Бацыдысты тохы ядерон мææлæтимæ
Æртындæс æмæ ссæдз азы размæ, 1986 азы 26 апрелы, хуыцаубоны фæссихор, срæмыгъта Чернобылы атомон электрон станцæйы (АЭС) 4-æм блок. Ядерон мæлæтхæссæг артаджы сæдæ тоннæйæ фылдæр скалд уæлдæфмæ, анхъæвзта атомон электростанцæйы кæрты дæр. Ницы уыдысты Чернобылы АЭС-ы срæмыгъды раз Семипалатинскы, Ног Зæххыл, Тоцкы ядерон хæцæнгарз фæлварыны фæстиуджытæ, Челябинскы областы горæт Озерскы куыстадон иугонд "Маяк"-ы бæллæхтæ.
Фыццаг минуттæй фæстæмæ атомон арты ныхмæ тох кæнын райдыдтой Чернобылы АЭС-ы зынгхуыссынгæнджытæ, ирвæзынгæнджытæ, æфсæддон химик-разведчиктæ æмæ дозиметристтæ, АЭС-ы хъахъхъæнджытæ, милицæйы кусджытæ, граждайнаг хъахъхъæнынады хæйттæ. Аварийы фæстиуджытæ аиуварс кæныны тыххæй запасæй æрсидтысты, æппæт Советон Цæдисæй æфсæддон службæйæн чи бæззы, 50 минмæ 'ввахс ахæм æрыгон нæлгоймæгтæм, сарæзтой сæ æфсæддон хæйттæ.
Чернобылы цæхæрыл ахызтысты Ирыстоны минæвæрттæ дæр. Уыдон уыдысты лæгдзинадæй æххæст æцæг хъæбатыртæ. Æнæзынгæ мæлæты ныхмæ чи тох кодта, уыдонæй иу у ираныхъæуккаг Мæргъиты Хъасболат.
— Мæ æфсæддон дæсныйад уыдис химик-разведчик-дегазатор. Æхсæвæй-бонæй архайдтам, цы реактор срæмыгъта, уый хъуыр сæрмагонд таддаг (сплав) æмæ здыйæ байдзаг кæныныл. Нæ хъазуатон архайд дзæгъæлы нæ уыд — мингай адæймæгты удуæлдай тохы фæрцы ядерон объекты фыдбылызы бæрц æмæ масштабтæ дзæвгар фæкъаддæр сты, — дзуры йæ мысинæгтæ Хъасболат.
Ирыстойнæгтæй уыцы фыдбылызы хабæртты чи архайдта, уыдонæй дæс æмæ дыууиссæдз адæймаджы сæ хъæбатырдзинад, фæразондзинад æмæ удуæлдай куысты тыххæй хорзæхджынгонд æрцыдыс ты ордентæ æмæ майдантæй, Уæрæсейы æмæ Ирыстоны юбилейон нысантæй. Мæргъиты Хъасболат уыцы тæссаг тохы цы стыр лæгдзинад равдыста, вазыгджын уавæрты ныфсджынæй ядерон фыдбæллæхы фæстиуджытæ иуварс кæнгæйæ, уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд Лæгдзинады орден æмæ Кады грамотæ.
Не 'мзæххонтæ, Чернобылы тæссаг уавæрты архайджытæ, ныффæрæзтой зындзинæдтæн, бирæтæ сæ ацыдысты се 'цæг дунемæ, фæлæ сæ абон не 'хсæн чи ис, уыдонмæ разындис уыцы фыдбæллæхы фæстæ цæрыны æмæ фæллой кæныны ныфс, пенсийы рацæугæйæ та сæ ис, æхсæнадон куыст чи кæны, ахæмтæ дæр, фæнды сæ Ирыстонæн дарддæр пайдайаг уæвын.
Абон уыдонæн сæ фылдæр сты тыннизæй инвалидтæ. Дыккæгæм къорды инвалид у Мæргъиты Хъасболат дæр. Мах хъуамæ æдзухдæр нæ зæрдыл дарæм уыцы æнæзынгæ фронты архайджыты хъæбатырдзинад. Æхсæнады хæрзаудæндзинад куы 'нкъарой сæхиуыл, уæд нæ фарсмæ фылдæр азтæ фæуыдзысты ацы хъæбатыртæ.
КЪУБАЛТЫ Аркади.