Карз тох Уæрæсейы сæраппонд
Ирон лæг кæмфæнды куы уа, цавæрфæнды мадзалы куы архайа, уæддæр æнæ 'рымысгæ нæ фæвæййы, махæн йæ туджы аргъæй сæрибар чи æрхаста, Ирыстонæн кад æмæ намыс чи скодта, уыдоны рухс нæмттæ. Алы заманты алы паддзахæдтæ сидтысты сæ фæсивæдмæ, цæмæй уыдон рæсугъдæй бафыстаиккой сæ фыртон хæс Райгуырæн зæхх хъахъхъæныны хъуыддаджы. Бахъуаджы сахат-иу адæм кæрæдзимæ æнгом æрбалæууыдысты æмæ æмдых-æмзондæй æнцондæрæй уæлахиз кодтой æрбалæбурджытыл.
Уæрæсейы иннæ адæмты æмрæнхъ удуæлдай тох кодтой Ирыс-тоны хъæбултæ дæр. Знæгтимæ уæззау хæстыты райгуырæн бæстæйы сæраппонд уыдон, сæ удтæн нæ тæрсгæйæ, размæ бырстой сæ риуты æмбæрц. Бирæтæ дзы систы кадджыты хъайтартæ, райстой бæрзонд æфсæддон цинтæ — булкъонтæ, инæлæрттæ. Сæ хъæбатырдзинады фæрцы нæ кæстæртæй бирæтæ систы сыгъдæг Георгийы дзуары кавалертæ. Профессор Дзагуырты Галинæйы чиныг «Под российскими знаменами» куы рафæлдахай, уæд зæрдæйæн стыр цин æрхæссы. Нæ разагъды сгуыхт лæгты къамтæм æмæ номхыгъдтæ кæсгæйæ, адæймагмæ сæвзæры æгæрон сæрыстырдзинад.
Ирыстоны кады мæсыгыл иу дур чи бафтыдта, уыцы сахъгуырдтæм хауы елхотаг Агънаты Ахмæты фырт цæхæрцæст Сослæнбег (мады номæй Къозе). Уый райгуырд 1852 азы зæхкусæджы хæдзары. Йе 'мхъæуккаг сабитæй ницæмæй хицæн кодта. Сослæнбегæн дæр йæ сыхæгтау уыдис бæгъæмвад, бæгъæмсар сабидуг. Куыд-иу дзырдтой, арв йæ хæдон уыд, зæхх — йæ дзабыртæ. Афтæмæй куыста хæдзары дæр æмæ быдыры дæр. Йæ бон цас уыд, уымæй йæ фыды арм рогдæр кодта…
Уæрæсе æмæ Турчы æхсæн хæст куы райдыдта (1887 аз), уæд Сослæнбег бацыд йæ тæккæ лæппуйы кары. Бархийæ ацыд паддзахы æфсадмæ. Стæй уæд йæ фæндаг уыдис Дунайы хæстмæ. Хъахъхъæдта хуссар-славяйнаг адæмты хæдбардзинад. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та, архайдта Болгарийы адæмы туркаг цагъары къæлæты бынæй фервæзын кæныныл тыхгæнæг интернационалон æххуысгæнæг æфсады рæнхъыты.
Сослæнбеджы сгуыхтдзинæдтæ бирæ сты, фæлæ, хъыгагæн, сæ хабæрттæ сегас махмæ не 'рхæццæ сты, нæ сæ зонынц йæ байзæддæгтæ дæр. Æрмæст ын сыгъдæг Георгийы цыппар дзуары цæй тыххæй саккаг кодтой, уыдонæй иу цау уыдис ахæм: знаджы чъылдыммæ бацæуын хъуыд сгарæг, цæмæй бæрæггонд æрцыдаид, туркæгты фидæрттæ кæм æмæ куыд æвæрд сты, цавæр тыхтæ сæм ис стæй цы фæндтæ, уый. Цыбыр дзырдæй, хъуыд «æвзаг» самал кæнын, æмæ уыцы хæс бакодтой Агънайы-фырты бар. Къозе цалдæр æмбалимæ ацыд «цуаны», æмæ йæ къорд фæстæмæ раздæхт æмгъуыдæй раздæр. Уæрæсейаг бæрæгдзаутæ сæ разæй æрбакодтой цыппар туркаджы, сæ иу афицер, афтæмæй. Бирæ ахсджиаг æфсæддон сусæгдзинæдтæ раргом кодтой уырыссæгтæн, кæцытæ сын стыр ахъаз фесты сæ ног ныббырстæн.
Афтæ иу сгуыхтæй иннæмæ цыдис Къозе, фылдæр кодтой йæ хæрзиуджытæ. Хæсты кæронмæ йæ фæтæн риуыл цæхæртæ калдтой, уæлдæр ма йæ куы загътам, сыгъдæг Георгийы цыппар дзуары — уæды рæстæджы бæрзонддæр паддзахадон хæрзиуæг…
Елхоты сæрæнгуырдтæй, Къозейæ дарддæр, иу къорд архайдта Дунайы хæсты. Ахъаззаг лæгдзинæдтæ равдыстой Адырхаты Боборц, Карсанты Гуман, Агънаты Асæх, Карсанты Пси, Габысаты Æмзорыхъо, Едзаты Тего, Тотыккаты Алихан, Габысаты Гуыргъохъо, Къубалты Созе, Сæлбиты Дзантемыр, Бызæты Хъылцыхъо. Агънаты Сослæнбеджы сгуыхтдзинæдты тыххæй уæлдæр радзырдтам. Уымæй дарддæр сæ хъæбатырдзинады тыххæй дыгай Георгийы дзуæрттæ райстой Алихан æмæ Боборц, иугæйттæ — Тего æмæ Хъылцыхъо, Къубалты Дзедайæн та лæвæрд æрцыд æвзист майдан…
Сæ райгуырæн Елхотмæ Дунайы хæстæй æрбаздæхтысты Тотыккаты Алихан, Адырхаты Боборц, Бызæты Хъылцыхъо, Къубалты Дзеда. Дзеда ма уырдыгай æрбахаста йæ сыхаг Габысаты Æмзорыхъойы хæрзиуджытæ æмæ хæцæнгæрзтæ — Габысаты мыггагæн сæрыстырдзинады æвдисæнтæ.
Агънаты Сослæнбеджы зарæг
Ой, ой, ой, Арыхъы сæрмæ сагхизæн рагъæй,
Ой, цæргæсау ратахт хæххон сау барæг.
Ой, ой, бæрзонддæр сисæм елхотаг лæппу,
Ой, Сослæнбегæн йæ кады зарæг.
Ой, ой, ой, Дунайы хæсты Иры фæсивæд,
Ой, Агънаты Сослæнбег афтæ бадзуры:
Ой, ой, лæгдзинад махæн фыдæлтæй баззад,
Ой, æртухут ма мыл нæ полчъы тырыса.
Ой, ой, ой, æз æй бахизон зна-джы къухтæй.
Ой, йæхæдæг, зæгъы, йæ бæх æрцавта,
Ой, ой, æмæ та ногæй уæззау тохы бон,
Ой, Нарты Сосланау знæгты цагъта.
Ой, ой, ой, бæсты сæраппонд мæлæтдзаг тохы,
Ой, Сослæнбеджы æхсаргард цæхæртæ калдта,
Ой, ой, цыппар хæстоны фыдгулы æфсадæй,
Ой, ехсæй нæмгæйæ, уацары тардта.
Ой, ой, ой, Сослæнбег йæ цæфтæ бæргæ нымайы,
Ой, æрмæст ын, оххай, нымад нæ фесты,
Ой, ой, Сослæнбеджы риуæй цæхæртæ калдтой,
Ой, паддзахы хорзæх — цыппар къресты.
Æрмæг бацæттæ кодта
Къубалты Солтан.