Бæрæгбоны арфæтæ кæнын нæ хъæуы рæзгæ фæлтæрæн æмæ сæ ныййарджытæн!
Хуыцау нын уыцы амонд радтæд, нæ кæстæртæй фидар æмæ ныфсджын куыд уæм! Афæдзæй-афæдзмæ фылдæр кæнæнт, æнæнизæй, зæрдæрухсæй рæзæнт!
Ацы дунейы цы хорздзинæдтæ ис, уыдонæй хайджын уæнт! Сæ рæсугъд фæндтæ сæ къухты бафтæнт! Мах та сæ сæрыстыр куыд уæм! Нæ зынаргъ сабитæ! Тырнут царды алы къабæзты бæрзонд къæпхæнтæм схизыныл! Уæ фидæн та абонæй амондджындæр уæд!
АВЛОХТЫ Валери,
Комсомольскы хъæуы сæргълæууæг.