Методикон фембææлд
Æрæджы Елхоты хъæуы рæвдауæндон «Уадындз»-ы арæзт æрцыд методикон фембæлд проект «Аудиобалц аргъæутты бæстæмæ»-йы сæргълæуджытимæ, республикæйы рæвдауæндæтты хъомылгæнджытимæ æмæ сабиты ныййарджытимæ.
Гом мадзал бацæттæ кодта ирон æвзаджы ахуыргæнæг Милдзыхты Замирæ йæ хъомылгæнджытимæ. Замирæ бацамыдта фембæлды архайджытæн, мобилон æфтауæн «Ирон чиныг»-ы æрмæгæй, ирон æвзаджы ныхасы рæзтыл ахуыртæ аразгæйæ, спайда кæнын цы мадзæлттæй ис, уый. Сывæллæттимæ равзæрстой аргъау «Зæронд бирæгъ».
Фембæлды ныхасы бар ракуырдтой сабиты ныййарджытæ дæр. Уыдон загътой бузныг проекты автор Гæбæраты Æхсарæн.
Тынг райгонд сты æфтауæны æрмæгæй, фæлæ сæм ис курдиат, цæмæй ма йæм бахæссой ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ дæр.
Проекты разамонæг Чсиаты Татьянæ бафиппайдта, Замирæйы дæнцæг фæлхатгæнгæйæ, проектыл кусæг хъомылгæнджытæ сæ куыст вазыгджындæр æмæ мидисджындæр кæй фæкæндзысты, уый.
Мадзал рауадис тынг цымыдисаг. Иууылдæр дзы баззадысты разыйæ.
СУГЪАРАТЫ Елизаветæ.
Авторы ист къам.