Новости

Йæ бирæ кæстæртæ — йæ цин

— Бирæ азты нын дзæбæх у, Деда! — Хъахъхъæдуры хъvææуы Ныхасы сæрдар Белеккаты Эльбрус йæ хъæбысы æрбакодта ацæргæ сылгоймаджы.

— Бузныг, Зелим (ацы номæй дзурынц Эльбрусмæ хиуæттæ æмæ йæ бирæ хæлæрттæ), дæ аудындзинадæй абон дæр райгонд дæн.

Хуыбылты Тамарæ фæсхохæй ацы хъæубæстæм куы æрцыд, уæдæй фæстæмæ йæхи бауарзын кодта адæмæн йæ фæллойуарзондзинад æмæ хæрзæгъдауæй. 1973 азæй суанг пенсимæ рацæуыны онг фæкуыста бынæттон колхозы хъугдуцæгæй. Фосдарджыты коллективы уæнгтæ йæ иууылдæр хуыдтой «Деда», йæ ном ын цыма рох фæкодтой. Абон дæр æм уыцы номæй дзурынц.

Рæстæг цæуы, фыдæбонджын сылгоймаг акаст йæ 90 азы сæрты. Уыцы кадджын юбилей сбæрæг кæнынмæ йæм æрбацыдысты бирæ хиуæттæ æмæ къабæзтæ, сыхбæстæ. Сæмбæлдысты Тамарæйы юбилейы районы ветеранты Советы сæрдар Басаты Светланæ, Кировы районы адæмæн социалон æххуысы Комплексон центры дыккæгæм хайады сæргълæууæг Къубалты Мæдинæ. Стæй афтид армæй нæ — районы хъæууон хæдзарады райрæзтмæ стыр бавæрæн кæй бахаста, уый тыххæй æмæ йæ 90 азы юбилейы кадæн сылгоймагмæ Арфæты фыстæг зæрдылдарæн лæвæрттимæ арвыста муниципалон равзæрд Ки-ровы районы Администрацийы Сæргълæууæг Батиаты Хъазыбег.

Райгонд у абон Тамарæ йæ бирæ кæстæртæй: æртæ лæппуйы æмæ иу чызг, уыдоны цот сты дæс, сæ цоты цот та — иуæндæс. Буц дарынц Дедайы, авгау ын æрхауынæй тæрсынц.

Фылдæр дæ чи уарзы, уыдоны арфæтæ дыл æрцæуæнт, Тамарæ!


АЛАНТЫ С.