Новости

Иууылдæр кодтой бæрнон ныхас

Раздæр куыд хъусын кодтам, афтæмæй 2018 азы 25 августы ацыдис ирон адæмы Х съезд. Архайдтой дзы 300 делегаты Ирыстоны дыууæ хайæ, Уæрæсейы алы регионтæй, хæстæг æмæ дард фæсарæнтæй. Уымæй уæлдай 150 хуынд уазæджы.

«Иры Стыр Ныхас» æвзæрст куы æрцыд, уæдæй абонмæ архайы нæ адæмы иудзинад æмæ хиæмбарынадыл. Чысыл не сты, 25 азмæ ацы æхсæнадон змæлдæн йæ къухы цы æнтыстдзинæдтæ бафтыд, уыдон. Зæгъынæн æгъгъæд у уый дæр, æмæ Уæрæсейы Федерацийы фылдæр регионты арæзт кæй æрцыд ирон национ-культурон центртæ, диаспорæтæн та стыр бастдзинад  фæзынд сæ райгуырæн Ирыстонимæ. Афтæ хæстæг æмæ дард фæсарæнты цæрæг ирæттæн дæр.

Ирон адæмы Х съезд Хуссар Ирыстоны арæзт кæй æрцыд, уымæн ис стыр нысаниуæг. Ивгъуыд хуыцаубоны, 26 августы, сæххæст 10 азы, Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстон хицæн паддзахадыл куы банымадта, ирон адæмæн уыцы егъау æмæ ахсджиаг цауыл. Иу хатт ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм: 2008 азы 8 августы сæнтдзæф президент Саакашвилийы разамындæй Гуырдзыйы æфсад балбирæгътау Иры зæхмæ куы бабырстой, уæд нæ адæмы сæрыл рахæцыд домбай Уæрæсе. 1989 азы Гамсахурдиайы æрдонгтæн цы нæ бантыст, уый сæ фæндыд, ома ирæтты сæ фыдæлты зæххæй фæсурын æмæ сын сæ бæркадджын хуымтæ, зад дыргъдæттæ, хæзнаджы хæхтæ сæхи бакæнын. Нæ сын бантыст…

Ручъы æфцæгыл Ирыстоны хуссар хаймæ цæугæйæ, адæймаджы цæст æрхæцы хохы фахсыл егъау дамгъæтæй фыст ныхæстыл: «Бузныг, Уæрæсе!». Уый дзæгъæлы нæу. Ацы фæндагыл батагъд кодтой Уæрæсейы æфсæдтæ Хуссар Ирмæ æххуысмæ. Уыдон бирæгъты дзыхтæй фервæзын кодтой ирон адæмы. Уæдæй нырмæ рацыд, уæлдæр куыд бахахх кодтам, 10 азы. Уыцы юбилейы кадæн, Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы фæндонмæ гæсгæ, ирон адæмы Х съезд арæзт æрцыд Цхинвалы. Ууыл æхсызгонæй сразы сты Ирыстоны дыууæ хайы цæрджытæ.

…Съезд байгом Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй Уæрæсейы Федерацийы гимнтæй. «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан фыццаг ныхасы бар радта Бибылты Анатолийæн. Цыбыр, фæлæ мидисджын уыдис йæ раныхас Паддзахад Аланийы Президентæн йæ мадæлон  æвзагыл (съезд йæ райдианæй йæ кæронмæ уыдис иронау). Уый ма иу хатт съезды архайджытæн сæ зæрдыл æрлæууын кодта дæс азы размæйы цаутæ: куыд дæрæн кодтой Гуырдзыйы æфсад Цхинвал æмæ ирон хъæутæ «Град»-тæ æмæ «Ураган»-тæй, куыд мардысты сывæллæттæ, сылгоймæгтæ æмæ зæрæдтæ, райгуырæн зæхх хъахъхъæнджытæ, сабырдзинад тауæг Уæрæсейы батальоны салдæттæ. Уый уыдис нæ адæмы æцæг геноцид.

Æниу уый фыццаг  ахæм цау нæ уыд. 1920 азы Гуырдзыстоны уæды меньшевикты хицаудзинады бардзырдмæ гæсгæ инæлар Джугъелийы  æфсæдтæ арт бандзæрстой Хуссар Ирыстоны хъæутыл. Мардтой цæрджыты, тæлæт сын кодтой сæ фос, давтой сын сæ исбон. Дæсгай минтæй цæуынц нымад, чи бабын, уыдон, бирæтæ сæ райгуырæн зæхх ныууагътой æмæ æрбынæттон сты Цæгат Ирыстоны, чидæртæ та — Уæрæсейы.

— Нæ тых нæ иудзинады кæй ис, уый хъуамæ алчидæр æмбара, — дзырдта Бибылы-фырт. — Уый куы æмбарæм, уæд нын цыфыддæр знаг дæр ницы бакæндзæн. Афтæ уыдис, ивгъуыд æнусы нæуæдзæм азты райдианы нæ цæгатаг æфсымæртæм мæхъæлон экстремисттæ куы бабырстой, уæд. Афтæ уыдис дæс азы размæ, нæ цæгатаг æфсымæртæ нæ фарсмæ куы æрбалæууыдысты æмæ гуырдзиаг националистты нæ зæххæй куы фæсырдтам, уæд. Нæ адæмы бæллиц уыдис хæдбар суæвын, æмæ нын уый бантыст Стыр Уæрæсейы фæрцы. Уæрæсейы Федерацийы уæды Президент Дмитрий Медведев цы Указ бафыста, уымæ гæсгæ нæ бæстæ — Хуссар Ирыстон — нымад æрцыд хæдбар паддзахадыл…

Мидисджын уыд йæ раныхас Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн. Уый зæрдиаг арфæ ракодта съезды делегаттæн æмæ хуынд адæмæн. Сеппæты дæр бафæдзæхста Иунæг Кадджын Стыр Хуыцау æмæ йе сконд зæдтыл. Стæй загъта:

— Ирон адæмы цард æнусæй-æнусмæ фидар баст уыдис хистæрты фарныл æмæ хистæрты рæсугъд æгъдауыл. Нæ хистæрты ныхасæн кæддæриддæр уыдис аргъ æмæ кад. Сæ уынаффæ-иу уыд раст. Нæ фыдæлтæн сæ иумæйаг уынаффæдон уыд Ныхас. Уым-иу лыг кодтой комы, хъæуы цардимæ баст иумæйаг фарстатæ. Абон та «Иры Стыр Ныхас»-ы мæт у нæ дзыллæйы хъысмæт. Сымах стут уыцы адæм, кæцытæ нæ бавгъау кæндзысты сæ зонындзинæдтæ нæ иумæйаг Ирыстоны алывæрсыг райрæзтæн.

— Йæ адæмы сæрыл-иу барджын ныхас зæгъын кæмæн уыд, уыцы фæрнджын, дардмæ уынаг, зондджын лæгты ныхасмæ нæ адæм уыдысты хъусаг, — дзырдта Битары-фырт. — Уыдоны уынаффæмæ уыд сæ каст цыфæнды рæстæджы дæр. Мæ зæрдæ дарын сымахыл. Уырны мæ, ацы съезды цы фæндтæ æмæ уынаффæтæ рахæссат, уыдон нæ адæмы бæллиццаг  æмæ рухс фидæнæн кæй фæахъаз уыдзысты…

…Лæмбынæг хъуыстой съезды делегаттæ æмæ хуынд адæм «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Русланы доклад æмæ йæ хæдивæг Хуссар Ирыстоны Гаглойты Роберты æмдокладмæ. Сæ сæйраг хъуыды  — ирон адæмы иудзинад. Æмæ уый хуымæтæджы нæу. Мах нæхи кæддæриддæр æнкъардтам иу адæмыл: нæ уидæгтæ, не 'взаг, нæ культурæ сты иу. Фæлæ, хъыгагæн, ирон адæм сæ равзæрдæй фæстæмæ гуыргъахъхъ фæндæгтыл фæцыдысты. Тæтæр-монголы ныббырст, къуылых Тимуры фыдмитæ, ивгъуыд æнусы дыууæ фæлтæры Хуссары геноцид Гуырдзыстонырдыгæй æмæ мæхъæлы ныббырст цæгаты.  Иу  заман  ирæтты  нымæц,  ахуыргæндты нымадмæ гæсгæ, 20 мин адæймагæй фылдæр нал уыд. Хуыцауæн табу, нæ куырыхон фыдæлтæ разындысты дардмæ уынаг. Уыдон хорз æмбæрстой, адæмыхатт фервæзынгæнæн кæй ис æрмæстдæр Стыр Уæрæсеимæ баиуы фæрцы. Уыцы хъысмæтхæссæг цау æрцыд 234 азы размæ æмæ ахъаз фæцис нацийы дарддæры рæзтæн. Ирон æвзаг, ирондзинад фæстæмæ сæ гаччы сбадын кæныныл уæхскуæзæй бакуыстой нæ адæмы хуыздæртæ. Фехъуыст сæм æнæмæлгæ Къостайы сидт: «Цæйут æфсымæртау радтæм нæ къухтæ/Абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ…»

Гуырысхойаг нæу, кæйдæрты тынг фæнды, Ирыстон куы нал уаид, уый. Ахæмтимæ тох кæны Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас». Уый афтæ у, фæлæ нæхи 'хсæн цытæ цæуы, уыдонмæ лæмбынæг æркæсын хъæуы. Зæгъæм, ирон ныййарджытæй йæ сывæллоны ирон æвзаджы урочытæм чи нæ уадзы, ахæмты цы схонæн ис? Цымæ уыдон æмбарынц, ирон Æвзаг, ирон Æгъдау куынæ уал уой, уæд Ирыстон сæфтмæ цæуы, уый? Уæд чифæнды цæрæд уыцы зæххыл. Ирон ныхас куы нал хъуыса, ирон хъомылады фæрцы ирон зондахаст куы нал фидар кæнæм, уæд, Хуыцау бахизæд, Ирыстон бынсæфт кæй фæуыдзæн, уый у  хъуыдыйаг.

Мæнмæ гæсгæ, нæ нацийы ныхмæ чи цæуы, уыдон нæхи мидæг сты. «Адæймаг æхсæнады мидæг цæры, æмæ хъуамæ йæ уаг, йæ митæ æнцайой уыцы æхсæнады æгъдæуттыл. Уыдон сты тынг вазыгджын, зын æххæстгæнæн, фæлæ се стыр мидис, сæ арф хъуыды дæр  уый мидæг ис», — фыста æрæджы газет «Рæстдзинад»-ы «Иры Стыр Ныхас»-ы  сæрдар Кучиты Руслан. Уыцы хъуыдыйæ  аппарæн ницы ис. Нæ адæм фæлтæрæй-фæлтæрмæ кæрæдзи ивгæйæ нæм абонмæ æрхастой сæ сыгъзæрин хæзнатæ: Нарты кадджытæ, ирон Æвзаг, ирон Æгъдау. Хъахъхъæдтой сæ  цæсты гагуыйау, знæгтæн карз ныхкъуырд дæтгæйæ.

Ирон адæм рацыдысты лæгдзинады æмæ культурæйы фæндагыл. Бæрзонд æвæрд сæм уыдысты ахæм ахастдзи-нæдтæ, куыд  хистæр, кæстæр, нæлгоймаг, сылгоймаг, сыхы, комы цард. Ныр дæр раздæхын хъæуы уыцы фæндагмæ. Ацы хъуыддаджы хъуамæ бæрнджын уой бинонтæ, мыггаг. Уыдон сты фыццаг скъола рæзгæ фæлтæрæн мадæлон Æвзаг, нæ æрдхæрæн Æгъдау æмæ Фарн бауарзын кæнынæн. Афтæ куы уа, уæд дарддæр ацæудзæн ирон адæмы  алайнаг истори,  уæд цæрдзæн  Ирыстон æмæ йыл цин  кæндзысты  æгас  дунейы  алы  къуымты цæрæг нæ адæмы минæвæрттæ..

Æмæ ма иу хъуыды. Съезды делегат Сæлбиты Гайырбег хъыгзæрдæйæ дзырдта, сæ фыдæлты уæзæг — Тырсыгом æмæ Хъуды ком — æдзæллагмæ кæй цæуынц, уый тыххæй. Кæддæр, дыууынæм æнусы фыццаг æмбисы дæр ма, уымы бирæ ирон хъæуты цард цæджджинагау фыхти. Фæлæ гуырдзиаг националисттæ сабыргай, иугай-дыгай ирон адæмы фæсырдтой сæ фыдæлты зæххæй. Абон уыцы хъæутæ сты æдзæрæг, нал дзы хъуысы уасæджы уасын, фыййауы зарын... Гуырдзиæгтæ халынц фыдæлтыккон мæсгуытæ, дæрæн кæнынц уæлмæрдтæ. Нал уадзынц ирон адæмы сæ фыдæлты ингæнтæм, сæ кувæндæттæм…

Нæ фыдæлтæ самадтой ирондзинады фидар мæсыг. Хъыгагæн, нæ нацийы иуæй-иу минæвæртты аххосæй уыцы гæнах хæлы, нæхи ир, дыгур, къуыдар, туал, чысаныл кæй дих кæнæм, уый аххосæй. Ууыл карз ныхас цыдис ирон адæмы Х съезды. Рахаст уынаффæты лæмбынæг амынд цæуынц иудзинадмæ фæндæгтæ. Цæмæй сыл уæндонæй ацæуæм, кæрæдзийы хуыздæр бамбарæм, бахъуаджы сахат кæрæдзийæн æххуыс кæнæм. Нæ размæ цыд уæд уыдзæни уæндон, Ирыстон та — цæхæр калгæ, куы уæм иузæрдион нæ мадæлон Æвзагыл, ирон Æгъдауыл, куы нæм уа Æфсарм…

Иу хатт ма уын уæ зæрдыл æрлæууын кæнон, нæ районæй съезды чи архайдта, уыцы делегатты нæмттæ: Басаты Светланæ, Белеккаты Эльбрус, Джыбылаты Тарзан, Дзуццаты Риммæ, Куыдзеты Геннади, Моргуаты Эдислав æмæ ацы рæнхъытæ ныффыссæг


 

 Къубалты Солтан,

 Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы

Кировы районы хайады

уынаффæдоны сæрдар.