Новости

С праздником вас!!!

Сæрды фыццаг бон, куыд дунейы бирæ бæстæты, афтæ Уæрæсейы дæр бæрæггонд цæуы сывæллæтты хъахъхъæныны Дунеон бон. Ацы зæрдæмæдзæугæ бæрæгбон баиу вæййы сывæллæтты æнæмæтдæр рæстæг — каникулты райдайæнимæ. 1 июнь ма нын нæ зæрдыл æрлæууын кæны, алкæцы сывæллоны сабидуг дæр æхсызгон, æнæферохгæнгæ æмæ амондджын кæй хъуамæ уа, уый. Сывæллæттыл аудын, сæ ахуырад, сæ удварн æмæ се уæнгты хъаруйы рæзтæн ахъаз кæнын мах, хистæрты, хæс у. Нæ царды сæйрагдæр хъомыс сабитæ сты. Уыдоны æрмæст нæхи фидæн нæ уынæм, фæлæ уыдонæй аразгæ уыдзæн Ирыстон æмæ æппæт Уæрæсейы фидæн дæр.

Мæ зынаргъ æвзонг хæлæрттæ! Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, хурджын сæрд, хорз фæлладуагъд æмæ зæрдылдарæн фембæлдтытæ!


 

ДЫГУРЫ Зелим,

Хъахъхъæдуры хъæуы сæргълæууæг.