фидæны фæлтæрты раз нæ бæрнондзинад суой нæ райгуырæн республикæйы дарддæры рæзты æмæ рацарæзты фидар бындур! Мæ зæрдæ уын зæгъы сабырдзинад, æмзæрдæдзинад, фæрныгад æмæ бинонты амонд!
ПЛИТЫ Вадим, Ираны хъæуы сæргълæууæг.