С праздником вас!!!
Цæмæй нæ бæстæйы æвзонг цæрджытæ рæзой æцæг патриоттæй, цæмæй æмхиц уой сфæлдыстадмæ, цæмæй фæразон уой зындзинæдтæн, уый тыххæй сывæллон хъуамæ йæхиуыл æнкъара ныййарджыты, хъомылгæнджыты, ахуыргæнджыты, æппæт æмвæзады разамонджыты аудындзинад. Не 'ппæт дæр — ныййарджытæ, хъомылгæнджытæ, ахуыргæнджытæ — хъуамæ æмбарæм: сабийы амондæн бирæ нæ хъæуы — уарз æй, уарзондзинад та у лæмбынæг цæстдард æмæ аудындзинад. Рох нæ ма уæд, нæ царды рæсугъддæр æнкъарæнтæ нæ сабибонты, ныййарджыты хæдзары кæй бавзæрстам, уый.
Уадз æмæ æппæт Ирыстоны иудадзыгдæр хъуыса сывæллæтты хъæлдзæг худт!
ПЛИТЫ Вадим,Ираны хъæуы сæргълæууæг